Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДЫУУАДӔСӔМ СӔР

Дӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕн

Дӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕн
  • Хуыцауы хӕлар цӕй фӕрцы суыдзынӕ?

  • Хӕйрӕджы ныхӕстӕ дӕумӕ куыд хауынц?

  • Йегъовӕ йе сӕфт цавӕр хъуыддӕгтӕй уыны?

  • Дӕ бон куыд у дӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын?

1, 2. Йегъовӕ адӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттыл кӕй нымадта?

ДӔХИЦӔН ӕмбалӕн цавӕр адӕймаджы равзарис? Цардмӕ дӕ цӕстӕй чи кӕсы, ды цы уарзыс ӕмӕ ды цӕмӕн аргъ кӕныс, уымӕн чи аргъ кӕны, ахӕмы нӕ равзарис? Хорз миниуджытӕ кӕмӕ ис, зӕгъӕм, ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ хӕларзӕрдӕ чи у, ахӕм адӕймагӕй нӕ зӕгъис, ме ’мбал куы уаид, зӕгъгӕ?

2 Зӕххыл рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Хуыцауӕн уыди ӕввахс хӕлӕрттӕ. Зӕгъӕм, Авраамы Йегъовӕ йӕхӕдӕг схуыдта йӕ хӕлар (Исай 41:8; Иаковы 2:23). Давидӕй та загъта, зӕгъгӕ, уый у, «мӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у», ахӕм адӕймаг, уымӕн ӕмӕ Давид уыд, Йегъовӕ цавӕр адӕймӕгты уарзы, растдӕр ахӕм (Хъуыддӕгтӕ 13:22). Пехуымпар Данел дӕр уыд «Хуыцауӕн тынг зынаргъ» адӕймаг (Данел 9:23).

3. Йегъовӕйы хӕлар чи свӕййы?

3 Цымӕ Йегъовӕ Авраам, Давид ӕмӕ Данелы йӕ хӕлӕрттыл цӕмӕн нымадта? Авраамӕн йӕхӕдӕг загъта, «мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй», зӕгъгӕ (Райдиан 22:18). Йегъовӕ йӕхимӕ ӕрбаввахс кӕны, йӕ ныхас ын сӕрныллӕгӕй чи ӕххӕст кӕны, уыдоны. Израилӕгтӕн афтӕ загъта: «Хъусут мӕм, ӕмӕ ӕз суыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та суыдзыстут мӕ адӕм» (Йереми 7:23). Уӕдӕ Йегъовӕмӕ куы хъусай, уӕд ды дӕр суыдзынӕ йӕ хӕлар!

ЙЕГЪОВӔ ӔХХУЫС КӔНЫ ЙӔ ХӔЛӔРТТӔН

4, 5. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны?

4 Хуыцау дӕ Хӕлар уа, уымӕй стырдӕр хорздзинад ма цы хъуамӕ уа! Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ ӕдзухдӕр агуры фадӕттӕ, «цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Азфыстыты 16:9). Дӕуӕн та куыд ӕххуыс кӕндзӕн? Зӕгъӕм, Псаломы 32:8 стихы кӕсӕм Йегъовӕйы ныхӕстӕ: «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн. Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн».

5 Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг нӕу, Йегъовӕ куыд фӕлмӕн Хуыцау у ӕмӕ ныл куыд тынг тыхсы? Йегъовӕ дын раст фӕндаг амондзӕн ӕмӕ дын уыцы фӕндагыл цӕуынӕн ӕххуыс дӕр кӕндзӕн, хъахъхъӕндзӕн дӕ. Хуыцауы тынг фӕнды, цӕмӕй дын зындзинӕдты ӕмӕ фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕна (Псалом 55:22). Уӕдӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ бон уыдзӕн фидарӕй зӕгъын: «Йегъовӕ ӕдзухдӕр ис мӕ цӕстыты раз. Ӕз никуы фӕцуддзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый ис мӕ рахиз фарс» (Псалом 16:8; 63:8). Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай. Фӕлӕ йӕ куыд зоныс, афтӕмӕй Хуыцауӕн ис знаг, ӕмӕ дӕ уый уыцы хъуыддаджы къуылымпы кӕндзӕн.

