Хъуыддӕгтӕ 4:1—37

4  Петр ӕмӕ Иоанн адӕмимӕ куыд ныхас кодтой, афтӕ сауджынты хистӕртӕ, кувӕндон хъахъхъӕнджыты хистӕр+ ӕмӕ саддукейтӕ+ сӕ уӕлхъус алӕууыдысты.  Адӕмӕн Хуыцауы ныхас кӕй амыдтой ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый ӕргом кӕй хъусын кодтой ӕмӕ уый Йесойы хабарӕй кӕй бӕлвырд кодтой, уый тыххӕй сӕм мӕсты кодтой+,  ӕмӕ сӕ ӕрцахстой ӕмӕ сӕ иннӕ бонмӕ ахӕстоны бакодтой+, уымӕн ӕмӕ баизӕр.  Фӕлӕ, апостолты ныхӕстӕм чи хъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ баууӕндыдысты+, ӕмӕ фондз мин адӕймаджы бӕрц систы уырнджытӕ+.  Дыккаг бон Иерусалимы ӕрӕмбырд сты дзуттӕгты разамонджытӕ, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ+,  стӕй ма сауджынты хистӕр Аннӕ+, Кайафӕ+, Иоанн, Алыксандр ӕмӕ сауджынты хистӕрӕн йӕ иннӕ хиуӕттӕ дӕр.  Ӕмӕ Петр ӕмӕ Иоанны астӕуӕй ӕрлӕууын кодтой ӕмӕ сӕ фӕрсын райдыдтой: «Уыцы хъуыддаг кӕй хъаруйӕ ӕмӕ кӕй номӕй бакодтат?»+  Уӕд Петр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй+ схайджын ӕмӕ сын загъта: «Израилы адӕмы разамонджытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ,  кӕд нӕ абон уымӕй фӕрсут, ӕмӕ ацы къуылых лӕгӕн+ уыцы хорздзинад чи ракодта ӕмӕ йӕ чи сдзӕбӕх кодта, 10  уӕд ӕй уе ’ппӕт дӕр зонут, стӕй йӕ зонӕнт ӕгас Израилы адӕм дӕр: ацы лӕг уӕ разы дзӕбӕхӕй лӕууы назаретаг+ Йесо Чырыстийы номы фӕрцы, сымах хъӕдыл кӕй байтыгътат+ ӕмӕ Хуыцау ӕртыккаг бон мӕрдтӕй кӕй райгас кодта+, уый номы фӕрцы! 11  Уый у, „сымах, аразджытӕ, ницӕйагыл кӕй банымадтат, фӕлӕ фисыны сӕйраг дур чи сси, уыцы дур“+. 12  Стӕй фервӕзӕн дӕр ӕндӕр никӕй фӕрцы ис+, уымӕн ӕмӕ арвы бын Хуыцау ӕндӕр никӕмӕн радта ахӕм ном – ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы фервӕздзыстӕм»+. 13  Петр ӕмӕ Иоанн куыд ныфсджынӕй дзурынц, уый куы федтой, стӕй сӕм ахуырдзинад кӕй нӕй* ӕмӕ хуымӕтӕг+ адӕм кӕй сты, уый куы бамбӕрстой, уӕд дисы бафтыдысты. Уалынмӕ сӕ базыдтой, уыдон дӕр-иу Йесоимӕ кӕй уыдысты+, 14  фӕлӕ, чи сдзӕбӕх, уыцы лӕг дӕр семӕ кӕй лӕууыд+, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон ницы уыди сӕ ныхмӕ сдзурын+. 15  Ӕмӕ сӕ уӕд Сӕйраг тӕрхондоны галуанӕй ӕддӕмӕ рарвыстой ӕмӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой: 16  «Ацы адӕмӕн цы бакӕнӕм?+ Ӕцӕгдӕр стыр диссаг сарӕзтой, ӕмӕ уый тыххӕй Иерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр зонынц+ ӕмӕ афтӕ куыд зӕгъӕм, нӕ уыди, зӕгъгӕ. 17  Фӕлӕ цӕмӕй уыцы хабар адӕмыл дарддӕр ма айхъуыса, уый тыххӕй сӕм бартхъирӕн кӕнӕм ӕмӕ сын зӕгъӕм, цӕмӕй ацы номӕй* макӕмӕнуал мацы дзурой»+. 18  Ӕмӕ сӕм уӕд фӕдзырдтой ӕмӕ сӕ карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй макуыуал мацы дзырдтаиккой ӕмӕ макӕйуал ахуыр кодтаиккой. 19  Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн загътой: «Уӕхӕдӕг-ма ахъуыды кӕнут, Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ сымахмӕ куы хъусӕм, уӕд уый Хуыцауы раз раст уыдзӕн? 20  Мах уын зӕгъӕм: цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу»+. 