Колоссӕгтӕм 1:1—29

1  Павел, Хуыцауы фӕндӕй+ Йесо Чырыстийы апостол, не ’фсымӕр Тимофеимӕ+  фыссы, Колоссты Чырыстиимӕ иудзинады+ чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕм ӕмӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕм. Нӕ Фыд Хуыцауы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут+.  Сымах тыххӕй куы фӕкувӕм+, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъӕм+ Хуыцауӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Фыдӕн,  уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йесо Чырыстийыл куыд тынг ӕууӕндут ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты+ дӕр куыд тынг уарзут, уый тыххӕй.  Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ уӕ ныфс+ ис, Хуыцау уын уӕлӕрвты+ цы ӕрцӕттӕ кодта, уый кӕй райсдзыстут. Уыцы ныфсы тыххӕй сымах базыдтат, рӕстдзинад*, ома хорз хабар, куы фехъуыстат, уӕд+.  Уыцы хорз хабар ӕрхӕццӕ сымахмӕ. Ӕмӕ ӕгас дунейы+ куыд хӕссы дыргъ+ ӕмӕ куыд парахат кӕны+, афтӕ дыргъ хӕссы ӕмӕ парахат кӕны сымахмӕ дӕр, Хуыцауы стыр хорзӕхы+ тыххӕй цы бон фехъуыстат ӕмӕ, уыцы хорзӕх ӕцӕгӕй цы у, уый бӕлвырдӕй цы бон базыдтат+, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ.  Гъе уыцы стыр хорзӕхы тыххӕй базыдтат нӕ уарзон ӕмкусӕг Епафрасӕй+. Уый у Чырыстийы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ уын лӕггад кӕны мах бӕсты.  Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уӕм цы уарзондзинад+ ис, уый тыххӕй дӕр нын уый радзырдта.  Уӕ уарзондзинад ӕмӕ уын уӕ уырнындзинады тыххӕй цы бон фехъуыстам, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Хуыцаумӕ ӕнӕрынцойӕ дӕр уымӕн кувӕм+, ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй йын йӕ фӕндон бӕлвырдӕй зонат+ ӕмӕ уӕм уа ӕппӕт зонд+ ӕмӕ, сыгъдӕг тых цы ӕмбарындзинад+ дӕтты, уый. 10  Уӕд цӕрдзыстут, Йегъовӕйы+ раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ+ ӕмӕ йын алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстут. Стӕй уын бирӕ ӕнтысдзӕн алы хорз хъуыддаджы+ дӕр ӕмӕ, Хуыцау чи у, уый хуыздӕрӕй-хуыздӕр зондзыстут+. 11  Стыр тыхы хицау чи у+, уыцы Хуыцау уын уыйбӕрц хъару раттӕд, цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууат+, 12  стӕй арфӕ кӕнат нӕ уӕларвон Фыдӕн, рухсы+ чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕн+ цы бынтӕ ӕрцӕттӕ кодта+, уыдонӕй уӕ хай райсыны аккаг чи скодта, уымӕн. 13  Уый нӕ фервӕзын кодта, талынджы бар ныл нал цӕуы+, ӕмӕ нӕ бакодта*+ йӕ уарзон+ Фырты паддзахадмӕ+. 14  Йӕ Фырт нӕ кӕй балхӕдта*, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм, ома нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты+. 15  Уый у, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй+, уыцы Хуыцауы хуызӕн+, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг*+, 16  уымӕн ӕмӕ, уымӕй фӕстӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй+: уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр; цӕстӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уыдӕттӕ дӕр – паддзахбадӕнтӕ уой, сӕргълӕуджытӕ, хицауӕдтӕ ӕви хицаудзинӕдтӕ+. О, ӕппӕт дӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй+ ӕмӕ уымӕн. 