Екклесиаст 3:1—22

3  Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон+, арвы бын алы хъуыддагӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг.  Ис рӕстӕг райгуырынӕн+ ӕмӕ рӕстӕг амӕлынӕн+, ис рӕстӕг садзынӕн ӕмӕ рӕстӕг, цы ныссагътай, уый стонынӕн+,  ис рӕстӕг марынӕн+ ӕмӕ рӕстӕг дзӕбӕх кӕнынӕн+, ис рӕстӕг пырх кӕнынӕн ӕмӕ рӕстӕг аразынӕн+,  ис рӕстӕг кӕуынӕн+ ӕмӕ рӕстӕг худынӕн+, ис рӕстӕг ӕрдиаг кӕнынӕн+ ӕмӕ рӕстӕг кафынӕн+,  ис рӕстӕг дуртӕ фӕйнӕрдӕм ӕппарынӕн+ ӕмӕ рӕстӕг дуртӕ ӕмбырд кӕнынӕн+, ис рӕстӕг хъӕбыстӕ кӕнынӕн+ ӕмӕ рӕстӕг хъӕбыстӕй хи уромынӕн+,  ис рӕстӕг агурынӕн+ ӕмӕ рӕстӕг, цы фесӕфтай, ууыл къух ауигъынӕн, ис рӕстӕг ӕвӕрдӕй дарынӕн ӕмӕ рӕстӕг аппарынӕн+,  ис рӕстӕг аскъуынынӕн+ ӕмӕ рӕстӕг бахуыйынӕн+, ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн+ ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн+,  ис рӕстӕг уарзынӕн ӕмӕ рӕстӕг де сӕфт уынынӕн+, ис рӕстӕг хӕстӕн+ ӕмӕ рӕстӕг сабырдзинадӕн+.  Гъемӕ цы пайда ис адӕймагӕн, уӕззау фыдӕбон цӕуыл кӕны, уымӕй?+ 10  Ӕз федтон, Хуыцау адӕймаджы фыртты цы хъуыддӕгты хай бакодта, уыдон+. 11  Уый йӕ рӕстӕджы ӕппӕт дӕр скодта диссаг+. Адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард*+ дӕр, ӕмӕ кӕронмӕ* никуы базондзысты, ӕцӕг Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон+. 12  Ӕз бамбӕрстон, адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, цӕмӕй цин кӕна ӕмӕ царды мидӕг хорздзинад араза+, 13  стӕй адӕймаг хъуамӕ хӕра ӕмӕ нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй хорзӕй исты уына+. Уый у Хуыцауы лӕвар+. 14  Ӕз базыдтон: ӕцӕг Хуыцау цыдӕриддӕр аразы, уыдон уыдзысты ӕнустӕм+. Ницы сӕм бафтаудзынӕ ӕмӕ дзы ницы аппардзынӕ+. Ӕцӕг Хуыцау алцыдӕр афтӕ уымӕн скодта+, цӕмӕй дзы адӕм тӕрсой+. 15  Цы ис, уый уыди уый размӕ дӕр, ӕмӕ цы уыдзӕн, уый дӕр уыди раздӕр+. Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау+ архайы, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уыдоны хорздзинадыл+. 16  Хуры бын ма ноджыдӕр федтон, рӕстдзинад кӕм хъуамӕ уа, уым кӕй ис фыддзинад, ӕмӕ раст хъуыддӕгтӕ кӕм хъуамӕ уа, уым кӕй ис фыдхъуыддӕгтӕ+. 17  Ӕмӕ мӕхицӕн загътон+: «Ӕцӕг Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн рӕстгӕнӕгӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн дӕр+, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн ис йӕхи рӕстӕг алы хъуыддагӕн дӕр ӕмӕ алы куыстӕн дӕр»+. 18  Адӕймаджы фыртты тыххӕй мӕхицӕн афтӕ загътон: ӕцӕг Хуыцау сӕ фӕлвардзӕн, цӕмӕй феной, цӕрӕгойтӕй уӕлдай кӕй не сты+. 19  Адӕймаджы фырттӕн дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕн дӕр сӕ кӕрон иу у+. Иутӕ дӕр амӕлынц ӕмӕ иннӕтӕ дӕр+. Иу у сӕ царды тых*+ дӕр. Ӕмӕ адӕймаг цӕрӕгойтӕй ницӕмӕй хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы. 20  Иууылдӕр цӕуынц иу ранмӕ+. Иууылдӕр равзӕрдысты сыджытӕй+, ӕмӕ иууылдӕр фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхынц+. 21  Чи йӕ зоны, адӕймаджы фырттӕн сӕ царды тых уӕлӕмӕ ацӕуы? Науӕд цӕрӕгойтӕн сӕ царды тых бынмӕ, зӕхмӕ, ацӕуы?+ 22  Ӕмӕ ӕз федтон, адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ йӕ фыдӕбоныл цин кӕна+, уымӕн ӕмӕ уый у йӕ лӕвар. Йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уый ма йын чи фенын кӕндзӕн?+

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «сӕрӕй кӕронмӕ».
Комк. «ӕнӕкӕрон рӕстӕг».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.