Йезекил 18:1—32

18  Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта:  «Сымах Израилы зӕххыл арӕх ӕрхӕссут ахӕм ӕмбисонд, зӕгъгӕ, фыд хӕры цъӕх сӕнӕфсир, цъӕх та систы фырты дӕндӕгтӕ. Фӕлӕ уӕ уымӕй цы зӕгъын фӕфӕнды?+  „Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– Израилы ацы ӕмбисонд нал дзурдзыстут.  Ӕппӕт удтӕ дӕр мӕн сты+. Мӕн у+ фыды уд+ дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи аразы+, уыцы уд* амӕлдзӕн+.  Кӕд адӕймаг рӕстӕй цӕры, раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ архайы+,  кӕд хӕхтыл+ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй нӕ хордта+, Израилы адӕмы фаджыс-хуыцӕуттӕм нӕ куывта+, никӕй усы фӕхудинаг кодта+, сылгоймагмӕ йӕ чъизийы бонты хӕстӕг никуы бацыд+,  кӕд никуы никӕй бафхӕрдта+, хӕсы тыххӕй-иу цъынды цы райста, уый-иу фӕстӕмӕ радта+, никуы никӕй бастыгъта+, ӕххормаг адӕймагӕн йӕ къӕбӕр не ’вгъау кодта+ ӕмӕ, бӕгънӕг чи уыд, уымӕн-иу уӕлӕдарӕс радта+,  кӕд ӕфстау проценттыл нӕ лӕвӕрдта+ ӕмӕ ӕхца никӕуыл куыста+, хӕрам хъуыддӕгтӕй йӕхи хызта+, дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн хъуыддаг рӕстӕй ӕвзӕрста+,  кӕд мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цард+ ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттӕ ӕххӕст кодта, цӕмӕй рӕстӕй архайдтаид+, уӕд уый у рӕстгӕнӕг+. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ. 10  „Фӕлӕ кӕд фыдӕн йӕ фырт адӕмы стигъы+, адӕмы туг калы+, кӕд уыцы хъуыддӕгтӕй искӕцы арӕзта,– 11  фыд йӕхӕдӕг та уыцы хъуыддӕгтӕй ницы арӕзта,– кӕд хӕхтыл мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хордта+, искӕй усы фӕхудинаг кодта+, 12  кӕд ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕймаджы ссӕста+, адӕмы стыгъта+, цъынды-иу цы райста, уый-иу фӕстӕмӕ нӕ радта+ ӕмӕ куывта фаджыс-хуыцӕуттӕм+, уӕд уый кодта ӕлгъаг митӕ+. 13  Ӕфстау лӕвӕрдта иннӕтыл ӕхца бакусыны тыххӕй+ ӕмӕ иста проценттӕ+ – уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн. Уый кодта ӕппӕт ацы ӕлгъаг митӕ+. Уыцы адӕймаджы амардзысты. Ӕмӕ йӕ туг уыдзӕн йӕхиуыл+. 14  Фӕлӕ, зӕгъӕм, фыдӕн йӕ фырт уыны, йӕ фыд цы тӕригъӕдтӕ аразы, уыдон иууылдӕр, уыны сӕ, фӕлӕ йӕхӕдӕг афтӕ нӕ кӕны+, 15  хӕхтыл мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй нӕ хӕры, нӕ кувы Израилы адӕмы фаджыс-хуыцӕуттӕм+, никӕй усы фӕхудинаг кодта+, 16  никӕй ӕфхӕры+, цъынды никӕмӕй ницы исы+, никӕй стигъы+, ӕххормаг адӕймагӕн йӕ къӕбӕр не ’вгъау кӕны+ ӕмӕ бӕгънӕг адӕймагӕн ратты уӕлӕдарӕс+, 17  ӕфхӕрд адӕймаджы не ссӕнды, ӕхца никӕуыл кусы+ ӕмӕ проценттӕ никӕмӕй исы+, ӕххӕст кӕны мӕ тӕрхӕттӕ+ ӕмӕ цӕры мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ+, уӕд уыцы адӕймаг йӕ фыды фыдракӕндты тыххӕй нӕ амӕлдзӕн+. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн+. 18  Йӕ фыд та ӕргом кӕй сайдта+, йе ’фсымӕры кӕй стыгъта+ ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕн ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта+, уымӕ гӕсгӕ амӕлдзӕн йӕ фыдракӕндты тыххӕй+. 