Иаковы 2:1—26

2  Ме ’фсымӕртӕ, хъулон митӕ куы кӕнат+, уӕд цымӕ афтӕ зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕууӕндут нӕ кадджын+ Хицау Йесо Чырыстийыл?  Зӕгъӕм, уе ’мбырдмӕ+ бацыд иу адӕймаг хъӕздыг арӕзтӕй, йӕ къухтыл – сызгъӕрин къухдарӕнтӕ. Бацыд уӕм мӕгуыр адӕймаг дӕр бызгъуырты+.  Ӕмӕ, хъӕздыг арӕзтӕй чи ’рбацыд, ууыл бацин кодтат+ ӕмӕ йын загътат: «Мӕнӕ ам, дзӕбӕх бынаты сбад». Мӕгуырӕн та загътат: «Ды та мӕнӕ ам алӕуу», кӕнӕ: «Уӕртӕ уым ӕрбад, мӕ къӕхтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрын, уыцы гыццыл бандоны фарсмӕ».  Уӕд иуты иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрут+ ӕмӕ, хӕрам+ тӕрхон чи кӕны+, ахӕмтӕ не свӕййут?  Байхъусут-ма мӕм, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Хуыцау, дунейы цӕсты мӕгуыр+ чи у, уыдоны нӕ равзӕрста, цӕмӕй уырнындзинадӕй хъӕздыг+ уой ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы паддзахад бынӕн райсой?+  Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Фӕлӕ уӕ чи ’фхӕры+ ӕмӕ уӕ тӕрхондӕттӕм чи ласы?+ Хъӕздгуытӕ не сты?  Цы кадджын ном хӕссут+, ууыл цъыфкалӕн уыдон нӕ кӕнынц?+  Уӕдӕ кӕд паддзахы закъон+ ӕххӕст кӕнут, Фыстытӕ куыд зӕгъынц, афтӕ, зӕгъгӕ, «иннӕты* уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ»+, уӕд тынг хорз аразут.  Фӕлӕ кӕд хъулон митӕ кӕнут+, уӕд тӕригъӕд аразут, уымӕн ӕмӕ закъонмӕ+ гӕсгӕ стут закъонхалджытӕ. 10  Закъон ӕгасӕй дӕр чи ӕххӕст кӕны, фӕлӕ ӕрмӕст иу хъуыддаджы чи фӕрӕдийы, уый фехалы ӕппӕт закъӕттӕ дӕр+. 11  Афтӕ чи загъта: «Ма хӕт»+, уый ма афтӕ дӕр загъта: «Ма амар»+. Ӕмӕ уӕдӕ кӕд хӕтгӕ нӕ кӕныс, фӕлӕ адӕмы марыс, уӕд закъонхалӕг дӕ. 12  Уӕдӕ дзургӕ дӕр ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнут, сӕрибар адӕмы закъонмӕ гӕсгӕ чи уыдзӕн тӕрхонгонд, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ+. 13  Фӕлмӕнзӕрдӕ чи нӕу, уымӕ тӕрхоны дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ нӕ уыдзысты+. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг та, тӕрхон ын куы кӕной, уӕд фӕуӕлахиз уыдзӕн*. 14  Ме ’фсымӕртӕ, исчи афтӕ куы зӕгъа, мӕнмӕ ис уырнындзинад+, зӕгъгӕ, хъуыддагӕй та куы ницы ’вдиса+, уӕд уый цы пайда у? Ахӕм уырнындзинад ӕй фервӕзын кӕндзӕн?+ 15  Ӕфсымӕр кӕнӕ хойӕн, йӕ уӕлӕ цы скӕна, уый куы нӕ уа ӕмӕ хӕринагхъуаг куы ӕййафа+, 16  ӕмӕ йын сымахӕй исчи афтӕ куы зӕгъа, дзӕбӕх у, дӕхи хъарм дар ӕмӕ дӕхи хӕрдцух ма уадз, зӕгъгӕ, цы хъуаг у, уый та йын куы нӕ ратта, уӕд ын уый цы пайда у?+ 17  Уӕдӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй+ мард у. 18  Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Дӕумӕ уырнындзинад ис, мӕнмӕ та – хъуыддӕгтӕ. Равдис мын дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад равдисдзынӕн мӕ хъуыддӕгтӕй»+. 19  Уырны дӕ, иу Хуыцау кӕй ис?+ Уый хорз у. Фӕлӕ уырнгӕ хӕйрӕджыты дӕр кӕны, ӕмӕ фыртӕссӕй ризынц+. 20  Фӕлӕ дӕ уый фӕнды зонын, ӕнӕзонд адӕймаг, ӕмӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй ницы у? 21  Нӕ фыдӕл Авраам+ рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не ’рцыд, йӕ фырт Исахъы нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд?+ 22  Дӕхӕдӕг ӕй уыныс, йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм кӕй цыдысты ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй йӕ уырнындзинад кӕронмӕ кӕй сфӕлтӕрдта+. 23  Ӕмӕ сӕххӕст, Фыстад цы зӕгъы, уый: «Авраам баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл»+, ӕмӕ хуынд ӕрцыд «Йегъовӕйы хӕлар»+. 24  Куыд уынут, афтӕмӕй адӕймаг рӕстгӕнӕгыл+ нымад ӕрцӕуы йӕ хъуыддӕгты+ фӕрцы, ӕрмӕст уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ+. 25  Хӕтаг сылгоймаг Раав+ дӕр рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не ’рцыд, ӕрвыст лӕгты куы суазӕг кодта ӕмӕ сӕ ӕндӕр фӕндагыл куы арвыста, уӕд?+ 26  О, буар ӕнӕ улӕфтӕй* мард куыд у+, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «дӕ хионы».
Комк. «Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад уӕлахиз кӕны тӕрхоныл».
Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.