Хъуыддӕгтӕ 7:1—60

7  Уӕд ӕй хистӕр сауджын бафарста: «Ӕцӕгдӕр афтӕ у?»  Стефан загъта: «Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ нӕ буц хистӕртӕ, байхъусут мӕм! Нӕ кадджын Хуыцау+ йӕхи раргом кодта нӕ фыдӕл Авраамӕн Месопотамийы, Авраам Харраны+ куы нӕма ӕрцард, уӕд,  ӕмӕ йын Хуыцау загъта: „Ныууадз дӕ бӕстӕ ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты, ӕмӕ дын ӕз цы зӕхмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу“+.  Уый дӕр рацыд халдейты зӕххӕй ӕмӕ ӕрцард Харраны. Йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ+ йӕ Хуыцау уырдыгӕй ракодта ӕмӕ йӕ ӕрцӕрын кодта, ныр сымах кӕм цӕрут, уыцы зӕххыл+.  Ӕрмӕст ын дзы уӕд бынӕн ницы радта, къахы быны йас дӕр+. Фӕлӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы зӕхх ын йӕхицӕн+ ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн+ бынӕн кӕй ратдзӕн, кӕд ын зӕнӕг нӕма уыди, уӕддӕр+.  Ноджыдӕр ма йын Хуыцау загъта, зӕгъгӕ, дӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕрцӕуӕггӕгтӕ+ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы+, ӕмӕ сӕ цагъартӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдзысты цыппарсӕдӕ азы дӕргъы+.  „Ӕмӕ цагъартӕ кӕмӕн уыдзысты, уыцы адӕмы ӕз бафхӕрдзынӕн+,– загъта Хуыцау.– Ӕмӕ уый фӕстӕ уырдыгӕй рацӕудзысты ӕмӕ мын ацы бынаты лӕггад кӕндзысты“+.  Хуыцау ма Авраамимӕ скодта бадзырд – уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фырттӕ дӕр иууылдӕр сунӕтгонд ӕрцыдаиккой+. Гъемӕ йын Исахъ+ куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон сунӕт скодта+. Исахъӕн райгуырд Иаков, Иаковӕй та рацыдысты нӕ дыууадӕс мыггаджы хистӕры+.  Уыцы мыггаджы хистӕртӕ хӕлӕг кодтой+ Иосифмӕ ӕмӕ йӕ Египетмӕ ауӕй кодтой+. Фӕлӕ Хуыцау уыд йемӕ+ 10  ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта йе ’ппӕт фыдӕвзарӕнтӕй дӕр. Хуыцау Иосифӕн радта зонд ӕмӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй фараоны, Египеты паддзахы, хорзӕх ссардтаид. Ӕмӕ йӕ фараон сӕвӕрдта Египеты сӕргъы ӕмӕ йын йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ бар бакодта+. 11  Уый фӕстӕ ӕгас Египеты ӕмӕ Ханааны скодта ӕххормаг рӕстӕг, фыдрӕстӕг, ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕн, цы бахордтаиккой, уый нал уыди+. 12  Фӕлӕ Иаков фехъуыста, Египеты кӕй ис хӕринаг+, ӕмӕ нӕ фыдӕлты уырдӕм арвыста. Фыццаг хатт уӕд ацыдысты+. 13  Дыккаг хатт куы ’рцыдысты, уӕд Иосиф йе ’фсымӕртӕн йӕхи схъӕр кодта+. Ӕмӕ Иосифы бинонты тыххӕй базыдта фараон дӕр+. 14  Уӕд Иосиф арвыста йӕ фыдмӕ, Иаковмӕ, ӕмӕ йӕ хиуӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр+, цӕмӕй Ханаанӕй рацыдаиккой ӕмӕ Египетмӕ ӕрцыдаиккой. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай фондз уды*+. 15  Ӕмӕ Иаков ӕрцыд Египетмӕ+. Стӕй Иаков уым амард+, амардысты нӕ фыдӕлтӕ дӕр+. 16  Се стджытӕ сын раластой Сихеммӕ+ ӕмӕ сӕ бавӕрдтой, Авраам ӕвзист ӕхцайӕ Емморы фырттӕй Сихемы+ цы зӕппадз+ балхӕдта, уым. 17  Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн йӕ афон куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ израилӕгтӕ Египеты фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой+, 18  цалынмӕ Египеты сӕргъы, Иосифы чи нӕ зыдта, ахӕм паддзах не ’рлӕууыд, уӕдмӕ+. 