Раргомад 5:1—14

5  Паддзахбадӕныл+ чи бадти, уымӕн йӕ рахиз къухы федтон, дыууӕрдыгӕй+ дӕр фыстытӕ кӕуыл уыдис, ахӕм тыхтон. Тыхтоныл ӕвӕрд уыди+ авд мыхуыры.  Ӕмӕ федтон иу тыхджын зӕды хъӕрӕй дзургӕ: «Чи у ацы тыхтоны мыхуыртӕ сисыны ӕмӕ йӕ байгом кӕныны аккаг?»  Фӕлӕ нӕдӕр уӕларвыл, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр зӕххы бын ничи разынд ахӕм, ӕмӕ тыхтон байгом кодтаид ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый федтаид.  Ӕмӕ уӕд ӕз бирӕ фӕкуыдтон, уымӕн ӕмӕ ничи разынд уый аккаг, цӕмӕй тыхтон байгом кодтаид ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый федтаид+.  Фӕлӕ мын хистӕр лӕгтӕй иу загъта: «Ма ку. Мӕнӕ Домбай Иудӕйы+ мыггагӕй, Давиды+ бындзӕфхад+, фӕуӕлахиз+, ӕмӕ уый сисдзӕн тыхтоны авд мыхуыры ӕмӕ йӕ байгом кӕндзӕн».  Ӕмӕ федтон, паддзахбадӕны+ раз ӕмӕ цыппар херувимы ӕмӕ дыууын цыппар хистӕр лӕджы+ ’хсӕн кӕй лӕууыд уӕрыкк+ – уыди, цыма йӕ ӕргӕвдгӕ акодтой+, уый хуызӕн. Уӕрыккӕн уыдис авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты – уыцы цӕстытӕ сты, ӕгас дунемӕ дӕр ӕрвыст чи ’рцыд, Хуыцауы уыцы авд ӕнӕуынгӕ тыхы+.  Уӕрыкк бацыд ӕмӕ, паддзахбадӕныл чи бадт+, уымӕн йӕ рахиз къухӕй тыхтон райста.  Тыхтон куы райста, уӕд цыппар херувимы ӕмӕ дыууын цыппар хистӕр лӕджы+ Уӕрыччы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Хистӕр лӕгтӕй алкӕмӕ дӕр уыди дыууадӕстӕнон фӕндыр+ ӕмӕ будӕй йедзаг сызгъӕрин къустӕ – уыцы буд+ ӕвдисы сыгъдӕджыты куывдтытӕ+.  Ӕмӕ зарыдысты ног зарӕг+: «Ды дӕ уый аккаг, цӕмӕй тыхтон райсай ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисай, уымӕн ӕмӕ ӕргӕвст ӕрцыдтӕ ӕмӕ дӕ тугӕй+ Хуыцауӕн+ балхӕдтай+ адӕймӕгтӕ алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй 10  ӕмӕ сӕ скодтай нӕ Хуыцауы+ паддзӕхтӕ+ ӕмӕ сауджынтӕ+, ӕмӕ уыдон зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ»+. 11  Ӕз акастӕн ӕмӕ фехъуыстон, паддзахбадӕны алыварс ӕмӕ херувимты ӕмӕ дыууын цыппар хистӕр лӕджы алыварс цы бирӕ зӕдтӕ лӕууыди, уыдоны хъӕлӕс. Уыцы зӕдтӕ уыдысты милуантӕ+ ӕмӕ мин-минтӕ+. 12  Уыдон хъӕрӕй дзырдтой: «Кӕй аргӕвстой+, уыцы Уӕрыкк уый аккаг у, цӕмӕй райса тых, хъӕздыгдзинӕдтӕ, зонд, хъомыс, намыс, кад ӕмӕ арфӕ»+. 13  Ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты, зӕххыл, зӕххы бын+ ӕмӕ денджызы мидӕг Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдон се ’ппӕт дӕр, о, се ’ппӕт дӕр, кӕй дзырдтой: «Паддзахбадӕныл чи бады+, стыр тыхы хицау чи у, уымӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн+ уӕд арфӕ, кад+ ӕмӕ намыс+ ӕнусӕй-ӕнусмӕ». 14  Ӕмӕ цыппар херувимы дзырдтой: «Аммен!» Хистӕр лӕгтӕ+ та сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ Хуыцауӕн бакуывтой+.

Фиппаинӕгтӕ