Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ Йесо Чырыстийыл сӕххӕст сты?

Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ Йесо Чырыстийыл сӕххӕст сты?

Дзуапп Библийӕ

 О. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бирӕ пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст кодта «Разамонӕг Мессийӕйы» тыххӕй – уый хъуамӕ суыдаид «дунейы Ирвӕзынгӕнӕг» (Данел 9:25; 1 Иоанны 4:14). Йесо куы амард, уӕддӕр ма йыл Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кодтой (Псалом 110:1; Хъуыддӕгтӕ 2:34–36).

 Цы нысан кӕны дзырд «Мессийӕ»?

 Дзуттаг дзырд маши́ах (Мессийӕ) ӕмӕ грекъаг дзырд христо́с (Чырысти) нысан кӕнынц «Сӕрст». Уӕдӕ «Йесо Чырысти» нысан кӕны «Йесо Сӕрст» кӕнӕ «Йесо Мессийӕ».

 Раджы заманты-иу адӕймагӕн стыр бартӕ куы радтой, уӕд-иу ын йӕ сӕрыл сой ӕркодтой ӕмӕ-иу афтӕмӕй сӕрст ӕрцыд (Левит 8:12; 1 Самуилы 16:13). Хуыцау Йесойы снысан кодта Мессийӕйӕ ӕмӕ йын стыр бартӕ радта (Хъуыддӕгтӕ 2:36). Фӕлӕ Йесо сойӕ сӕрст не ’рцыд – Хуыцау ӕй йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста (Матфейы 3:16).

 Цымӕ Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ иу адӕймагӕй фылдӕрыл сӕххӕст сты?

 Нӕ. Уый гӕнӕн куыд нӕй, цӕмӕй дыууӕ адӕймагӕн се ’нгуылдзты фӕдтӕ ӕмхуызон уой, афтӕ уый гӕнӕн дӕр нӕй, цӕмӕй Мессийӕйы, кӕнӕ Чырыстийы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ цалдӕр адӕймагмӕ амоной. Фӕлӕ Библи фӕдзӕхсы: «Фӕзындзӕн мӕнг Чырыститӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпартӕ. Уыдон ӕвдисдзысты стыр диссӕгтӕ ӕмӕ ӕнахуыр цыдӕртӕ, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕвзӕрстыты дӕр асайой» (Матфейы 24:24).

 Цымӕ Мессийӕ фидӕны фӕзындзӕн?

 Нӕ. Библийы раджы ӕрцыд фыст, Мессийӕ Израилы паддзах Давиды байзӕддаг кӕй уыдзӕн (Псалом 89:3, 4). Фӕлӕ Давиды размӕ чи цард, уыцы дзуттаг рагфыдӕлты номхыгъд фесӕфт, ӕвӕццӕгӕн ӕй басыгътой, нӕ эрӕйы 70 азты ромӕгтӕ Иерусалим куы бацахстой, уӕд a. Уӕдӕй фӕстӕмӕ иу адӕймаджы бон дӕр нӕу сбӕлвырд кӕнын, паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй рацыд. Уыцы хӕдзарвӕндаджы рагфыдӕлты номхыгъд Йесойы рӕстӕджы уыди. Уымӕ гӕсгӕ йе знӕгтӕ никуы дзырдтой, Давиды байзӕддаг кӕй у, уый ныхмӕ (Матфейы 22:41–46).

 Библийы Мессийӕйы тыххӕй цал пехуымпарады ис?

 Бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй, Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ цас сты, уый. Зӕгъӕм, пехуымпарад бӕлвырдӕй Мессийӕмӕ кӕм амоны, уыцы стихты фӕдыл дӕр алыхуызон хъуыдытӕ ис, ома дзы цал пехуымпарады ис, уый алыхуызон нымайынц. Исайы 53:2–7 стихтӕй Мессийӕйы тыххӕй базонӕн ис цалдӕр лыстӕг хабары. Иуӕй-иутӕ сӕ, гӕнӕн ис, банымайой иу пехуымпарадыл, иннӕтӕ та, цы хабӕрттыл дзы цӕуы дзырд, уыдонӕй алкӕцы дӕр хицӕн пехуымпарадыл нымайой.

 Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕй Йесойыл чи сӕххӕст, уыдонӕй цалдӕр

Пехуымпарад

Кӕм фыст ис

Куыд сӕххӕст

Авраамы байзӕддаг

Райдиан 22:17, 18

Матфейы 1:1

Авраамы фырт Исахъы байзӕддаг

Райдиан 17:19

Матфейы 1:2

Райгуырдзӕн Израилы, Иудӕйы мыггаджы

Райдиан 49:10

Матфейы 1:1, 3

Рацӕудзӕн паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй

Исай 9:7

Матфейы 1:1

Райгуырдзӕн ӕнӕвнӕлд чызгӕн

Исай 7:14

Матфейы 1:18, 22, 23

Райгуырдзӕн Вифлеемы

Михей 5:2

Матфейы 2:1, 5, 6

Хондзысты йӕ Еммануил b

Исай 7:14

Матфейы 1:21–23

Мӕгуыр бинонты ’хсӕн райгуырдзӕн

Исай 53:2

Лукайы 2:7

Куы райгуыра, уый фӕстӕ гыццыл сывӕллӕтты амардзысты

Йереми 31:15

Матфейы 2:16–18

Египетӕй йӕ ракӕндзысты

Оси 11:1

Матфейы 2:13–15

Схондзысты йӕ назаретаг c

Исай 11:1

Матфейы 2:23

Йӕ разӕй фидиуӕг ӕрвыст уыдзӕн

Малахи 3:1

Матфейы 11:7–10

Мессийӕ суыдзӕн нӕ эрӕйы 29 азы d

Данел 9:25

Матфейы 3:13–17

Хуыцау ӕй схондзӕн йӕ Фырт

Псалом 2:7

Хъуыддӕгтӕ 13:33, 34

Хуыцауы хӕдзары мӕт ӕй хӕрдзӕни

Псалом 69:9

Иоанны 2:13–17

Хорз хабар хъусын кӕндзӕн

Исай 61:1

Лукайы 4:16–21

Галилейӕйы йӕ лӕггад ӕмбисонды рухсы хуызӕн уыдзӕн

Исай 9:1, 2

Матфейы 4:13–16

Моисейау диссаджы хъуыддӕгтӕ араздзӕн

Дыккаг закъон 18:15

Хъуыддӕгтӕ 2:22

Моисейау Хуыцауы номӕй дзурдзӕн

Дыккаг закъон 18:18, 19

Иоанны 12:49

Бирӕты сдзӕбӕх кӕндзӕн

Исай 53:4

Матфейы 8:16, 17

Адӕмы ӕргом йӕхимӕ не здахдзӕн

Исай 42:2

Матфейы 12:17, 19

Ӕфхӕрд адӕмӕн тӕригъӕд кӕндзӕн

Исай 42:3

Матфейы 12:9–20; Марчы 6:34

Бамбарын кӕндзӕн, цы у Хуыцауы рӕстдзинад

Исай 42:1, 4

Матфейы 12:17–20

Диссаджы уынаффӕгӕнӕг

Исай 9:6, 7

Иоанны 6:68

Хуыцауы номы тыххӕй дзурдзӕн

Псалом 22:22

Иоанны 17:6

Фӕсномыг ныхӕстӕ дзурдзӕн

Псалом 78:2

Матфейы 13:34, 35

Разамонӕг

Данел 9:25

Матфейы 23:10

Бирӕтӕ йыл нӕ баууӕнддзысты

Исай 53:1

Иоанны 12:37, 38

Кӕуыл фӕкӕлдзысты, ахӕм дур суыдзӕн

Исай 8:14, 15

Матфейы 21:42–44

Адӕм ыл сӕхи атигъ кӕндзысты

Псалом 118:22, 23

Хъуыддӕгтӕ 4:10, 11

Никӕмӕн ницы кӕндзӕн, афтӕмӕй дзы се сӕфт уындзысты

Псалом 69:4

Иоанны 15:24, 25

Иерусалиммӕ паддзахы цыд бакӕндзӕн хӕрӕгыл

Захари 9:9

Матфейы 21:4–9

Сывӕллӕттӕ йӕ кадджын кӕндзысты

Псалом 8:2

Матфейы 21:15, 16

Йегъовӕйы номӕй ’рцӕудзӕн

Псалом 118:26

Иоанны 12:12, 13

Йе ’ввахс ӕмбал ӕй ауӕй кӕндзӕн

Псалом 41:9

Иоанны 13:18

30 ӕвзист ӕхцайыл ӕй ауӕй кӕндзысты e

Захари 11:12, 13

Матфейы 26:14–16; 27:3–10

Йе ’мбӕлттӕ йӕ ныууадздзысты

Захари 13:7

Матфейы 26:31, 56

Мӕнг ӕвдисӕнтӕ йӕ ныхмӕ дзурдзысты

Псалом 35:11

Матфейы 26:59–61

Чи йӕ аххосджын кӕндзӕн, уыдоны раз ницы дзурдзӕн

Исай 53:7

Матфейы 27:12–14

Тутӕ йыл кӕндзысты

Исай 50:6

Матфейы 26:67; 27:27, 30

