Матфейы 20:1—34

20  Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, райсомӕй раджы йӕ сӕнӕфсирдонмӕ кусджытӕ баххуырсынмӕ чи рацыд, ахӕм адӕймагимӕ+.  Кусджытимӕ бон фӕйнӕ динарыл* баныхас кодта+, ӕмӕ сӕ стӕй йӕ сӕнӕфсирдонмӕ арвыста.  Ӕртыккаг сахатмӕ+ ’ввахс* дӕр та рацыд ӕмӕ ма базары фӕзы федта ноджы кӕйдӕрты ӕгуыстӕй лӕугӕ+  ӕмӕ сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ, ӕмӕ уын цы ’мбӕла, уый уын ратдзынӕн“.  Ӕмӕ уыдон дӕр ацыдысты. Уый фӕстӕ та рацыди ӕхсӕзӕм*+ сахатмӕ ’ввахс, стӕй та фарӕстӕм сахатмӕ+ ’ввахс* дӕр ӕмӕ та афтӕ бакодта.  Фӕстаг хатт ма рацыд иуӕндӕсӕм сахатмӕ ’ввахс* ӕмӕ уым лӕугӕ баййӕфта ноджыдӕр кӕйдӕрты, ӕмӕ сӕ бафарста: „Ӕнӕхъӕн бон ӕгуыстӕй цӕмӕн лӕуут?“  Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста“. Ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр загъта: „Сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ ацӕут“+.  Куы баизӕр+, уӕд сӕнӕфсирдоны хицау, йӕ исбон кӕй бар уыди, уымӕн загъта, зӕгъгӕ, кусджытӕм фӕдзур ӕмӕ сын сӕ мызд бафид+ – райдай фӕстӕгтӕй ӕмӕ фӕу фыццӕгтӕй.  Кусынмӕ иуӕндӕсӕм сахатыл чи ’рбацыд, уыдонӕй алчидӕр райста фӕйнӕ динары. 10  Уымӕ гӕсгӕ, фыццӕгтӕ куы ’рбацыдысты, уӕд ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ фылдӕр райсдзысты. Фӕлӕ уыдон дӕр райстой фӕйнӕ динары. 11  Ӕмӕ уӕд сӕнӕфсирдоны хицауыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой+: 12  „Мӕнӕ фӕстагмӕ кӕй ӕрбакодтай, уыдон дын иу сахат йеддӕмӕ нӕ бакуыстой, ӕмӕ сын махимӕ ӕмхуызон бафыстай, кӕд ӕмӕ мах та уыцы тӕвды ӕнӕхъӕн бон фӕфыдӕбон кодтам“. 13  Фӕлӕ дзы хицау сӕ иуӕн афтӕ зӕгъы: „Мӕ хӕлар, куы ницӕмӕй дӕ фӕсайдтон. Иу динарыл нӕ баныхас кодтам?+ 14  Цы дӕм ӕмбӕлы, уый айс ӕмӕ ацу. Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ фӕстӕгтӕн дӕр, дӕуӕн цас бафыстон, уыйбӕрц раттон+. 15  Ау, цы мӕм ис, уый мӕ бар нӕу? Ӕви сӕм хӕларзӕрдӕ кӕй дӕн+, уый сын дӕ цӕст нӕ уарзы?“+ 16  Афтӕ фӕстӕгтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕ та – фӕстӕгтӕ»+. 17  Уый фӕстӕ Йесо, Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ, фӕндагыл йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы+ иуварс акодта ӕмӕ сын загъта: 18  «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ. Уым Адӕймаджы Фырты ратдзысты сауджынты хистӕрты ӕмӕ чиныджыдӕсныты къухтӕм, ӕмӕ йын уыдон мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты+. 19  Стӕй йӕ ратдзысты ӕндӕр адӕмты къухмӕ, цӕмӕй дзы уыдон фӕхынджылӕг кӕной, ехсӕй йӕ фӕнӕмой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтындзой+, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн»+. 20  Уӕд ӕм Зеведейы ус йӕ дыууӕ фыртимӕ бацыди+, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йӕм цӕйдӕр тыххӕй бахатыд+. 21  Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» Сылгоймаг загъта: «Дзырд мын ратт, дӕ паддзахады мӕ дыууӕ фыртӕй иу дӕ рахиз фарс кӕй ӕрбаддзӕн, иннӕ та – дӕ галиу фарс»+. 22  Йесо загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы къусӕй нуаздзынӕн+, уымӕй бануазын уӕ бон у?» Уыдон ын загътой: «Куыннӕ у». 23  Ӕмӕ сын уӕд уый загъта: «Мӕ къусӕй, бӕгуыдӕр, бануаздзыстут+, фӕлӕ мӕ рахиз фарс ӕмӕ мӕ галиу фарс чи ӕрбаддзӕн, уый мӕнӕй кӕнгӕ нӕу. Уыцы бынӕтты ӕрбаддзысты, мӕ Фыд сӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон»+. 24  Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд дыууӕ ӕфсымӕрмӕ смӕсты сты+. 25  Фӕлӕ сӕм Йесо фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ацы дунейы хицӕуттӕ сӕхи адӕмтӕн ӕлдӕрттӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ сын кадджын лӕгтӕ сӕхи хицау кӕй кӕнынц+. 26  Фӕлӕ сымах хъуамӕ афтӕ ма кӕнат+. Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй кадджын уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг+. 27  Ӕмӕ уӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй уа фыццаг, уый уын хъуамӕ уа цагъар+. 28  Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна+ ӕмӕ йӕ уд* ратта бирӕты балхӕныны* тыххӕй»+. 29  Иерихонӕй+ куы рараст сты, уӕд сӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм. 30  Уым фӕндаггӕрон бадти дыууӕ куырм лӕджы, ӕмӕ, Йесо сӕ рӕзты кӕй фӕцӕуы, уый куы фехъуыстой, уӕд хъӕр кӕнын райдыдтой: «Хицау, Давиды Фырт, батӕригъӕд нын кӕн!»+ 31  Фӕлӕ сыл адӕм схъӕртӕ кодтой, басабыр ут, зӕгъгӕ. Уыдон та ноджы тынгдӕр байдыдтой хъӕр кӕнын: «Хицау, Давиды Фырт, батӕригъӕд нын кӕн!»+ 32  Уӕд Йесо ӕрлӕууыд, фӕдзырдта сӕм ӕмӕ сӕ бафарста: «Цӕмӕй уын баххуыс кӕнон?» 33  Уыдон ын загътой: «Хицау, цӕстӕй нӕ ракӕсын кӕн»+. 34  Йесо сын фӕтӕригъӕд кодта, сӕ цӕстытӕм сын бавнӕлдта+, ӕмӕ уайтагъд цӕстӕй ракастысты. Ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр йӕ фӕдыл ацыдысты+.

Фиппаинӕгтӕ

Динар – ромаг ӕвзист ӕхца, йӕ уӕз уыд 3,85 г. Иу динар уыд кусӕгӕн йӕ боны мызд.
Ома райсомы 9 сахатмӕ ’ввахс, хурыскастӕй нымайгӕйӕ.
Ома боны 12 сахатмӕ ’ввахс, хурыскастӕй нымайгӕйӕ.
Ома боны 3 сахатмӕ ’ввахс, хурыскастӕй нымайгӕйӕ.
Ома изӕры 5 сахатмӕ ’ввахс, хурыскастӕй нымайгӕйӕ.
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «бирӕты тыххӕй ахӕсты аргъ бафидыны».