Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Уӕлӕрвтӕм чи ацӕуы?

Уӕлӕрвтӕм чи ацӕуы?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцау иузӕрдион чырыстӕттӕй кӕйдӕрты равзары, цӕмӕй сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕларвон цардмӕ райгас уой (1 Петры 1:3, 4). Цӕмӕй уыцы хӕрзиуӕг райсой, уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы коммӕ кӕсой ӕмӕ дарддӕр дӕр сӕ уырнындзинад фидар кӕной (Ефесӕгтӕм 5:5; Филиппӕгтӕм 3:12–14).

Уӕлӕрвтӕм чи ацӕуы, уыдон уым цы кусдзысты?

 Уыдон Йесоимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ 1 000 азы (Раргомад 5:9, 10; 20:6). Уыдон уыдзысты «ног арв», ома уӕларвон хицауад, ӕмӕ разамынд дӕтдзысты «ног зӕххӕн», ома зӕххыл цы адӕм цӕрдзӕн, уыдонӕн. Зӕххӕн разамынд дӕтдзысты уӕлӕрвтӕй ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй цӕрой, Хуыцауы райдианы куыд фӕндыд, афтӕ (Исай 65:17; 2 Петры 3:13).

Уӕларвон цардмӕ цал адӕймаджы райгас уыдзӕн?

 Библийы фыст ис, уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзӕн 144 000 адӕймаджы (Раргомад 7:4). Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, «Сионы хохыл [кӕй] лӕууы Уӕрыкк, йемӕ та – сӕдӕ цыппор цыппар мины» (Раргомад 14:1–3). Ацы цӕстылуайӕны «Уӕрыкк» амоны, чи райгас, уыцы Йесо Чырыстимӕ (Иоанны 1:29; 1 Петры 1:19). «Сионы хох» та амоны, Йесо ӕмӕ, йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 цы бӕрзонд бынат ахсынц, уымӕ (Псалом 2:6; Дзуттӕгтӕм 12:22).

 Чырыстиимӕ Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы «ӕвзӕрстыты ӕмӕ иузӕрдионты» Библи хоны «гыццыл дзуг» (Раргомад 17:14; Лукайы 12:32). Уымӕй бӕрӕг у, Йесойы фысты иумӕ куы райсӕм, уӕд уыдонимӕ абаргӕйӕ афтӕ бирӕ кӕй нӕ уыдзысты (Иоанны 10:16).

Рӕдыд хъуыдытӕ, уӕлӕрвтӕм чи ацӕуы, уыдоны тыххӕй

 Рӕдыд хъуыды. Хорз адӕм иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ацӕуынц.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, хорз адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты (Псалом 37:11, 29, 34).

  •   Йесо загъта: «Иу адӕймаг дӕр уӕлӕрвтӕм не ссыд» (Иоанны 3:13). Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Йесойы мӕлӕты размӕ цы хорз адӕм амард, зӕгъӕм, Авраам, Моисей, Иов ӕмӕ Давид, уыдон уӕлӕрвтӕм нӕ ацыдысты (Хъуыддӕгтӕ 2:29, 34). Фӕлӕ сын уыд ныфс, зӕххыл цӕрынӕн кӕй райгас уыдзысты, уымӕй (Иов 14:13–15).

  •   Уӕлӕрвты цӕрынӕн чи райгас уыдзӕн, уыдоны тыххӕй Библийы фыст ис, «фыццаг чи райгас уа, уыдон», зӕгъгӕ (Раргомад 20:6). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ма уый фӕстӕ дӕр чидӕртӕ райгас уыдзысты. Ӕрмӕст райгас уыдзысты зӕххыл цӕрынӕн.

  •   Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд «нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:3, 4). Ацы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст уыдзӕн зӕххыл, уымӕн ӕмӕ уӕлӕрвты мӕлӕт никуы уыд.

 Рӕдыд хъуыды. Алчидӕр йӕхӕдӕг ӕвзары, уӕлӕрвты цӕрдзӕн ӕви зӕххыл.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хуыцау йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, иузӕрдион чырыстӕттӕй кӕй «ӕрхондзӕн», ома уӕларвон царды ныфс кӕмӕн ратдзӕн, уый (Филиппӕгтӕм 3:14). Хуыцауӕн уӕлӕрвты лӕггад кӕндзыстӕм ӕви ам зӕххыл, уый нӕхӕдӕг не ’взарӕм (Матфейы 20:20–23).

 Рӕдыд хъуыды. Уӕлӕрвты цӕрын зӕххыл цӕрынӕй хуыздӕр у. Зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты, уӕлӕрвты цӕрыны аккаг чи нӕу, ӕрмӕстдӕр уыдон.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдоны Хуыцау хоны «мӕ адӕм», «ме ’взӕрст адӕм» ӕмӕ «Йегъовӕйӕ арфӕгонд байзӕддаг» (Исай 65:21–23). Уыдон цӕрдзысты ӕнустӕм ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ зӕххӕй дзӕнӕт араздзысты. Уый у, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыд, уый (Райдиан 1:28; Псалом 115:16; Исай 45:18).

 Рӕдыд хъуыды. Раргомады цы нымӕц ис, 144 000, уый комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Раргомады цы нымӕцтӕ ис, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ комкоммӕ ӕмбарын хъӕуы. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, «Уӕрыччы дыууадӕс апостолы дыууадӕс номы», зӕгъгӕ (Раргомад 21:14). Кӕцӕй йӕ зонӕм, нымӕц 144 000 комкоммӕ ӕмбарын кӕй хъӕуы, уый?

 Раргомады 7:4 стихы фыст ис: «Мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ӕрцыди [ома, уӕлӕрвты цӕрынӕн ӕвзӕрст чи ’рцыд], уыдоны нымӕц – сӕдӕ цыппор цыппар мины». Дарддӕр та дзы дзырд цӕуы ӕндӕр къордыл – «тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди». Уыцы «тынг бирӕ адӕмы» дӕр Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн (Раргомад 7:9, 10). Уӕдӕ нымӕц 144 000 комкоммӕ ӕмбарын куы нӕ хъӕуид, фӕлӕ, чи аирвӕздзӕн, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ куы амонид, уӕд ма ӕндӕр адӕмы къорды кой кӕнын цӕмӕн хъуыдаид? a

 Уымӕй уӕлдай ма Библийы 144 000 тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «адӕмӕй фыццаг [комкоммӕ «фыццаг тыллӕгӕн», фиппаинаг] уыдон ӕрцыдысты ӕлхӕд» (Раргомад 14:4). Дзырдбаст «фыццаг тыллӕг» амоны ӕвзӕрстыты гыццыл къордмӕ. Уыцы гыццыл къорд сты, уӕлӕрвтӕй зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн разамынд чи дӕтдзӕн, уыдон (Раргомад 5:10).

a Раргомады 7:4 стихы цы нымӕц ис, ома 144 000, уый тыххӕй библииртасӕг Роберт Томас загъта: «Бӕлвырд нымӕц ныхмӕвӕрд цӕуы, 7:9 стихы цы ӕбӕлвырд нымӕц ис, уыимӕ. Кӕд ацы нымӕц комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, уӕд ацы чиныджы иу нымӕц дӕр комкоммӕ ӕмбарӕн нӕй» («Revelation 1-7: An Exegetical Commentary», 474 фарс).