Иов 1:1—22

1  Уц+ чи хуыйны, уыцы зӕххыл цард иу лӕг, Иов+, зӕгъгӕ. Иов уыди ӕнӕфау+ ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг+, тарст Хуыцауӕй+ ӕмӕ йӕхи хызта ӕвзӕрдзинадӕй+.  Иовӕн райгуырд авд лӕппуйы ӕмӕ ӕртӕ чызджы+.  Фосӕй+ йӕм уыди авд мин фысы, ӕртӕ мин теуайы, иу мин* галы ӕмӕ фондзсӕдӕ сыл хӕрӕджы. Уыди ма йын тынг бирӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр. Ӕгас Скӕсӕны уымӕй кадджындӕр адӕймаг нӕ уыд+.  Йӕ фырттӕ-иу радгай сӕ хӕдзӕртты скодтой куывдтӕ+, алчидӕр йӕхи бӕлвырд бон, ӕмӕ-иу се ’ртӕ хойы дӕр фӕхуыдтой семӕ минас кӕнынмӕ.  Иууылдӕр-иу сӕ куывдтӕ куы скодтой, уӕд-иу сӕм Иов арвыста ахӕм ныхас, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут+, зӕгъгӕ. Иов-иу райсомӕй раджы сыстад ӕмӕ-иу ӕрхаста судзинаг нывӕндтӕ+, йӕ сывӕллӕттӕ цал уыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Иов дзырдта: «Кӕд, мыййаг, мӕ фырттӕй исчи тӕригъӕд сарӕзта, кӕд сӕ исчи Хуыцауы йӕ зӕрдӕйы+ ралгъыста+». Афтӕ кодта Иов алкӕддӕр+.  Иу бон ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ ӕрбацыдысты+ ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдысты+. Се ’хсӕн уыди+ Сайтан*+ дӕр.  Ӕмӕ Йегъовӕ Сайтаны бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» Сайтан Йегъовӕйӕн дзуапп радта: «Зӕххыл зылдтӕн+, рацу-бацу йыл кодтон»+.  Ӕмӕ Йегъовӕ Сайтанӕн загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕг Иовмӕ дӕ хъус не ’рдардтай? Зӕххыл уый хуызӕн адӕймаг нӕй+: ӕнӕфау+ ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг+, тӕрсы Хуыцауӕй+ ӕмӕ йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй»+.  Уӕд Сайтан Йегъовӕйӕн афтӕ бакодта: «Исты дзӕгъӕлы тӕрсы Иов Хуыцауӕй?+ 10  Алырдыгӕй дӕр ӕй ды нӕ хъахъхъӕныс+, йӕхи дӕр, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон? Ды йын йӕ къухты фыдӕбонӕн раарфӕ кодтай+, ӕмӕ йӕ фос зӕххыл нал цӕуынц. 11  Уӕдӕ-ма бафӕлвар, дӕ къух-ма сис ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид»+. 12  Уӕд Йегъовӕ Сайтанӕн загъта: «Хорз, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдон уыдзысты дӕ къухы. Ӕрмӕст ын йӕхимӕ ма бавнал!» Ӕмӕ Сайтан Йегъовӕйы разӕй ацыд+. 13  Иу бон, Иовӕн йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары куы бадтысты, куы хордтой ӕмӕ сӕн куы нызтой+, 14  уӕд Иовмӕ чидӕр ӕрбацыд+ ӕмӕ йын фӕхабар кодта: «Галтӕ хуым кодтой+, хӕрджытӕ та хызтысты сӕ цуры, 15  ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы савейӕгтӕ+ ӕрбабырстой ӕмӕ сӕ атардтой, лӕггадгӕнджыты та карды комӕй ныццагътой. Ӕрмӕстдӕр ма ӕз аирвӕзтӕн, цӕмӕй дын ацы хабар фехъусын кодтаин»+. 16  Уый йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбацыд ӕндӕр чидӕр ӕмӕ загъта: «Уӕларвӕй ныккалд зынг Хуыцауӕй+, фысты ӕмӕ лӕггадгӕнджыты ’хсӕн ссыгъди ӕмӕ сӕ аныхъуырдта. Ӕрмӕстдӕр ма ӕз аирвӕзтӕн, цӕмӕй дын ацы хабар фехъусын кодтаин». 17  Уый йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбацыд ӕндӕр чидӕр ӕмӕ загъта: «Халдейтӕ+ ӕртӕ къорды скодтой, теуатыл сӕхи ныццавтой ӕмӕ сӕ атардтой, лӕггадгӕнджыты та карды комӕй ныццагътой. Ӕрмӕстдӕр ма ӕз аирвӕзтӕн, цӕмӕй дын ацы хабар фехъусын кодтаин». 18  Уый дӕр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбацыд ӕндӕр чидӕр ӕмӕ загъта: «Дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ бадтысты сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары, хордтой, нызтой сӕн+. 19  Ӕваст ӕдзӕрӕг быдырӕй тыхджын дымгӕ+ ӕрбадымдта, йӕхи ныццавта хӕдзары цыппар тигъыл, ӕмӕ хӕдзар ныккалд, ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр йӕ быны фесты ӕмӕ фӕмард сты. Ӕрмӕстдӕр ма ӕз аирвӕзтӕн, цӕмӕй дын ацы хабар фехъусын кодтаин». 20  Уӕд Иов сыстад, йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта+, йӕ сӕр адаста+, зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд+, йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта+ 21  ӕмӕ загъта:«Бӕгънӕгӕй рацыдтӕн мӕ мады гуыбынӕй+,Ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр бӕгънӕгӕй аздӕхдзынӕн+.Йегъовӕ радта+, Йегъовӕ фӕстӕмӕ айста+.Табу уӕд Йегъовӕйы номӕн алкӕддӕр»+. 22  Ӕппӕт ацы ныхӕстӕй Иов тӕригъӕд нӕ ракодта ӕмӕ Хуыцауӕй ӕвзӕр ницы загъта+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «фондзсӕдӕ цӕды».
Кӕнӕ «Ныхмӕлӕууӕг».