Рацыд 23:1—33

23  Гӕдыныхӕстӕ ма кӕн+. Фыдгӕнӕгӕн йӕ къух ма араз: дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ма скӕн ӕмӕ йын ӕвдисӕн ма ныллӕуу+.  Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕвзӕрдзинады ’рдӕм куы аздӕхой, уӕддӕр ды сӕ фӕдыл ма ацу+. Искӕй хъуыддаг куы ’взарой, уӕд адӕмы зондыл ма ацу ӕмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу, ӕмӕ рӕстдзинад ма зыгъуыммӕ кӕн+.  Мӕгуырӕн йӕ хъуыддаг куы ’взарой, уӕд, мӕгуыр кӕй у, уый тыххӕй йӕ фарс ма у+.  Де знагӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг куы фесӕфа ӕмӕ йӕ искуы куы фенай, уӕд ын ӕй ӕрбакӕн+.  Йе сӕфт дӕ чи уыны, уымӕн йӕ хӕрӕг йӕ уаргъы бын куы ’рхауа, уӕд уыцы адӕймагӕн йӕ рӕзты ма ацу. Хӕрӕгӕн йӕ уаргъ иумӕ райсут+.  Мӕгуыры хъуыддаг куы ’взарай, уӕд ын хӕрам тӕрхон ма рахӕсс+.  Дӕхи мӕнг ныхӕстӕй хиз+. Ӕнаххос ӕмӕ раст адӕймаджы ма амар – ӕз фыдгӕнӕджы раст адӕймагыл нӕ банымайдзынӕн+.  Гӕртӕмттӕ ма ис – гӕртам ӕмбаргӕ адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны ӕмӕ раст адӕймагӕн дӕр йӕ уынаффӕ аивын кӕны+.  Ӕрцӕуӕггаджы ма ’фхӕр+ – ӕрцӕуӕггаг цы у, уый уӕхи уд хорз зоны, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр уыдыстут ӕрцӕуӕггӕгтӕ Египеты зӕххыл+. 10  Ӕхсӕз азы тау дӕ хуым ӕмӕ йыл цы ’рзайа, уый-иу бафснай+, 11  фӕлӕ йӕ ӕвдӕм аз ма бакус, мацы дзы байтау+. Дӕ адӕмы ’хсӕн цы мӕгуыртӕ ис, уыдон хӕрдзысты, цы дзы ӕрзайа, уый. Цы ма дзы баззайа, уый та бахӕрдзысты хъӕддаг сырдтӕ+. Афтӕ кӕн дӕ сӕнӕфсирдонӕн ӕмӕ дӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдонӕн дӕр. 12  Ӕхсӕз боны кус+, ӕвдӕм бон та мацы араз, цӕмӕй баулӕфой дӕ гал дӕр ӕмӕ дӕ хӕрӕг дӕр, дӕ цагъар-сылгоймаджы фырт дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг дӕр+. 13  Цы уын загътон, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнут+. Ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕ нӕмттӕ дӕр ма дзурут. Сӕ нӕмттӕ уӕ дзыхӕй хаугӕ дӕр ма скӕнӕнт+. 14  Алы аз дӕр мӕ номыл кӕн ӕртӕ бӕрӕгбоны+. 15  Бӕрӕг кӕн Донгонд дзулты бӕрӕгбон+. Куыд дын бафӕдзӕхстон, афтӕ-иу авивы мӕйы+ авд боны хӕр донгонд дзултӕ+, уымӕн ӕмӕ уыцы мӕй рацыдтӕ Египетӕй. Ӕмӕ-иу мӕ размӕ афтидкъухӕй мачи ӕрбацӕуӕд+. 16  Бӕрӕг кӕн Хорысӕры бӕрӕгбон дӕр+, цы байтыдтай, цӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уыдонӕй фыццаг тыллӕг кӕй систай, уый номыл+. Афӕдзы кӕрон та бӕрӕг кӕн Тыллӕг ӕфснайыны бӕрӕгбон, цӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уый куы бафснайай, уӕд+. 17  Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр ӕрбацӕуӕнт ӕцӕг Хицау Йегъовӕйы размӕ+. 