Псалом 103:1—22

Давиды псалом. 103  Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд+,Ӕмӕ мӕ буары алы уӕнг дӕр – йӕ сыгъдӕг номӕн+.   Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд,Ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕй иу дӕр ма рох кӕн+.   Уый дын хатыр кӕны дӕ рӕдыдтытӕ иууылдӕр+,Дзӕбӕх дӕ кӕны де ’ппӕт низтӕй дӕр+,   Фервӕзын дӕ кӕны ингӕнӕй+,Кадыхудау дыл ӕркӕны ӕнувыд уарзт ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+,   Царды дӕ хорздзинӕдтӕй ӕфсады+.Де ’рыгон бонты хъарутӕ дӕм цӕргӕсы хъарутау раздӕхынц фӕстӕмӕ+.   Йегъовӕ архайы рӕстӕй+Ӕмӕ тӕрхоны уынаффӕ рахӕссы, кӕй сайынц, уыдоны пайдайӕн+.   Уый йӕ фӕндӕгтӕ раргом кодта Моисейӕн+,Йӕ хъуыддӕгтӕ – Израилы фырттӕн+.   Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг+,Уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны ӕмӕ ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+.   Нӕ рӕдыдтытӕ нын ӕдзух нӕ дардзӕн нӕ цӕстмӕ+,Ӕнустӕм нӕм нӕ мӕсты кӕндзӕн+. 10  Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын цы хъӕуы, уый нын нӕ бакӕны+,Ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕм гӕсгӕ цы ’мбӕлы, уый нын нӕ бафиды+, 11  Уымӕн ӕмӕ арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у+,Афтӕ стыр у йе ’нувыд уарзт, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ+. 12  Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у+,Афтӕ адард кодта махӕй нӕ тӕригъӕдтӕ+. 13  Фыд йӕ фырттӕм куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у+,Афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Йегъовӕ, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ+. 14  Уымӕн ӕмӕ хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый+,Сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу+. 15  Зӕххон адӕймаджы царды бонтӕ сты цъӕх кӕрдӕджы бонтау+,Быдырон дидинӕгау дидинӕг бирӕ нӕ калы+. 16  Дымгӕ йыл радымы, ӕмӕ нал вӕййы+,Ӕмӕ кӕм уыд, уый зонгӕ дӕр ничиуал бакӕндзӕн+. 17  Фӕлӕ Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ хайджын сты+,Чи дзы тӕрсы, уыдон+,Ӕмӕ йӕ рӕстдзинадӕй – сӕ фыртты фырттӕ+, 18  Йӕ бадзырдыл ын фидар чи хӕцы+Ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ чи нӕ рох кӕны, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдон+. 19  Йегъовӕ йӕ паддзахбадӕн ӕрфидар кодта уӕлӕрвты+.Уый у паддзах ӕмӕ йӕ бар цӕуы ӕппӕтыл дӕр+. 20  Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, йӕ зӕдтӕ+, хъомысджынтӕ, йӕ ныхас ын чи ӕххӕст кӕны+Ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ чи хъусы, уыдон+. 21  Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, йе ’фсӕдтӕ иууылдӕр+,Йӕ лӕггадгӕнджытӕ, йӕ фӕндон ын чи ӕххӕст кӕны, уыдон+. 22  Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уе ’ппӕт дӕр, кӕй сфӕлдыста, уыдон+,Йӕ бар кӕмдӕриддӕр цӕуы, уым+.Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд+.

Фиппаинӕгтӕ