ХӔЙРӔДЖЫ НЫХӔСТӔ

6. Хӕйрӕг адӕмӕй цы загъта?

6 Ацы чиныджы 11-ӕм сӕрӕй базыдтам, Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ куыд рацыд, уый тыххӕй. Хӕйрӕг Йегъовӕйы схуыдта сайӕгой. Уый зӕгъын ӕй фӕндыд, ӕмӕ, дам, Адам ӕмӕ Евӕйӕн уый бар кӕй нӕ радта, цӕмӕй, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой, уымӕй раст нӕ бакодта. Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой ӕмӕ сӕ цот зӕххыл куы сбирӕ сты, уӕд та Хӕйрӕг сдзырддаг кодта, адӕм иууылдӕр Хуыцауӕн цы зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц, уый. Загъта, кӕд, дам, адӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц, уӕддӕр уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕнынц. Куы мӕ бауадзиккой, уӕд, дам, ӕз Хуыцауы ныхмӕ кӕйфӕнды дӕр скӕнин. Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй хъуыды кодта, уый бӕрӕг у Иовы хабарӕй. Чи уыди Иов ӕмӕ Хӕйрӕджы ныхӕстӕ уымӕ куыд хаудысты?

7, 8. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ йӕ рӕстӕджы зӕххыл Иовы хуызӕн адӕймаг нӕ уыд? ӕ) Хӕйрӕг Иовӕй цы загъта?

7 Иов цард иу-3 600 азы размӕ. Уый уыди тынг хорз адӕймаг, уымӕн ӕмӕ дзы Йегъовӕ афтӕ загъта: «Зӕххыл уый хуызӕн адӕймаг нӕй: ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг, тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй» (Иов 1:8). Иов йӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодта.

8 Хӕйрӕг Йегъовӕйӕн загъта, Иов, дам, дын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ нӕ лӕггад кӕны. Библийы фыст сты йӕ ныхӕстӕ: «Алырдыгӕй дӕр ӕй [ома Иовы] ды нӕ хъахъхъӕныс, йӕхи дӕр, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон? Ды йын йӕ къухты фыдӕбонӕн раарфӕ кодтай, ӕмӕ йӕ фос зӕххыл нал цӕуынц. Уӕдӕ-ма бафӕлвар, дӕ къух-ма сис ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид» (Иов 1:10, 11).

9. Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн цавӕр бар радта ӕмӕ цӕмӕн?

9 Хӕйрӕг дзырдта, Иов, дам, Хуыцауӕн уый тыххӕй лӕггад кӕны, ӕмӕ йын уый арфӕ кӕны. Стӕй ма загъта, Иов, дам, фӕлварӕнты куы бахауа, уӕд дам, Хуыцауы ныхмӕ рацӕудзӕн. Куыд бакодта Йегъовӕ? Хӕйрӕгӕн бар радта, цӕмӕй Иовы бафӕлвӕрдтаид. Афтӕ рабӕрӕг уыдаид, Иов Хуыцауы ӕцӕгӕй уарзта ӕви нӕ.

ИОВ ФӔЛВӔРД ӔРЦЫД

10. Иовыл цавӕр бӕллӕхтӕ ӕрцыд ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй ракаст?

10 Хӕйрӕг уайтагъд Иовы фыдӕвзарӕнты хай бакодта. Фыццаг уал ын йӕ фос адавтой, цы ма дзы баззад, уыдон та ныццагътой. Йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕр ын сӕ фылдӕры амардтой. Ӕмӕ Иовмӕ ницыуал баззад. Уый фӕстӕ та йыл ноджы стырдӕр зиан ӕрцыд: йӕ дӕс хъӕбулы тыхджын дымгӕйӕ фӕмард сты. Фӕлӕ ӕппӕт уыцы бӕллӕхтӕ ӕмӕ мӕстыты фӕстӕ дӕр «Иов тӕригъӕд нӕ ракодта ӕмӕ Хуыцауӕй ӕвзӕр ницы загъта» (Иов 1:22).

11. а) Хӕйрӕг ма Иовӕй ноджыдӕр цы загъта ӕмӕ Йегъовӕ куыд бакодта? ӕ) Иов куыд кодта, Хӕйрӕг ыл удхайраг низ куы бафтыдта, уӕд?