18  Мӕ нывонды тугимӕ, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы ӕрхӕсс. Ӕмӕ мын мӕ бӕрӕгбоны цы фиу ӕрхӕссай нывондӕн, уымӕй цы баззайа, уый-иу райсоммӕ ма ныууадз+. 19  Дӕ зӕххӕй фыццаг цы тыллӕг сисай, уымӕн-иу йӕ хуыздӕр хай ӕрбахӕсс дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзармӕ+. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц+. 20  Ӕз дын дӕ разӕй ӕрвитын зӕды+, цӕмӕй дӕ фӕндагыл хъахъхъӕна ӕмӕ дӕ ’ркӕна, цы бынат дын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм+. 21  Зӕд дӕ разы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ дӕхимӕ кӕс ӕмӕ йӕм хъус. Йӕ ныхмӕ ма цу – нӕ уын ныххатыр кӕндзӕн уӕ тӕригъӕдтӕ+, уымӕн ӕмӕ уый мӕ ном хӕссы. 22  Фӕлӕ йӕм алы хъуыддаджы дӕр куы хъусай ӕмӕ дын ӕз цыдӕриддӕр дзурын, уый куы кӕнай+, уӕд ӕз де знӕгтӕн уыдзынӕн се знаг, дӕу чи хъыгдары, уыдоны хъыгдардзынӕн+. 23  Мӕ зӕд ацӕудзӕн дӕ разӕй ӕмӕ дӕ ӕрбакӕндзӕн аморейтӕм, хеттӕм, ферезейтӕм, ханаайнӕгтӕм, евейтӕм ӕмӕ йевусейтӕм, ӕмӕ сӕ ӕз ныццӕгъддзынӕн+. 24  Ма-иу ӕрхау дӕ зонгуытыл сӕ хуыцӕутты раз ӕмӕ сын ма кув. Ӕмӕ уыдон цы мӕнгхуыцӕуттӕ аразынц, ахӕмӕй мацы араз+, фӕлӕ сын сӕ ныппырх кӕн ӕмӕ сын сӕ кувӕн дуртӕ ныссӕтт+. 25  Уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут+, ӕмӕ уын уый дӕтдзӕн дзул ӕмӕ дон+. Ӕз дӕ хъахъхъӕндзынӕн низтӕй+. 26  Уӕ сывӕрджын сылгоймӕгтӕй-иу ничи февзӕр уыдзӕн, ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг уӕм нӕ уыдзӕн+. Ӕз дын ратдзынӕн бирӕ цӕрӕнбон+. 27  Дӕ фӕндагыл цы адӕмтӕ ис, уыдонмӕ цалынмӕ нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ фехъусдзысты мӕн тыххӕй ӕмӕ сӕ зӕрдӕты тас бацӕудзӕн+, ӕмӕ дын де знӕгты се ’ппӕты дӕр дӕ разӕй лидзӕг фӕкӕндзынӕн*+. 28  Цалынмӕ сӕм нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ сын ӕз сӕ ныфс асӕтдзынӕн+, ӕмӕ евейтӕ, ханаайнӕгтӕ ӕмӕ хеттӕ дӕ разӕй лидзӕг фӕуыдзысты+. 29  Ӕрмӕст сӕ дӕ разӕй иу азмӕ нӕ фӕсурдзынӕн, науӕд уыцы зӕххыл цӕрӕг нал уыдзӕн ӕмӕ дзы хъӕддаг сырдтӕ сбирӕ уыдзысты ӕмӕ дӕ ӕнцад нӕ уадздзысты+. 30  Уыцы адӕмты гыццылгай дӕ разӕй фӕсурдзынӕн, цалынмӕ не сбирӕ уай ӕмӕ уыцы зӕхх дӕхи нӕ бакӕнай, уӕдмӕ+. 31  Ратдзынӕн дын зӕххытӕ Сырх денджызӕй филистимӕгты денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Стыр цӕугӕдоны* онг+, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕххы цӕрджыты ӕз ратдзынӕн дӕ къухмӕ ӕмӕ сӕ ды дӕ разӕй фӕсурдзынӕ+. 32  Ма-иу скӕн бадзырд нӕдӕр семӕ, нӕдӕр сӕ хуыцӕуттимӕ+. 33  Дӕ зӕххыл хъуамӕ ма цӕрой, науӕд дӕ рӕдийын кӕндзысты ӕмӕ мӕ разы тӕригъӕдтӕ араздзынӕ. Сӕ хуыцӕуттӕн сын куы кувай, уӕд дын уый суыдзӕн къӕппӕг»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ де знӕгтӕн сӕ къӕбут уындзынӕ».
Ома Евфраты.