19  Сымах зӕгъдзыстут: „Ӕмӕ фырт йӕ фыды фыдракӕндты тыххӕй дзуапп цӕуылнӕ дӕтдзӕн?“+ Уымӕн ӕмӕ фырт архайдта раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+, ӕххӕст кодта ӕмӕ ӕххӕст кӕны мӕ закъӕттӕ иууылдӕр+. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн+. 20  Мӕлгӕ акӕндзӕн, тӕригъӕд чи аразы, уыцы уд+. Фырт йӕ фыды фыдракӕндты тыххӕй дзуапп нӕ дӕтдзӕн, ӕмӕ фыд дӕр йӕ фырты фыдракӕндты тыххӕй дзуапп нӕ дӕтдзӕн+. Рӕстгӕнӕгӕн йӕ рӕстдзинад уыдзӕн йӕхиуыл+, ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн дӕр йӕ фыддзинад уыдзӕн йӕхиуыл+. 21  Фӕлӕ фыдгӕнӕг, цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдонӕй иу дӕр куы нал араза+ ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕ иууылдӕр куы ’ххӕст кӕна, раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ куы архайа+, уӕд уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн, нӕ амӕлдзӕн+. 22  Цы фыдракӕндтӕ сарӕзта, уыдонӕй йын иу дӕр нал ӕрхъуыды кӕндзысты+. Рӕстӕй кӕй архайы, уый тыххӕй цӕрдзӕн“+. 23  „Ау, мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт ӕхсызгон у?+ Ӕви мын уый у ӕхсызгон, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра?“+ – зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ. 24  „Фӕлӕ рӕстгӕнӕг йӕ раст фӕндаг куы ныууадза ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ куы араза+, фыдгӕнӕг цы ӕлгъаг митӕ кодта, уыдон иууылдӕр куы бафӕзма+ ӕмӕ афтӕмӕй куы цӕра, уӕд йӕ раст хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ферох уыдзысты+. Гадзрахатӕй кӕй рацыд ӕмӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй амӕлдзӕн+. 25  Сымах зӕгъдзыстут: „Йегъовӕ раст нӕ кӕны“+. Байхъусут-ма, уӕ хорзӕхӕй, Израилы адӕм. Ӕз нӕ кӕнын раст+ ӕви сымах нӕ кӕнут раст?+ 26  Рӕстгӕнӕг йӕ раст фӕндаг куы ныууадза ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ куы араза+ ӕмӕ уыдоны тыххӕй куы амӕла, уӕд уый амӕлдзӕн йӕ хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй+. 27  Фыдгӕнӕг йӕ фыдхъуыддӕгтӕ куы ныууадза ӕмӕ раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ куы архайа+, уӕд уый та йӕ уд фервӕзын кӕндзӕн+. 28  Йе ’ппӕт фыдракӕндтӕ куы фена+ ӕмӕ сӕ куы ныууадза+, уӕд ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн, нӕ амӕлдзӕн+. 29  Израилы адӕм та зӕгъдзысты: „Йегъовӕ раст нӕ кӕны“+. Израилы адӕм, ӕз нӕ кӕнын раст+ ӕви сымах нӕ кӕнут раст?“+ 30  „Уымӕ гӕсгӕ, Израилы адӕм, ӕз сымахӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+.– Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ ныууадзут уӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр+ ӕмӕ уӕ чи рӕдийын кӕна, ахӕм цӕлхдур уын мацы уӕд+. 31  Цы фыдракӕндтӕ арӕзтат, уыдон иууылдӕр ныууадзут+ ӕмӕ уӕ мидӕг скӕнут ног зӕрдӕ+ ӕмӕ ног зонд+. Цӕмӕн хъуамӕ фесӕфат+, о Израилы адӕм?“ 32  „Мӕнӕн никӕй мӕлӕт у ӕхсызгон+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– Уӕдӕ раздӕхут ӕмӕ цӕрут!“»+

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «адӕймаг». Кӕс 20 ст. дӕр.