11 Фӕлӕ Хӕйрӕг ууыл не ’рлӕууыд. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, зӕгъгӕ, Иов, йӕ фӕллӕйттӕ кӕй фесӕфтысты, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ кӕй фӕцагъды сты, уый сфӕрӕзта, фӕлӕ йыл низ куы бафтауон, уӕд Хуыцауы ныхмӕ ӕнӕмӕнг рацӕудзӕн. Ӕмӕ та йын Йегъовӕ бар радта, цӕмӕй Иовыл удхайраг низ бафтыдтаид. Фӕлӕ уӕддӕр Иовӕн йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта. Уый фидарӕй загъта: «Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (Иов 27:5).

Хуыцау Иовӕн йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кодта

12. Иов йӕ цардӕй куыд равдыста, Хӕйрӕг тынг кӕй рӕдыд?

12 Иовӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, уыцы бӕллӕхтӕ йын Хӕйрӕг кӕй ӕвзарын кодта, уый. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ хъизӕмӕрттӕ Хуыцауӕй цӕуынц, уымӕн ӕмӕ, Хӕйрӕг ӕмӕ Хуыцауы ’хсӕн цы дзырддаг фарста сӕвзӕрд, уый тыххӕй нӕ зыдта (Иов 6:4; 16:11–14). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. Ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Хӕйрӕг тынг кӕй рӕдыд. Рабӕрӕг, Иов Хуыцауӕн уый тыххӕй кӕй лӕггад кодта, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кодта!

13. Иов иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы Йегъовӕйӕн цавӕр фадат фӕзынд?

13 Иов иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы Йегъовӕ дзуапп радта Хӕйрӕджы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн. Иов ӕцӕгдӕр уыд Йегъовӕйы хӕлар, ӕмӕ афтӕ иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй йын Йегъовӕ раарфӕ кодта (Иов 42:12–17).

ДЗЫРДДАГ ФАРСТА ДӔУМӔ КУЫД ХАУЫ?

14, 15. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хӕйрӕг ӕрмӕст Иовы кой нӕ кодта, фӕлӕ адӕмӕн се ’ппӕты кой дӕр?

14 Хӕйрӕг ӕрмӕст Иовы кой нӕ кодта, Хуыцауыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн, зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕ дӕумӕ дӕр хауынц. Уый бӕрӕг у Ӕмбисӕндты 27:11 стихӕй. Уым Йегъовӕ дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын». Ацы ныхӕстӕ Иовы мӕлӕтӕй бирӕ фӕстӕдӕр фыст ӕрцыдысты, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Хӕйрӕг Хуыцауӕн дарддӕр дӕр кӕй фидистӕ кодта ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджытӕй алы мӕнг ныхӕстӕ кӕй дзырдта. Уӕдӕ нӕ цард Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд ын ӕххуыс кӕндзыстӕм Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕн дзуапп дӕттынӕн, ӕмӕ йын уымӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Ахӕм фадат дын кӕй ис, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Дӕхицӕн ӕй стыр кадыл нӕ нымайыс, кӕд дӕ уый тыххӕй дӕ царды цыдӕртӕ фӕивын хъӕуы, уӕддӕр?

15 Дӕ хъус-ма ӕрдар, Хӕйрӕг цы загъта, уымӕ: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4). Хӕйрӕг афтӕ кӕй загъта, «адӕймаг», зӕгъгӕ, уымӕй равдыста, ӕрмӕст Иовы кой кӕй нӕ кодта, фӕлӕ адӕмӕн се ппӕты кой дӕр. Ӕмӕ уый хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм. Хӕйрӕг дӕуӕй дӕр дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцауыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзынӕ. Уымӕй ӕхсызгондӕр ын ницы уаид, ӕмӕ зын уавӕры Хуыцаумӕ куы нӕ байхъусис ӕмӕ раст фӕндаг куы ныууадзис. Цы аразы уый тыххӕй?

16. а) Хӕйрӕг адӕмы Хуыцауӕй фӕиппӕрд кӕнынӕн цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕны? ӕ) Хӕйрӕг уыцы мадзӕлттӕй дӕ ныхмӕ дӕр куыд архайдзӕн?