19  Уый нӕ адӕмыл хинӕй рацыд+ ӕмӕ фыдӕлтӕн сӕ ноггуырдты ӕппарын кодта, цӕмӕй-иу удӕгасӕй ма баззадаиккой+. 20  Раст уыцы рӕстӕг райгуырд Моисей+ ӕмӕ уыди диссаджы рӕсугъд сывӕллон+, суанг Хуыцауы цӕсты дӕр. Ӕртӕ мӕйы йӕ йӕ ныййарджытӕ сӕ хӕдзары фӕхастой. 21  Куы йӕ ныууагътой, уӕд та йӕ фараоны чызг ссардта ӕмӕ йӕ йӕхи фыртау схаста+. 22  Моисейӕн бацамыдтой ӕгас Египеты зонд+. Ӕмӕ ныхасӕй+ дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр уыди тыхджын. 23  Цыппор азы йыл куы сӕххӕст, уӕд сфӕнд кодта йе ’фсымӕрты, Израилы фыртты, бабӕрӕг кӕнын+. 24  Ӕмӕ куы федта, сӕ иуы египетаг кӕй ӕфхӕры, уӕд йе ’фсымӕры сӕрыл рахӕцыд ӕмӕ египетаджы амардта ӕмӕ дзуттаджы маст райста+. 25  Уый ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ бамбардзысты, Хуыцау сӕ йӕ къухӕй кӕй ирвӕзын кӕны+, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой. 26  Дыккаг бон та федта дыууӕ дзуттаджы хылгӕнгӕ, ӕмӕ сӕ бафидауын кӕнынмӕ хъавыд+ ӕмӕ сын загъта: „Ӕфсымӕртӕ куы стут, уӕд кӕрӕдзи цӕмӕн ӕфхӕрут?“+ 27  Уӕд, йе ’фсымӕры чи ӕфхӕрдта, уый Моисейы асхуыста ӕмӕ йын загъта: „Чи дӕ сӕвӕрдта махӕн хицауӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй?+ 28  Ӕви, знон египетаджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс?“+ 29  Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Моисей Египетӕй алыгъд ӕмӕ ӕрцард Мадиамы+ зӕххыл. Уым ус ракуырдта ӕмӕ йын райгуырд дыууӕ лӕппуйы+. 30  Цыппор азы куы рацыд, уӕд ӕм Синайы хохмӕ хӕстӕг ӕдзӕрӕг быдыры сындзы къутӕры арты фӕзынд зӕд+. 31  Моисей уый куы федта, уӕд дисы бафтыд+. Ӕмӕ йӕм куы фӕцӕйцыд, хуыздӕр ӕй фенон, зӕгъгӕ, уӕд райхъуыст Йегъовӕйы хъӕлӕс: 32  „Ӕз дӕн дӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исахъы ӕмӕ Иаковы Хуыцау“+. Моисей тынг фӕтарст ӕмӕ нал уӕндыд уырдӕм кӕсын. 33  Йегъовӕ йын загъта: „Дӕ дзабыртӕ ралас, уымӕн ӕмӕ, кӕм лӕууыс, уый сыгъдӕг бынат у+. 34  Ӕз федтон, мӕ адӕмы мын Египеты куыд ӕфхӕрынц, уый+, фехъуыстон сын сӕ хъӕрзын+ ӕмӕ ӕрцыдтӕн, цӕмӕй сӕ фервӕзын кӕнон+. Ӕмӕ дӕ ӕз арвитдзынӕн Египетмӕ“+. 35  Гъе уыцы Моисейы, уыдон кӕй ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ афтӕ кӕмӕй загътой: „Чи дӕ сӕвӕрдта хицауӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй?“+ – уый Хуыцау арвыста+, сындзы къутӕры йӕм цы зӕд фӕзынд, уый уылты, цӕмӕй сын уыдаид хицау ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг. 36  Уый сӕ ракодта+ ӕмӕ Египеты, Сырх денджызы+ ӕмӕ цыппор азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры+ равдыста бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ+. 37  Уыцы Моисей загъта Израилы фырттӕн: „Хуыцау уын уе ’фсымӕртӕй ратдзӕн мӕн хуызӕн пехуымпары“+. 38  Гъе уый+ уыд ӕдзӕрӕг быдыры Израилы адӕмимӕ+, нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ уыимӕ ныхас кодта зӕд+ Синайы хохыл. Уый Хуыцауӕй райста удӕгас ныхӕстӕ+, цӕмӕй сӕ сымахмӕ фӕхӕццӕ кодтаид. 39  Фӕлӕ нӕ фыдӕлты нӕ бафӕндыд йӕ коммӕ кӕсын+. Сӕ къух ыл систой ӕмӕ сӕ фӕндыд фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхын+, 40  ӕмӕ Ааронӕн загътой: „Сараз нын хуыцӕуттӕ, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуой, уымӕн ӕмӕ нӕ Египетӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ’рцыди, уый нӕ зонӕм“+. 