Йӕ сӕр ын лӕдзӕгӕй фӕхойдзысты

Михей 5:1

Марчы 15:19

Ехсӕй йӕ фӕнӕмдзысты

Исай 50:6

Иоанны 19:1

Куы йӕ нӕмой, уӕд ӕнцад лӕудзӕн

Исай 50:6

Иоанны 18:22, 23

Хицӕуттӕ иумӕ йӕ ныхмӕ суыдзысты

Псалом 2:2

Лукайы 23:10–12

Хъӕдмӕ йӕ йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕй зӕгӕлтӕй ныххойдзысты

Псалом 22:16

Матфейы 27:35; Иоанны 20:25

Йӕ дарӕсыл ын хӕлттӕ ӕппардзысты

Псалом 22:18

Иоанны 19:23, 24

Тӕригъӕдджыныл ӕй банымайдзысты

Исай 53:12

Матфейы 27:38

Ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ йын кӕндзысты, хынджылӕг дзы кӕндзысты

Псалом 22:7, 8

Матфейы 27:39–43

Тӕригъӕдджынты тыххӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн

Исай 53:5, 6

1 Петры 2:23–25

Афтӕ йӕм кӕсдзӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау ныууагъта

Псалом 22:1

Марчы 15:34

Ратдзысты йын туаг сӕн ӕмӕ мастимӕ хӕццӕ сӕн

Псалом 69:21

Матфейы 27:34

Йӕ мӕлӕты размӕ дойны кӕндзӕн

Псалом 22:15

Иоанны 19:28, 29

Йӕ уд Хуыцауы къухтӕм ратдзӕн

Псалом 31:5

Лукайы 23:46

Йӕ цард ратдзӕн

Исай 53:12

Марчы 15:37

Йӕ цард нывондӕн ратдзӕн, цӕмӕй тӕригъӕд сӕфт ӕрцӕуа

Исай 53:12

Матфейы 20:28

Йе стджытӕ саст не ’рцӕудзысты

Псалом 34:20

Иоанны 19:31–33, 36

Барӕхойдзысты йӕ

Захари 12:10

Иоанны 19:33–35, 37

Хъӕздгуытимӕ йӕ бавӕрдзысты

Исай 53:9

Матфейы 27:57–60

Райгас уыдзӕн

Псалом 16:10

Хъуыддӕгтӕ 2:29–31

Чи йӕ ауӕй кӕндзӕн, уый бӕсты ӕндӕры равзардзысты

Псалом 109:8

Хъуыддӕгтӕ 1:15–20

Хуыцауы рахиз фарс ӕрбаддзӕн

Псалом 110:1

Хъуыддӕгтӕ 2:34–36

a Макклинток ӕмӕ Стронджы энциклопедийы фыст ис: «Ӕппындӕр дызӕрдыггаг нӕу, дзуттӕгты хӕдзарвӕндӕгты ӕмӕ бинонты номхыгъдтӕ кӕй фесӕфтысты, Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд, уымӕй раздӕр нӕ».

b Дзуттаг ном Еммануил нысан кӕны «Хуыцау ис немӕ» ӕмӕ хорз ӕвдисы, Йесо Мессийӕ кӕй уыд ӕмӕ йыл цы хӕс уыд, уый. Йӕ зӕххон цардӕй ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй сбӕлвырд кодтой, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытимӕ кӕй ис (Лукайы 2:27–32; 7:12–16).

c Дзырд «назаретаг», ӕвӕццӕгӕн, равзӕрд дзуттаг дзырд не́цер-ӕй ӕмӕ нысан кӕны «тау».

d Мессийӕ нӕ эрӕйы 29 азы кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй фылдӕр базон статьяйӕ «Данелы пехуымпарад Мессийӕйы ӕрцыды тыххӕй».

e Ацы пехуымпарад фыст ис Захарийы чиныджы, фӕлӕ Матфей загъта, «пехуымпар Йеремийы» ныхӕстӕ кӕй сты (Матфейы 27:9). Ӕвӕццӕгӕн-иу хатгай Йеремийы чиныг уыд фыццаг, Фыстады «Пехуымпартӕ» чи хуынди, уыцы хайы (Лукайы 24:44). Уӕдӕ Матфей «Йеремийы» кой куы скодта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хъуыдыйы уыдысты, уыцы хайы цы чингуытӕ уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ Захарийы чиныг дӕр уыдонмӕ хауд.