Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библийы Марийӕйы тыххӕй цы фыст ис?

Библийы Марийӕйы тыххӕй цы фыст ис?

 Дзуапп Библийӕ

 Библийы фыст ис, Марийӕмӕ стыр кад кӕй ӕрхауд – уыди Чырыстийы мад, ӕмӕ йын райгуырд, ӕнӕвнӕлд чызг ма куы уыд, уӕд. Библийы ацы диссаджы хабары тыххӕй фыст уыди Исайы чиныджы, ӕмӕ куыд сӕххӕст, уый та Матфейы ӕмӕ Лукайы Евангелиты.

 Мессийӕйы райгуырды тыххӕй Исай йӕ пехуымпарады загъта: «Ӕрыгон сылгоймаг басывӕрджын уыдзӕн ӕмӕ йын райгуырдзӕн лӕппу» (Исай 7:14). Хуыцауы фӕндӕй Матфей йӕ Евангелийы спайда кодта Исайы пехуымпарадӕй, ома Марийӕ басывӕрджын уыдзӕн ӕмӕ йын Йесо райгуырдзӕн. Матфей куы ныффыста, Марийӕ диссаджы хуызы кӕй басывӕрджын уыдзӕн, уый тыххӕй, уӕд ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕппӕт адӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Йегъовӕ йӕ пехуымпары уылты цы загъта, уый: „Ӕрыгон сылгоймаг a басывӕрджын уыдзӕн ӕмӕ йын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ йӕ схондзысты Еммануил“, ома „Хуыцау немӕ ис“» (Матфейы 1:22, 23).

 Лука дӕр йӕ Евангелийы ныффыста, Марийӕ диссаджы хуызы кӕй басывӕрджын, уый тыххӕй. Уый ныффыста, Хуыцау йӕ зӕд Гавриилы кӕй арвыста, «ӕрыгон сылгоймаг Марийӕмӕ. Марийӕ фидыд уыди Давиды байзӕддаг Иосифимӕ» (Лукайы 1:26, 27). Марийӕ загъта, ӕнӕвнӕлд чызг кӕй у. Ӕмӕ куы фехъуыста, Йесойы, Мессийӕйы, мад кӕй суыдзӕн, уӕд бафарста: «Ӕз нӕлгоймагимӕ ӕмуат куы никуы ’рцыдтӕн, уӕд уый куыд уыдзӕн?» (Лукайы 1:34).

 Уый гӕнӕн куыд уыд, ӕмӕ ӕнӕвнӕлд чызгӕн сывӕллон райгуырдаид?

 Марийӕ басывӕрджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы, ома Хуыцауы архайгӕ тыхы фӕрцы (Матфейы 1:18). Марийӕйӕн зӕд загъта: «Иунӕг Стыр Хуыцау дыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруадздзӕн ӕмӕ дӕ йӕ хъаруйы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн. Гъе уый тыххӕй, цы лӕппу дын райгуыра, уый хондзысты Хуыцауӕй ӕрвыст, Хуыцауы Фырт» b (Лукайы 1:35). Хуыцау йӕ Фырты цард уӕларвӕй диссаджы хуызы рахаста Марийӕйы хуылфмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй басывӕрджын.

 Йесо цӕмӕн хъуамӕ райгуырдаид, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи не ’рцыд, ахӕм чызгӕн?

 Хуыцау Йесойы мадӕн равзӕрста ӕнӕвнӕлд чызджы, цӕмӕй бӕрӕг уыдаид, ӕнӕххӕст фыды Фырт кӕй нӕу, фӕлӕ Хуыцауы Фырт. Моймӕдзыд сылгоймагмӕ куы ’рхаудаид уыцы кад, уӕд та уый алкӕддӕр дызӕрдыггаг уыдаид. Йесо алцӕмӕй ӕххӕст кӕй уыдаид, уый фӕрцы адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид (Иоанны 3:16; Дзуттӕгтӕм 10:5). Хуыцау йӕ Фырты цард уӕларвӕй рахаста Марийӕйы хуылфмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых Йесойы бахъахъхъӕдта, цӕмӕй йӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад ма рахастаид (Лукайы 1:35).

 Уымӕ гӕсгӕ, Йесо куы райгуырд, уӕд уыди ӕххӕст адӕймаг, Адам тӕригъӕд куы нӕма сарӕзта, уӕд куыд ӕххӕст уыди, афтӕ. Библийы Йесойы тыххӕй фыст ис: «Иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта» (1 Петры 2:22). Йесо ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй балхӕнын (1 Коринфӕгтӕм 15:21, 22; 1 Тимофеймӕ 2:5, 6).