16 Дӕсӕм сӕрӕй базыдтам, Хӕйрӕг алы мадзӕлттӕй кӕй пайда кӕны, цӕмӕй адӕмы Хуыцауӕй фӕиппӕрд кӕна. Иуӕй-иу хатт адӕймагыл йӕхи ныццӕвы «богътӕгӕнаг домбайау» ӕмӕ фӕагуры, «кӕй аныхъуыра, уый» (1 Петры 5:8). Хӕйрӕг домбайау куыд лӕбуры, уый арӕх рабӕрӕг вӕййы, нӕ хиуӕттӕ, не ’мбӕлттӕ кӕнӕ ӕндӕр исчи нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуы ӕмӕ нӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ цард аразын куы нӕ фӕуадзы, уӕд (Иоанны 15:19, 20) *. Фӕлӕ ма Хӕйрӕг йӕхи афтӕ дӕр ӕвдисы, «цыма рухсы зӕд у» (2 Коринфӕгтӕм 11:14). Цӕмӕй дӕ фӕсайа ӕмӕ дӕ фӕрӕдийын кӕна, уый тыххӕй архайдзӕн хинӕй дӕр. Зӕгъӕм, дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ахӕм хъуыдытыл бафтауа, ома дӕ Хуыцауы зӕрдӕ никуы барухс уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 24:10). Уӕдӕ Хӕйрӕг «богътӕгӕнӕг домбайау» лӕбура ӕви йӕхи «рухсы зӕды» хуызы ӕвдиса, йӕ нысан иу у: фӕнды йӕ сбӕлвырд кӕнын, фӕлварӕнты куы бахауай, уӕд Хуыцауӕн кӕй нал лӕггад кӕндзынӕ. Цавӕр дзуапп ын ратдзынӕ йӕ мӕнг ныхӕстӕн ӕмӕ, Хуыцауыл Иовау иузӕрдион кӕй дӕ, уый куыд равдисдзынӕ?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔДЗӔХСТЫТӔМ ХЪУС

17. Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

17 Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕн дзуапп ратдзынӕ, дӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы аразай, уӕд. Фӕлӕ уымӕ цы хауы? Библи зӕгъы: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Дыккаг закъон 6:5). Хуыцауы цас тынгдӕр уарзай, уыйас дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цы дын дзуры, уый аразын. Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм». Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарзай, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ, йӕ фӕдзӕхстытӕ «зынӕххӕстгӕнӕн [кӕй] не сты» (1 Иоанны 5:3).

18, 19. а) Йегъовӕ нын цавӕр фӕдзӕхстытӕ радта? (Кӕс рамкӕ « Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕй дӕхи хиз».) ӕ) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцау нын, нӕ бон цы нӕу, уый кӕй нӕ аразын кӕны?

18 Йегъовӕ нын цавӕр фӕдзӕхстытӕ радта? Йӕ фӕдзӕхстытӕй нын кӕцыдӕртӕ дзурӕг сты, нӕхи цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизӕм, ууыл. Ӕркӕс-ма рамкӕмӕ, « Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕй дӕхи хиз», зӕгъгӕ. Уым фендзынӕ, Библи ӕргом цы хъуыддӕгты ныхмӕ дзуры, уыдон. Уыцы хъуыддӕгтӕй дӕм, чи зоны, кӕцыдӕртӕ афтӕ ӕвзӕр ма фӕкӕсой. Фӕлӕ рамкӕйы цы стихтӕ ис, уыдоныл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнай, уӕд бамбардзынӕ, Йегъовӕ ахӕм закъӕттӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ радта. Чи зоны дын цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕмӕ дӕ царды цыдӕртӕ фӕивын тынг зын уа. Фӕлӕ дӕ хъуыддӕгтӕй Хуыцауы зӕрдӕ куы рухс кӕнай, уӕд дӕ цардӕй дӕхи зӕрдӕ дӕр райдзӕн ӕмӕ уыдзынӕ ӕцӕг амондджын (Исай 48:17, 18). Дӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ аразын та дӕ бон бӕгуыдӕр бауыдзӕн. Цӕмӕн ис уый фидарӕй зӕгъӕн?