17  Уый уыди ӕппӕтӕй дӕр раздӕр+, ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт дӕр уый ӕххуысӕй сфӕлдыста+, 18  ӕмӕ уый у буары сӕр, ома ӕмбырды+ сӕр дӕр. Уый у райдиан, мӕрдтӕй фыццаг уый райгас+, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр уый у фыццаг+, 19  уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй йӕ Фырты мидӕг уой йӕ миниуджытӕ иууылдӕр+ 20  ӕмӕ цӕмӕй йӕ Фырты фӕрцы йӕхиимӕ бафидауын кӕна+ алкӕй дӕр+ – зӕххыл чи ис, уыдон уой ӕви, уӕлӕрвты чи ис, уыдон. Фидауын та сӕ кӕны+, йӕ Фырт хъизӕмӕртты хъӕдыл+ цы туг+ ныккалдта, уый фӕрцы. 21  О, кӕддӕр сымах Хуыцауӕй уыдыстут дард+ ӕмӕ уыдыстут йе знӕгтӕ, уӕ хъуыдытӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл кӕй уыдысты+, уымӕ гӕсгӕ. 22  Фӕлӕ уӕ ныр йӕхиимӕ бафидауын кодта+, чи амард, уымӕн йӕ зӕххон буары фӕрцы+, цӕмӕй уӕ йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй+ ӕмӕ ӕнӕфауӕй+ ӕрлӕууын кӕна. 23  Ӕрмӕст хъуамӕ фидар лӕууат уырнындзинады+: хъуамӕ йӕ бындурыл+ ныффидар уат ӕмӕ уат ӕнӕфӕцудгӕ+, стӕй ма адзӕгъӕл уат, цы хорз хабар фехъуыстат+, уый фӕрцы уын цы ныфс фӕзынд, уымӕй. Уыцы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд+ арвы бын ӕппӕт адӕмӕн+ дӕр. Ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн уыцы хорз хабар хъусынгӕнӕг+. 24  Ӕз цин кӕнын, сымах тыххӕй цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын+, уыдоныл, ӕмӕ йӕ ӕмбарын, мӕ буары мидӕг мӕ Чырыстийы тыххӕй цас фӕхъизӕмар кӕнын хъӕуы, нырма уыйбӕрц кӕй нӕ фӕхъизӕмар кодтон йӕ буары тыххӕй+, ома ӕмбырды+ тыххӕй. 25  Ӕз уыцы ӕмбырдӕн лӕггадгӕнӕг+ сдӕн, Хуыцау мын сымах тыххӕй мӕ бар+ цы бакодта, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй кӕронмӕ фехъусын кӕнон Хуыцауы ныхас – 26  ивгъуыд заманты+ ӕмӕ раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом чи нӕ уыд, уыцы сусӕгдзинад*+. Фӕлӕ йӕ ныр раргом кодта+ йӕ сыгъдӕг лӕггадгӕнджытӕн. 27  Хуыцауы бафӕндыд уыцы сусӕгдзинады+ диссаджы хъӕздыгдзинӕдтӕ+ иннӕ адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад у, Чырысти+ сымахимӕ иудзинады кӕй ис ӕмӕ, сымах дӕр йемӕ кӕй скадджын уыдзыстут, уыцы ныфс уӕ кӕй ис, уый+. 28  Ӕмӕ хъусын дӕр Чырыстийы тыххӕй кӕнӕм+, алкӕмӕн дӕр амонӕм ӕмӕ, зондӕй архайгӕйӕ+, алкӕй дӕр ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй алы адӕймаджы дӕр Хуыцауы раз ӕрлӕууын кӕнӕм Чырыстийы фӕлтӕрд*+ фӕдылдзӕуӕгӕй. 29  Гъе уый тыххӕй фыдӕбон кӕнын ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй архайын+, цы тыхӕй+ мӕ фидар кӕны+, уый руаджы.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Комк. «рахаста».
Комк. «ахӕсты аргъ кӕй бафыста».
Комк. «фыццаггуырд».
Кӕнӕ «сыгъдӕг сусӕгдзинад». Грекъ. мисте́рион, ома Хуыцауы сусӕгдзинад.
Кӕнӕ «ӕххӕст; ӕнӕхъӕн».