Матфейы 19:1—30

19  Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Галилейӕйӕ араст ӕмӕ ӕрцыди Иудейӕйы арӕнтӕм, Иорданы иннӕ фарсмӕ+.  Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ уым сдзӕбӕх кодта+.  Уӕд та йӕм бацыдысты фарисейтӕ, ракъахӕм ӕй, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ бафарстой: «Лӕгӕн алцӕй тыххӕй дӕр ис йӕ усӕй хицӕн кӕныны бар?»+  Уый сын дзуапп радта: «Ау, нӕ кастыстут, райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста+,  ӕмӕ кӕй загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады+ ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ*, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“?+  Гъемӕ дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта*, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд»+.  Уыдон та йын загътой: «Ӕмӕ уӕд Моисей цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, лӕг йӕ усӕн гӕххӕтт раттӕд, кӕй дзы хицӕн кӕны, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ ауадзӕд?»+  Уый сын загъта: «Хивӕнд кӕй стут+, Моисей уын уымӕн радта уӕ устытӕй хицӕн кӕныны бар, фӕлӕ фыццаг афтӕ нӕ уыди+.  Зӕгъын уын: йӕ усмӕ хӕтыны* азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны»+. 10  Уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: «Кӕд афтӕ у, уӕд фӕлтау ус ма ракур»+. 11  Уый сын загъта: «Алкӕй бон нӕу афтӕ бакӕнын, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр, Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕмӕн у, уыдонӕн+. 12  Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ ус нӕ курынц, уымӕн ӕмӕ мады гуыбынӕй сахъат* рахастой+, ис ма ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕ адӕм фӕсахъат кодтой. Фӕлӕ ма ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ ус нӕ курынц уӕларвон паддзахады тыххӕй. Кӕмӕн у йӕ бон афтӕ бакӕнын, уый афтӕ бакӕнӕд»+. 13  Уӕд ӕм ӕрбакодтой гыццыл сывӕллӕтты, цӕмӕй сыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтаид ӕмӕ сын акуывтаид, фӕлӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ уагътой+. 14  Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ныууадзут сывӕллӕтты. Уадз ӕмӕ мӕм ӕрбацӕуой – уӕларвон паддзахад, ацы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, уыдоны у»+. 15  Ӕмӕ сыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта. Уый фӕстӕ уырдыгӕй ацыди+. 16  Уӕд ӕм ӕрбацыд иу чидӕр ӕмӕ йӕ бафарста: «Ахуыргӕнӕг, хорзӕй мӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон?»+ 17  Уый йын загъта: «Хорз цы у, уымӕй мӕн цы фӕрсыс? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у+. Фӕлӕ дӕ кӕд цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн»+. 18  Уӕд та йӕ уый бафарста: «Кӕцы фӕдзӕхстытӕй зӕгъыс?»+ Йесо йын дзуапп радта: «Кӕцы куы зӕгъай, уӕд: ма амар+, ма хӕт+, ма адав+, мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу+, 19  нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады+ ӕмӕ уарз иннӕты*, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ»+. 20  Уӕд ын лӕппу загъта: «Уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнын. Ноджыдӕр ма мӕ цы бакӕнын хъӕуы?» 21  Йесо йын дзуапп радта: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ ӕххӕст уай, уӕд ацу, дӕ фӕллӕйттӕ ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уыдзӕн хӕзна уӕлӕрвты+. Стӕй уӕд раздӕх ӕмӕ цу мӕ фӕдыл»+. 22  Ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ лӕппу ӕнкъардӕй ацыд, уымӕн ӕмӕ йӕм стыр фӕллӕйттӕ уыди+. 23  Йесо та йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: зын уыдзӕн хъӕздыгӕн уӕларвон паддзахадмӕ бацӕуын+. 24  Ӕмӕ уын ноджыдӕр зӕгъын: хъӕздыгӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины бын ауайын ӕнцондӕр у»+. 25  Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд тынг бадис кодтой ӕмӕ загътой: «Уӕдӕ уӕд чи фервӕздзӕн?»+ 26  Йесо сӕм бакаст ӕмӕ сын загъта: «Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон»+. 27  Уӕд ын Петр загъта: «Мах ӕппӕт дӕр нӕ ныууагътам ӕмӕ дӕ фӕдыл нӕ рацыдыстӕм? Цы нын уыдзӕн хорзӕй?»+ 28  Йесо сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт йӕ кадджын паддзахбадӕныл куы ӕрбада ӕмӕ ӕппӕт дӕр ногӕй куы араза, уӕд сымах дӕр, мӕ фӕдылдзӕуджытӕ, ӕрбаддзыстут дыууадӕс паддзахбадӕныл ӕмӕ тӕрхон кӕндзыстут Израилы дыууадӕс мыггагӕн+. 29  Мӕ номы тыххӕй йӕ хӕдзӕрттӕ, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууагъта, уый ссардзӕн, цы ныууагъта, уымӕй бирӕ фылдӕр ӕмӕ уыдзӕн ӕнусон цардӕй хайджын+. 30  Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та бирӕтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Рд 2:24, фип.
Комк. «иумӕ цы баифтыгъта».
Кӕс Уӕлӕмх. 11.
Комк. «ӕрдызт».
Кӕнӕ «дӕ хионы».