19 Йегъовӕ нын, нӕ бон цы нӕу, уый никуы фӕаразын кӕны (Дыккаг закъон 30:11–14). Уый йӕ нӕхицӕй дӕр хуыздӕр зоны, нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу (Псалом 103:14). Стӕй нын хъарутӕ дӕр дӕтты, цӕмӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын нӕ бон уа. Апостол Павел ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат» (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Кӕм хъӕуа, уым та дын ратдзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару» (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Павел йӕ царды бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13).

ХУЫЦАУЫ ЗӔРДӔМӔ ЧИ ЦӔУЫ, УЫЦЫ МИНИУДЖЫТЫЛ КУС

20. Цавӕр миниуджытыл хъуамӕ кусӕм ӕмӕ цӕмӕн?

20 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрмӕст уый фаг нӕу, ӕмӕ, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕй дӕхи хизай. Хъӕуы ма, Йегъовӕ цы уарзы, уый уарзын дӕр (Ромӕгтӕм 12:9). Цардмӕ дӕ цӕстӕй чи кӕсы, ды цы уарзыс ӕмӕ ды цӕмӕн аргъ кӕныс, уымӕн чи аргъ кӕны, ахӕмты нӕ равзарыс ӕмбалӕн? Йегъовӕ дӕр афтӕ ӕвзары йӕхицӕн хӕлӕрттӕ. Уӕдӕ дӕхи ахуыр кӕн, Йегъовӕ цы уарзы, уый уарзын. Псаломы 15:1–5 стихты дзырд цӕуы, Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттыл цавӕр адӕймӕгты нымайы, уый тыххӕй. Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ сӕ царды ӕвдисынц хорз миниуджытӕ, зӕгъӕм, «уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын». Уыцы миниуджытӕ Библи хоны «сыгъдӕг тыхы дыргъ» (Галатӕгтӕм 5:22, 23).

21. Дӕ удыхъӕды рӕсугъд миниуджытӕ цӕй фӕрцы фидар кӕндзысты?

21 Библи алы бон дӕр куы кӕсай ӕмӕ йӕ куы ахуыр кӕнай, уӕд уый фӕрцы уыцы рӕсугъд миниуджытӕ дӕ удыхъӕды фидар кӕндзысты. Хуыцау нӕ цы домы, уый тыххӕй фылдӕр базоныныл куы архайай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсын ӕмӕ йӕ зондыл цӕуын (Исай 30:20, 21). Йегъовӕйы цас тынгдӕр уарзай, уыйас дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн дӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын.

22. Дӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы аразай, уӕд дын цы бантысдзӕн?

22 Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ цӕрын ӕнцон нӕу. Нӕ цард куыд хъуамӕ аивӕм, уый Библи афтӕ ӕмбарын кӕны, ӕмӕ хъуамӕ нӕ зӕронд удыхъӕд «раласӕм», адӕймаг йӕ дзаумӕттӕ куыд раласы, афтӕ ӕмӕ ног удыхъӕд «нӕ уӕлӕ скӕнӕм», адӕймаг йӕ уӕлӕ дзаумӕттӕ куыд скӕны, афтӕ (Колоссӕгтӕм 3:9, 10, фиппаинаг). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстыты тыххӕй Библийы фыст ис: «Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый ссары стыр хорзӕх» (Псалом 19:11). Дӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы аразай, уӕд ды дӕр хайджын уыдзынӕ стыр хорздзинӕдтӕй. Афтӕмӕй ды дзуапп ратдзынӕ Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕн ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ!

^ 16 абз. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны Хӕйрӕг ардауы. Фӕлӕ Хӕйрӕг у ацы цардӕвӕрды хуыцау, ӕгас дуне дӕр йӕ къухы ис (2 Коринфӕгтӕм 4:4; 1 Иоанны 5:19). Уӕдӕ уым диссагӕй ницы ис, ӕмӕ ацы дунейы дӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы аразай, уӕд уый бирӕты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕудзӕн, ӕмӕ дзы чидӕртӕ дӕ ныхмӕ дӕр кӕй цӕудзысты.