Раргомад 14:1—20

14  Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ Сионы+ хохыл лӕууы Уӕрыкк+, йемӕ та – сӕдӕ цыппор цыппар мины+, йӕ ном ӕмӕ йӕ Фыды ном+ сӕ ныхтыл фыст кӕмӕн у, уыдон.  Ӕмӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуыст уынӕр – уыди бирӕ цӕугӕдӕтты+ хъӕры ӕмӕ тыхджын арвнӕрды гыбар-гыбуры хуызӕн. Ӕмӕ цы уынӕр фехъуыстон, уый уыди, цыма зарӕггӕнджытӕ сӕ дыууадӕстӕнон фӕндырты+ цагъдмӕ зарыдысты, ахӕм.  Ӕмӕ паддзахбадӕны раз, цыппар херувимы+ ӕмӕ хистӕр лӕгты+ раз цы зарыдысты+, уый уыди ног зарӕджы+ хуызӕн. Ӕмӕ никӕй бон уыди уыцы зарӕг сахуыр кӕнын, зӕххӕй ӕлхӕд+ чи ӕрцыди, уыцы сӕдӕ цыппор цыппар мины+ йеддӕмӕ.  Уыдон сӕхи сылгоймӕгтӕй нӕ фӕчъизи кодтой+, сты сыгъдӕг*+. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл+. Хуыцау ӕмӕ Уӕрыккӕн адӕмӕй фыццаг*+ уыдон ӕрцыдысты ӕлхӕд+.  Иу мӕнг ныхас дӕр никуы загътой+. Уыдон сты ӕнӕфау+.  Ӕмӕ федтон ӕндӕр зӕды арвы бӕрзӕндты тӕхгӕ+ – уымӕ уыд ӕнусон хорз хабар+, цӕмӕй зӕххыл цӕрджытӕн, ома алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн, хъусын кӕна цины хабар+,  ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй+ ӕмӕ йӕ скадджын кӕнут+, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд йӕ тӕрхоны сахат!+ Ӕмӕ бакувут арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ+ Сфӕлдисӕгӕн!»+  Уыцы зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд, дыккаг, ӕмӕ дзырдта: «Йе сӕфт ӕрцыд! Йе сӕфт ӕрцыд+ Стыр Вавилонӕн+, йӕ масты сӕнӕй, йӕ хӕтындзинады сӕнӕй+ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр чи бануазын кодта, уымӕн!»+  Уыдоны фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд, ӕртыккаг, ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Сырдӕн+ ӕмӕ йӕ нывӕн+ чи кувы, йӕ ныхыл кӕнӕ йӕ къухыл нысан ӕвӕрын чи бауагъта+, 10  уый дӕр нуаздзӕн Хуыцауы фыдӕхы сӕнӕй, Хуыцауы масты къусы чи ис, уыцы сыгъдӕг сӕнӕй+, ӕмӕ рухс зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕн+ арты ӕмӕ сондоны+. 11  Сӕ хъизӕмары фӕздӕг цӕудзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ+. Сырдӕн ӕмӕ йӕ нывӕн чи кувы, йӕ номы нысан+ йӕ уӕлӕ ӕвӕрын чи бауагъта, уыдон ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕнынц. 12  Уӕдӕ сыгъдӕджытӕ+, ома Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны+ ӕмӕ Йесойыл чи ӕууӕнды+, уыдон, хъуамӕ уой фидар». 13  Ӕмӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Ныффысс: амондджын сты, нырӕй фӕстӕмӕ+ Хицау Йесоимӕ+ иудзинады чи амӕлы, уыдон+. О, Хуыцауы сыгъдӕг тых зӕгъы, зӕгъгӕ, уадз ӕмӕ баулӕфӕнт сӕ фыдӕбӕттӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ фӕдыл цӕуынц». 14  Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон урс мигъ. Мигъыл бадти адӕймаджы фырты+ хуызӕн чидӕр. Йӕ сӕрыл уыд сызгъӕрин кадыхуд+, йӕ къухы та – цыргъ ӕхсырф. 15  Ӕмӕ ӕндӕр зӕд рахызти кувӕндоны сыгъдӕг бынатӕй ӕмӕ, мигъыл чи бадт, уымӕ ныхъхъӕр кодта: «Де ’хсырф рауадз ӕмӕ ӕркӕрд+, уымӕн ӕмӕ кӕрдыны афон+ ӕрцыд – зӕххыл хуымтӕ сцӕттӕ сты»+. 16  Уӕд, мигъыл чи бадт, уый йе ’хсырф зӕххыл рауагъта ӕмӕ зӕхх карст ӕрцыд. 17  Уӕларвон кувӕндоны сыгъдӕг бынатӕй+ ма рахызт ноджыдӕр иу зӕд, ӕмӕ уымӕ дӕр уыди цыргъ ӕхсырф. 18  Нывондхӕссӕны цурӕй ма рахызт ноджыдӕр иу зӕд – уымӕн йӕ бар цыди артыл+. Ӕмӕ, цыргъ ӕхсырф кӕмӕ уыди, уымӕ ныхъхъӕр кодта: «Дӕ цыргъ ӕхсырф рауадз ӕмӕ зӕххон сӕнӕфсиры цупӕлттӕ+ ӕрӕмбырд кӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ гагатӕ срӕгъӕд сты». 19  Ӕмӕ уыцы зӕд+ дӕр йе ’хсырф зӕххыл рауагъта, ӕмӕ зӕххон сӕнӕфсир+ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йӕ ныккалдта Хуыцауы масты стыр сӕндуцӕны+. 20  Ӕмӕ сӕнӕфсир лӕмӕрст ӕрцыд горӕты ӕдде+ сӕндуцӕны, ӕмӕ сӕндуцӕнӕй ракалд туг ӕмӕ бӕхты+ идӕтты къӕбӕлты онг схӕццӕ ӕмӕ аивылд иу мин ӕхсӕзсӕдӕ стадийы*+.

Фиппаинӕгтӕ

Ам цы грекъ. дзырд ис, уый амоны, сылгоймагимӕ ӕмуат чи никуы ’рцыд, ахӕм нӕлгоймӕгтӕм.
Комк. «фыццаг тыллӕгӕн».
300 км бӕрц. Рагон грекъӕгтӕ дӕргъ барстой стадитӕй, иу стади уыд 185 м.