Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цӕрӕгойтӕ куы амӕлынц, уӕд уӕлӕрвтӕм ацӕуынц?

Цӕрӕгойтӕ куы амӕлынц, уӕд уӕлӕрвтӕм ацӕуынц?

Дзуапп Библийӕ

 Библийы фыст ис, зӕххыл чи цӕры, уыдонӕй ӕрмӕст бӕлвырд нымӕц адӕм кӕй ацӕудзысты уӕлӕрвтӕм (Раргомад 14:1, 3). Уырдӕм уый тыххӕй ацӕудзысты, цӕмӕй Йесоимӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уой (Лукайы 22:28–30; Раргомад 5:9, 10). Адӕмӕн сӕ фылдӕр райгас уыдзысты зӕххыл дзӕнӕты цӕрынӕн (Псалом 37:11, 29).

 Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ йӕ хӕдзарон цӕрӕгойтӕ, зӕгъӕм куыйтӕ, куы амӕлынц, уӕд уӕлӕрвтӕм ацӕуынц. Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ, «уӕларвмӕ хуынд» кӕй фӕрцы ӕрцӕуынц, уыцы къахдзӕфтӕ цӕрӕгойтӕн сӕ бон нӕу саразын (Дзуттӕгтӕм 3:1). Уыцы къахдзӕфтӕ сты, зӕгъӕм, Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы базонын, ӕууӕндын сыл ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын (Матфейы 19:17; Иоанны 3:16; 17:3). Хуыцау ӕнустӕм цӕрынӕн ӕрмӕстдӕр адӕмы сфӕлдыста (Райдиан 2:16, 17; 3:22, 23).

 Хуыцау зӕххыл цӕрынӕн кӕй сфӕлдыста, уыдон цӕмӕй уӕлӕрвтӕм ацӕуой, уый тыххӕй хъуамӕ райгас уой (1 Коринфӕгтӕм 15:42). Библийы фыст ис цалдӕр хабары райгасдзинады тыххӕй (1 Паддзӕхты 17:17–24; 2 Паддзӕхты 4:32–37; 13:20, 21; Лукайы 7:11–15; 8:41, 42, 49–56; Иоанны 11:38–44; Хъуыддӕгтӕ 9:36–42; 20:7–12). Фӕлӕ чи райгас, уыдон иууылдӕр уыдысты адӕймӕгтӕ, цӕрӕгойтӕ нӕ, фӕлӕ.

 Цӕрӕгойтӕн удтӕ ис?

 Нӕй. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, адӕм дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕ дӕр сты удтӕ (Нымӕцтӕ 31:28, фип.). Афтӕ фыст дзы нӕй, ӕмӕ Хуыцау фыццаг адӕймаджы, Адамы, куы сфӕлдыста, уӕд ын уд радта, фӕлӕ дзы фыст ис, зӕгъгӕ, Адам «сси цӕрӕг уд» (Райдиан 2:7). Уд конд у «сыджытӕй» ӕмӕ «царды улӕфтӕй».

 Удӕн йӕ бон амӕлын у?

 О, Библийы фыст ис, удтӕ кӕй мӕлынц (Левит 21:11, фип.; Йезекил 18:20). Адӕм кӕнӕ цӕрӕгойтӕ куы амӕлынц, уӕд фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхынц (Екклесиаст 3:19, 20). Ӕндӕр ныхасӕй – никуыуал вӕййынц a.

 Цӕрӕгойтӕ тӕригъӕдтӕ аразынц?

 Нӕ аразынц. Тӕригъӕд фӕаразы, йӕ хъуыдытӕ, йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ кӕнӕ йӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауы уагӕвӕрдты ныхмӕ кӕмӕн вӕййынц, уый. Тӕригъӕд у, исчи, хорз цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбаргӕйӕ раст уынаффӕ куы нӕ рахӕссы. Цӕрӕгойтӕн та сӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын нӕу. Цы гыццыл рӕстӕг цӕрынц, уыцы рӕстӕджы дӕргъы сӕйраджыдӕр фӕархайынц инстинкттӕм гӕсгӕ (2 Петры 2:12). Ӕмӕ фӕстагмӕ амӕлынц, кӕд тӕригъӕдтӕ нӕ фӕаразынц, уӕддӕр.

 Цӕрӕгойтӕн фыдмитӕ кӕнӕн ис?

 Нӕй. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕмӕн цӕрӕгойтыл сӕ бар цыдаид, фӕлӕ сын уый бар нӕ радта, цӕмӕй сын фыдмитӕ кодтаиккой (Райдиан 1:28; Псалом 8:6–8). Хуыцау тыхсы алы цӕрӕгойыл дӕр, суанг гыццыл цъиутыл дӕр (Ионӕ 4:11; Матфейы 10:29). Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй цӕрӕгойтыл тыхсой (Рацыд 23:12; Дыккаг закъон 25:4; Ӕмбисӕндтӕ 12:10).

a Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс чиныг «Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?», 6 сӕр.