 Цымӕ Марийӕ нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы ’рцыд?

 Библийы афтӕ фыст никуы ис, ӕмӕ Марийӕ цӕрӕнбонтӕм нӕлгоймагимӕ ӕмуат не ’рцыд. Фӕлӕ дзы фыст ис, ӕндӕр сывӕллӕттӕ дӕр ма йын кӕй уыд (Матфейы 12:46; Марчы 6:3; Лукайы 2:7; Иоанны 7:5).

Библийы фыст ис, Чырыстийӕн цалдӕр хо ӕмӕ ӕфсымӕры кӕй уыд

 Марийӕ куы басывӕрджын, уӕд ыл, адӕм сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уый не ’ндӕвта?

 Нӕ. Фӕлӕ иуӕй-иу динтӕ афтӕ зӕгъынц. Зӕгъӕм, иу католикон энциклопедийы фыст ис: «Ӕнӕвнӕлд чызг Марийӕ иуыл райдианӕй, ома куыддӕр йӕ хуылфы сывӕллон сӕвзӕрд, афтӕ, сӕрибар уыд, адӕм сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уымӕй... Фӕлӕ Хуыцау йе стыр хорзӕхы фӕрцы Марийӕйы уыцы тӕригъӕдӕй бахъахъхъӕдта» c.

 Фӕлӕ Библийы афтӕ фыст никуы ис, ӕмӕ Марийӕ сӕрибар уыд, адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уымӕй (Псалом 51:5; Ромӕгтӕм 5:12). Марийӕ дӕр тӕригъӕдджын кӕй уыд, уый бӕрӕг у, тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывонд кӕй ӕрхаста, уымӕй; сылгоймагӕн-иу сывӕллон куы райгуырд, уӕд-иу Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ нывонд ӕрхастаид (Левит 12:2–8; Лукайы 2:21–24). Католикон энциклопедийы ма фыст ис: «Марийӕ тӕригъӕдӕй сӕрибар кӕй уыд, уымӕн Сыгъдӕг Фыстады бӕлвырдгӕнӕн нӕй... уый аргъуаны ахуырад у».

 Марийӕмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

 Марийӕ уыд фидар уырнындзинады хицау, коммӕгӕс, сӕрныллӕг ӕмӕ Хуыцауы тынг уарзта. Ӕмӕ нын фӕзминаг у, Библийы кӕй кой ис, уыцы иузӕрдион адӕмау (Дзуттӕгтӕм 6:12).

 Фӕлӕ йӕм кӕд диссаджы кад ӕрхауд ӕмӕ Чырыстийы мад уыди, уӕддӕр Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ хъуамӕ Марийӕйӕн кувӕм. Чырысти йӕ мадӕн уӕлдай кад нӕ кодта ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр афтӕ никуы загъта, цӕмӕй йын кад кӕной. Евангелиты йеддӕмӕ Марийӕйы кой иунӕг хатт ӕмбӕлы Хъуыддӕгты чиныджы; Ног Фӕдзӕхсты иннӕ 22 чиныджы Марийӕйы кой нӕй (Хъуыддӕгтӕ 1:14).

 Фыстады никуы ис фыст, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Марийӕмӕ уӕлдай ӕргом кӕй здӕхтой – уыдон ын никуы куывтой. Библи чырыстӕттӕн дзуры, кувын ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн кӕй хъӕуы (Матфейы 4:10).

a Исайы пехуымпарады дзуттаг дзырд алма́ ратӕлмац кодтой, «ӕрыгон сылгоймаг», зӕгъгӕ, ӕмӕ, гӕнӕн ис, амона ӕнӕвнӕлд чызгмӕ дӕр ӕмӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи ’рцыд, ахӕм сылгоймагмӕ дӕр. Фӕлӕ Хуыцауы фӕндӕй Матфей спайда кодта грекъаг дзырдӕй парте́нос ӕмӕ нысан кӕны «ӕнӕвнӕлд чызг».

b Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ныхӕстӕ «Хуыцауы Фырт» ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцауӕн ус уыд. Фӕлӕ Фыстады ахӕм хъуыды никуы ис. Библи Йесойы хоны Хуыцауы Фырт ӕмӕ «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг», уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг сфӕлдыста (Колоссӕгтӕм 1:13–15). Библи ма зӕгъы, зӕгъгӕ, фыццаг адӕймаг Адам уыди «Хуыцауы фырт» (Лукайы 3:38). Афтӕ йӕ уымӕн хоны, ӕмӕ Адамы Хуыцау сфӕлдыста.

c «Ног католикон энциклопеди», 2003 азы уагъд, 7 том, 331 фарс (англ.).