Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цымӕ Йесо Чырысти Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у?

Цымӕ Йесо Чырысти Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у?

Дзуапп Библийӕ

 Йесойы йе знӕгтӕ аххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, афтӕ дзуры, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, мӕнмӕ дӕр ахӕм бартӕ ис (Иоанны 5:18; 10:30–33). Фӕлӕ Йесо йӕхи Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы ӕмсӕр никуы кодта. Йӕхӕдӕг загъта: «Мӕ Фыд мӕнӕй уӕлдӕр у» (Иоанны 14:28).

 Йесойы йӕ фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ дӕр Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы ӕмсӕр нӕ хуыдтой. Зӕгъӕм, апостол Павел фыста, зӕгъгӕ, Хуыцау Йесойы куы райгас кодта, уӕд ӕй «ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта». Уӕдӕ бӕрӕг у, Павел Йесойы Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауыл кӕй нӕ нымадта. Ӕцӕгдӕр, Йесо Ӕппӕтхъомысджын куы уыдаид, уӕд уымӕн гӕнӕн куыд уыд, цӕмӕй йӕ Хуыцау ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдтаид? (Филиппӕгтӕм 2:9).