Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хуыцауы ном Йесо у?

Хуыцауы ном Йесо у?

Дзуапп Библийӕ

 Йесо йӕхи хуыдта «Хуыцауы Фырт» (Иоанны 10:36; 11:4). Йӕхицӕй афтӕ никуы загъта, ӕз Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау дӕн, зӕгъгӕ.

 Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ-иу Йесо йӕхӕдӕг дӕр Хуыцаумӕ куывта (Матфейы 26:39). Ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты кувын куы ахуыр кодта, уӕд та афтӕ загъта: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9).

 Йесо Хуыцауы ном раргом кодта, Фыстадӕй скъуыддзаг куы ӕрхаста ӕмӕ афтӕ куы загъта: «Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй» (Марчы 12:29; Дыккаг закъон 6:4).