Матфейы 4:1—25

4  Уый фӕстӕ Йесойы Хуыцауы сыгъдӕг тых акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ+, ӕмӕ йӕ уым Хӕйрӕг* фӕлвӕрдта+.  Йесо цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы ницы бахордта+, ӕмӕ фӕстагмӕ сӕххормаг.  Уӕд ӕм Хӕйрӕг+ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ+, уӕд ацы дуртӕн зӕгъ, ӕмӕ дзултӕ фестой».  Фӕлӕ йын уый загъта: «Фыст у: „Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр“»+.  Уӕд ӕй Хӕйрӕг акодта сыгъдӕг горӕтмӕ+, кувӕндоны алыварс цы къул уыд, уый сӕр ӕй ӕрлӕууын кодта  ӕмӕ йын загъта: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд дӕхи ардыгӕй аппар+, уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн дӕ бафӕдзӕхсдзӕн, ӕмӕ дӕ сӕ къухтыл ахӕсдзысты, цӕмӕй дӕ къах дурыл ма скъуырай“»+.  Йесо та йын загъта: «Афтӕ дӕр фыст у: „Ма фӕлвар дӕ Хуыцау Йегъовӕйы“»+.  Уӕд та йӕ Хӕйрӕг скодта тынг бӕрзонд хохмӕ ӕмӕ йын равдыста дунейы+ ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад,  ӕмӕ йын загъта: «Ӕппӕт адӕттӕ дын ратдзынӕн+, дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд»+. 10  Уӕд ын Йесо загъта: «Ацу ардыгӕй, Сайтан! Фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув+ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн+ лӕггад кӕн“»+. 11  Уӕд ӕй Хӕйрӕг ныууагъта+, ӕмӕ Йесомӕ фӕзындысты зӕдтӕ ӕмӕ йын лӕггад кодтой+. 12  Уый фӕстӕ Йесо, Иоанны кӕй ӕрцахстой+, уый куы фехъуыста, уӕд йӕхи айста Галилейӕмӕ+. 13  Стӕй Назаретӕй ацыд Капернауммӕ+, денджызы былгӕрон, Завулон ӕмӕ Неффалимы+ зӕххытӕм ӕввахс цы горӕт уыд, уырдӕм, ӕмӕ уым ӕрцард, 14  цӕмӕй сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исай цы загъта, уый: 15  «О, Завулоны зӕхх ӕмӕ Неффалимы зӕхх, денджызмӕ фӕндагыл Иорданы иннӕ фарс чи ис, уыцы зӕхх, ӕндӕрбӕстаг адӕмты Галилейӕ!+ 16  Талынджы чи уыд+, уыцы адӕм федтой ӕмбисонды рухс+, ингӕнау талынг бӕстӕйы чи цард, уыдоныл хур+ скаст»+. 17  Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо райдыдта адӕмӕн хъусын кӕнын ӕмӕ дзурын: «Ӕрфӕсмон кӕнут+, уымӕн ӕмӕ уӕларвон паддзахад+ ӕрхӕстӕг». 18  Йесо Галилейӕйы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыд, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры, сӕ хызтӕ денджызы ӕппаргӕ,– Симоны+, хонынц ма йӕ Петр+ дӕр, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрейы,– уыдон уыдысты кӕсагахсджытӕ. 19  Ӕмӕ сын загъта: «Рацӕут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ»+. 20  Уыдон уайтагъд сӕ хызтӕ ныууагътой+ ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты. 21  Уырдыгӕй дарддӕр куы ацыд, уӕд федта ноджыдӕр дыууӕ ӕфсымӕры+ – Иаков ӕмӕ Иоанны, Зеведейы фыртты+. Уыдон сӕ фыд Зеведеимӕ бадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ сӕ хызтӕ ӕмпъызтой. Йесо сӕм фӕдзырдта, 22  ӕмӕ уыдон дӕр уайтагъд сӕ бӕлӕгъ ӕмӕ сӕ фыды уым ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты. 23  Уый фӕстӕ зилын байдыдта+ ӕгас Галилейӕйыл+, ӕмбырдгӕнӕнты*+ адӕмы ахуыр кодта, хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕмӕ дзӕбӕх кодта алыхуызон низтӕй рынчынты+ ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи уыд, уыдоны. 24  Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл+, ӕмӕ йӕм кодтой, алыхуызон низтӕ кӕй бадомдтой ӕмӕ чи удхар кодта, ахӕм рынчынты+, хӕйрӕджджынты, стӕй, суртӕ чи кодта, уыдоны+ ӕмӕ, паралич кӕй ныццавта, ахӕмты, ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодта. 25  Ӕмӕ йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм Галилейӕйӕ+, Дӕссахарӕй*, Иерусалимӕй+, Иудейӕйӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсӕй.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «цыбӕл чи кӕны, уый».
Комк. «синагогӕты».
Кӕнӕ «дӕс горӕтӕй».