21  Уӕд сӕм ноджыдӕр бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕй тыххӕй бафхӕрдтаиккой, уымӕн ницы ӕфсон уыди, стӕй адӕмӕй дӕр тарстысты+, уымӕн ӕмӕ уыцы хабары тыххӕй иууылдӕр Хуыцауы кадджын кодтой – 22  йӕ низӕй диссаджы хуызы чи сдзӕбӕх, уыцы лӕгыл цыппор азӕй фылдӕр цыди. 23  Куы сӕ рауагътой, уӕд иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ацыдысты+ ӕмӕ сын радзырдтой, сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ сын хистӕр лӕгтӕ цы загътой, уыдӕттӕ. 24  Уым чи уыд, уыдон уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыстой, уӕд иумӕ Хуыцаумӕ скуывтой+: «О Дунедарӕг+ Хуыцау, ды сфӕлдыстай арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый!+ 25  Ды нӕ фыдӕл Давиды+, дӕ лӕггадгӕнӕджы, дӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодтай ӕмӕ уый дзыхӕй загътай: „Цӕуыл змӕнтынц адӕмтӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ цӕмӕн фӕнд кӕнынц, кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ?+ 26  Зӕххон паддзӕхтӕ сыстадысты, ӕмӕ хицӕуттӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй рацӕуой Йегъовӕйы ныхмӕ ӕмӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ*+. 27  Афтӕ Ирод* ӕмӕ Понтий Пилат+ ӕндӕр адӕмтимӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ ӕрӕмбырд сты ацы горӕты дӕ сыгъдӕг+ лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ, ды дӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрстай+, уый ныхмӕ. 28  Уыдон ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй сӕххӕст кодтаиккой, ды бирӕ раздӕр цы загътай, уый. Ды уыцы хабар ӕрцӕуын кодтай дӕ тыхы фӕрцы, дӕ фӕндмӕ гӕсгӕ+. 29  Ӕмӕ сын ныр, о Йегъовӕ, фехъус се ’ртхъирӕнтӕ+ ӕмӕ дӕ цагъартӕн баххуыс кӕн, дӕ ныхас дын ныфсджынӕй куыд дзурой+, 30  уымӕн ӕмӕ ды дӕ тыхӕй дзӕбӕх кӕныс рынчынты, ӕмӕ дӕ сыгъдӕг лӕггадгӕнӕг+ Йесойы номӕй+ арӕзт цӕуынц алыхуызон нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ»+. 31  Ӕмӕ куывд куы фесты, уӕд, кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы хӕдзар банкъуысыд+, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты+ ӕмӕ Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзырдтой+. 32  Цы бирӕ адӕм баууӕндыд, уыдон уыдысты ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд*+. Сӕ иу дӕр афтӕ нӕ дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ мулк мӕхи у, фӕлӕ сын алцыдӕр уыд иумӕйаг+. 33  Ӕмӕ, Хицау Йесо кӕй райгас, уый тыххӕй апостолтӕ тынг ӕнтыстджынӕй хъусын кодтой+. Ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕтӕн дӕр йе стыр хорзӕхӕй рӕдауӕй хай кодта. 34  Се ’хсӕн, хъуаг чи ӕййӕфта, иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕ уыд+, уымӕн ӕмӕ, зӕххытӕ ӕмӕ хӕдзӕрттӕ кӕмӕн уыди, уыдон сӕ уӕй кодтой ӕмӕ ӕхца 35  апостолтӕм хастой+. Ӕмӕ-иу апостолтӕ уыцы ӕхца байуӕрстой+, хъуаг чидӕриддӕр ӕййӕфта, уыдоныл. 36  Афтӕ кипраг левит Иосиф дӕр,– апостолтӕ йӕ схуыдтой Варнавӕ+, ома «Рӕвдыддзинады фырт»,– 37  йӕ зӕххы хай ауӕй кодта ӕмӕ ӕхца апостолтӕм ӕрбахаста+.

Фиппаинӕгтӕ

Ӕвӕц., амоны, дзуттаг дины скъолаты кӕй нӕ ахуыр кодтой, уымӕ.
Ома Йесойы номӕй.
Ома Чырыстийы ныхмӕ.
Кӕс Лк 3:1, фип.
Комк. «уыди сын иу зӕрдӕ ӕмӕ уд».