Исай 42:1—25

42  Мӕнӕ мӕ лӕггадгӕнӕг+, ӕз кӕмӕн ӕххуыс кӕнын, уый!+ Уый у ме ’взӕрст адӕймаг+, мӕ зӕрдӕйы* фӕндиаг адӕймаг!+ Ӕз ӕй мӕ тыхӕй* схайджын кодтон+. Уый адӕмтӕн ӕрхӕсдзӕн рӕстдзинад+.  Уый хъӕрныхас нӕ кӕндзӕн, йӕ хъӕр нӕ райхъуысдзӕн ӕмӕ йын уынджы йӕ хъӕлӕс ничи фехъусдзӕн+.  Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн+, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ* нӕ ахуыссын кӕндзӕн. Уый уыдзӕн иузӕрдион ӕмӕ ӕрхӕсдзӕн рӕстдзинад+.  Не ’рлӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ йӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн, цалынмӕ зӕххыл рӕстдзинад не ’рфидар кӕна+. Ӕмӕ сакъадӕхтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты йӕ закъонмӕ+.  Афтӕ зӕгъы ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ, арв чи сфӕлдыста+ ӕмӕ йӕ чи айтыгъта, уыцы Стыр Хуыцау+, зӕхх чи ӕрӕвӕрдта+ ӕмӕ йыл цы ис, уыдон чи дӕтты+, цы адӕм ыл цӕры+, уыдонӕн улӕфт+ чи дӕтты, чи йыл цӕуы, уыдонӕн – царды тых*+:  «Ӕз, Йегъовӕ, дӕумӕ фӕдзырдтон рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+ ӕмӕ дын дӕ къухыл ныххӕцыдтӕн+. Ӕз дӕ хъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ратдзынӕн адӕмӕн бадзырдӕн+ ӕмӕ адӕмтӕн уыдзынӕ рухс+,  цӕмӕй куырмыты цӕстытӕ байгом кӕнай+, цӕмӕй ахст адӕмы талынг ахӕстонӕй ракӕнай+, ахӕстонӕй – талынджы чи бады, уыдоны+.  Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном+. Ӕз мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн+, къухӕйконд хуыцӕуттӕн+ нӕ ратдзынӕн мӕ кад, мӕ намыс+.  Райдианы загъд цы уыд, уыдон сӕххӕст сты+, ныр та дзурын ног хабӕрттӕ. Нырма сӕ кой дӕр нӕй, ӕз та уын сӕ хъусын кӕнын»+. 10  Денджызӕй+ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уымӕй чи цӕры, уыдон, сакъадӕхтӕ ӕмӕ сыл чи цӕры, уыцы адӕм+, Йегъовӕйӕн ног зарӕг зарут+, зӕххы кӕрон дӕр зарут йӕ кадӕн+. 11  Ӕдзӕрӕг быдырӕн+, йӕ горӕттӕн ӕмӕ, Кедар кӕм цӕры, уыцы хъӕутӕн сӕ хъӕлӕс айзӕлӕд+. Къӕдзӕхтыл чи цӕры+, уыдон фырцинӕй хъӕр кӕнӕнт. Адӕм хъӕр кӕнӕнт хӕхты сӕртӕй. 12  Сбӕрзонд кӕнӕнт Йегъовӕйӕн йӕ кад+, сакъадӕхтыл ӕй кадджын кӕнӕнт+. 13  Йегъовӕ тыхджын лӕгау рацӕудзӕн+. Хӕстон лӕгау йӕ удӕй арт уадздзӕн+. Уый ныхъхъӕр кӕндзӕн, тохы хъӕр ныккӕндзӕн+ ӕмӕ равдисдзӕн, йе знӕгтӕй тыхджындӕр кӕй у+. 14  «Ӕз бирӕ фӕлӕууыдтӕн ӕнцад+. Ницы дзырдтон+, мӕхиуыл хӕцыдтӕн+. Фӕлӕ ныр арӕг сылгоймагау хъӕрздзынӕн, тыхулӕфт кӕндзынӕн+. 15  Ныппырх кӕндзынӕн+ хӕхтӕ ӕмӕ къуыбыртӕ, цыдӕриддӕр сыл зайы, уыдон бахус кӕндзынӕн. Цӕугӕдӕттӕ фестын кӕндзынӕн сакъадӕхтӕ, цадтӕн сӕ дон байсысын кӕндзынӕн+. 16  Куырмыты акӕндзынӕн, кӕй нӕ зыдтой, уыцы фӕндагыл+, акӕндзынӕн сӕ ӕнӕзонгӕ фӕндагыл+. Сӕ размӕ сын талынг бынӕттӕ срухс кӕндзынӕн+, къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ зӕхх слӕгъз кӕндзынӕн+. Ӕз сын адӕттӕ сараздзынӕн ӕмӕ сӕ нӕ ныууадздзынӕн»+. 17  Йӕ зӕрдӕ къухӕйконд хуыцӕуттыл чи дары+, ӕфсӕйнаг хуыцӕуттӕн афтӕ чи дзуры, сымах стут нӕ хуыцӕуттӕ+, зӕгъгӕ, уыдон лидзӕг фӕуыдзысты ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты. 18  Байхъусут, къуырматӕ. Дзӕбӕх акӕсут, куырмытӕ, цӕмӕй фенат+. 19  Цымӕ ма мӕ лӕггадгӕнӕджы хуызӕн куырм исчи у? Исчи ма у, кӕй ӕрвитын, уыцы минӕвары хуызӕн къуырма? Йӕ хӕрзиуӕг чи райста, уый куыд куырм у кӕнӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг куыд куырм у, ахӕм куырм ма исчи у?+ 20  Цас цыдӕртӕ федтай, фӕлӕ дӕ хъус ницӕмӕ ӕрдардтай+. Дӕ хъустӕ уыдысты гом, фӕлӕ ницы хъуыстай+. 21  Йегъовӕйы йӕ рӕстдзинады+ номыл бафӕндыд йӕ закъон бӕрзонд сисын+ ӕмӕ йӕ скадджын кӕнын. 22  Фӕлӕ ацы адӕмы бастыгътой, цы сӕм уыди, уыдон сын фӕхастой+, се ’ппӕты дӕр лӕгӕтты бакодтой, ныппӕрстой сӕ ахӕстӕтты+. Стигъджыты амӕттаг баисты, ӕмӕ сӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй+, сӕ амӕттаг баисты, ӕмӕ ничи зӕгъы: «Фӕстӕмӕ сӕ ӕрбакӕнут!» 23  Сымахӕй адӕттӕм йӕ хъус чи ’рдардзӕн? Йе ’ргом чи раздахдзӕн ӕмӕ дзы сомбонмӕ йӕхицӕн зонд чи райсдзӕн?+ 24  Иаковы чи бакодта стигъджыты амӕттаг, Израилы сӕ къухтӕм чи радта? Уый Йегъовӕ нӕ уыди? Уый раз ракодтой тӕригъӕд, уый фӕндӕгтыл сӕ нӕ фӕндыд цӕуын ӕмӕ уый закъонмӕ нӕ хъуыстой+. 25  Ӕмӕ Уый дӕр Израилыл йӕ фыдӕх, йӕ маст ӕмӕ йӕ хӕсты цӕхӕр калдта+. Уыцы цӕхӕр ӕй алырдыгӕй сыгъта+, фӕлӕ йӕм нымады дӕр нӕ уыд+. Йӕ алыварс сыгъди, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ ницы айста+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уды».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «фител».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.