41  Ӕмӕ уӕд сарӕзтой род+, ӕмӕ уыцы мӕнгхуыцауӕн нывонд ӕрхастой ӕмӕ, сӕхи къухтӕй цы сарӕзтой, уымӕн куывд скодтой+. 42  Ӕмӕ сӕ Хуыцау ныууагъта ӕмӕ сӕ сӕхи бар ауагъта+, цӕмӕй, арвыл цы ис, уыдӕттӕн* куывтаиккой, пехуымпарты+ чиныджы куыд фыст ис, раст афтӕ: „Израилы адӕм, ӕдзӕрӕг быдыры цыппор азы дӕргъы кусӕрттӕгтӕ мӕнӕн кодтат ӕмӕ нывӕндтӕ мӕнӕн хастат?+ 43  Сымах уемӕ хастат Молохы*+ цатыр ӕмӕ стъалы-хуыцау+ Ремфаны. Уыцы гуымирытӕ сарӕзтат, цӕмӕй уыдонӕн куват. Уымӕ гӕсгӕ уӕ ӕз Вавилонӕй дӕр дарддӕр арвитдзынӕн“+. 44  Нӕ фыдӕлтӕн ӕдзӕрӕг быдыры уыди цатыр*. Хуыцау Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ сарӕзтаид, цы ныв ын равдыста, уымӕ гӕсгӕ+. 45  Фӕстӕдӕр нӕ фыдӕлтӕн сӕ байзӕддӕгтӕ уыцы цатыр Навины фырт Йесоимӕ+ бахастой, Хуыцау нын нӕ фыдӕлты разӕй+ цы адӕмты+ фӕсырдта, уыдоны зӕхмӕ. Ӕмӕ уым лӕууыди Давиды заманты онг. 46  Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх+ ӕмӕ дзы куырдта, цӕмӕй йӕ уыцы кады аккаг скӕна, ӕмӕ Иаковы Хуыцауӕн хӕдзар+ сараза. 47  Фӕлӕ йын хӕдзар сарӕзта Соломон+. 48  Уӕвгӕ, Иунӕг Стыр Хуыцау адӕймаджы къухӕй конд хӕдзӕртты* нӕ цӕры+, пехуымпар дӕр куыд зӕгъы: 49  „Уӕларв у мӕ паддзахбадӕн+, зӕхх та – мӕ къӕхтӕвӕрӕн+. Уӕдӕ мын цавӕр хӕдзар сараздзыстут? – зӕгъы Йегъовӕ.– Кӕнӕ кӕм ис ахӕм бынат, цӕмӕй дзы цӕрон?+ 50  Ӕппӕт адӕттӕ мӕ къух не скодта?“+ 51  О хивӕнд адӕм, сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ+ ӕмӕ уӕ хъустӕ сты ӕхгӕд*! Ӕдзухдӕр цӕут Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ныхмӕ, раст уӕ фыдӕлтӕ куыд кодтой, афтӕ+. 52  Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой?+ Рӕстгӕнӕджы+ ӕрцыды тыххӕй чи дзырдта, уыдоны амардтой+. Ӕмӕ ныр сымах уыцы Рӕстгӕнӕгыл гадзрахатӕй рацыдыстут ӕмӕ йӕ амардтат+. 53  Хуыцау уын зӕдты+ уылты Закъон радта, фӕлӕ йӕ сымах не ’ххӕст кодтат». 54  Уыцы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕты кардау иннӕрдӕм ахызтысты+ ӕмӕ йӕм сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ссыд+. 55  Фӕлӕ Стефан Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын, скаст арвмӕ ӕмӕ федта Хуыцауы кад ӕмӕ Йесойы Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ+, 56  ӕмӕ загъта: «Уӕлӕ уынын арв гомӕй+ ӕмӕ Адӕймаджы Фырты+ Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ»+. 57  Уӕд уыдон сӕ хъӕлӕсыдзаг ныхъхъӕр кодтой, сӕ хъустӕ ахгӕдтой+, ӕмӕ йыл иууылдӕр иумӕ сӕхи ныццавтой. 58  Горӕтӕй йӕ ракодтой+ ӕмӕ йыл дуртӕ цӕвын райдыдтой+. Ӕвдисӕнтӕ+ та се ’ддаг дарӕс ӕрӕвӕрдтой иу лӕппуйы къӕхты раз, хуынди Савл+. 59  Стефаныл дуртӕ цавтой, уый та дзырдта: «Хицау Йесо, айс мын мӕ уд*»+. 60  Стӕй йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ хъӕрӕй сдзынӕзта: «Йегъовӕ, ныббар сын ацы тӕригъӕд»+. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд амард*.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Рд 46:20, 27, фип.; «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уӕларвон ӕфсадӕн».
Аммонӕгты хуыцау.
Комк. «ӕвдисӕнады цатыр».
Кӕнӕ «бынӕтты».
Комк. «ӕнӕсунӕт зӕрдӕтӕ ӕмӕ хъустӕ кӕмӕн ис».
Кӕнӕ «царды тых» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «бафынӕй».