Хъуыддӕгтӕ 15:1—41

15  Уыцы рӕстӕг Иудейӕйӕ+ чидӕртӕ ӕрцыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн амонын райдыдтой, зӕгъгӕ, Моисейы закъонмӕ+ гӕсгӕ сунӕт куы не скӕнат+, уӕд нӕ фервӕздзыстут.  Фӕлӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты, ӕмӕ быцӕу дӕр кодтой. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацӕуой Иерусалиммӕ+ апостолтӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм.  Ӕмбырд сӕ иуцасдӕр ахизын кодта+, ӕмӕ сӕ фӕндаг Финики ӕмӕ Самарийыл акодтой. Ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дзырдтой, иннӕ адӕмтӕ+ Хуыцауы фӕндагыл куыд ӕрлӕууынц, уый тыххӕй ӕмӕ уымӕй се ’ппӕтӕн дӕр стыр цин хастой+.  Иерусалиммӕ куы ’рцыдысты, уӕд сыл ӕмбырд, апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ тынг бацин кодтой+. Павел ӕмӕ сын Варнавӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ къухӕй цы бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уый тыххӕй+.  Фӕлӕ, фарисейты къордӕй* уырнджытӕ чи сси, уыдон сыстадысты ӕмӕ загътой: «Иннӕ адӕмтӕй уырнӕг чи сси, уыдонӕн сунӕт скӕнын хъӕуы+ ӕмӕ сын зӕгъын хъӕуы, цӕмӕй Моисейы закъон ӕххӕст кӕной»+.  Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл ӕрӕмбырд сты+.  Ӕмӕ бирӕ куы фӕныхас кодтой*+, уӕд Петр сыстад ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, сымах тынг хорз зонут, Хуыцау не ’хсӕнӕй фыццаг мӕн кӕй равзӕрста, цӕмӕй иннӕ адӕмтӕн хъусын кӕнон хорз хабар, ӕмӕ баууӕндой+.  Ӕмӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцау+ уыдонмӕ дӕр кӕй ӕркаст, уый равдыста, махау сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын кодта+, уымӕй.  Махмӕ дӕр ӕмӕ уыдонмӕ дӕр+ иухуызон цӕстӕй ракаст, уымӕн ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ уырнындзинады фӕрцы ссыгъдӕг кодта+. 10  Уӕдӕ ма Хуыцауы цӕмӕн фӕлварут ӕмӕ, нӕдӕр нӕ фыдӕлты, нӕдӕр нӕхи бон ахӕссын кӕй не сси+, уыцы ӕфсондз+ ахуыргӕнинӕгтыл цӕмӕн ӕвӕрут? 11  Мах, дзуттӕгты, уырны, Хицау Йесойы стыр хорзӕхы+ фӕрцы кӕй фервӕздзыстӕм, ӕмӕ уыдоны дӕр уый уырны»+. 12  Уӕд иууылдӕр ӕрсабыр сты ӕмӕ се ’ргом аздӕхтой Варнавӕ ӕмӕ Павелмӕ. Уыдон радзырдтой, иннӕ адӕмты ’хсӕн Хуыцау сӕ къухӕй цы бирӕ нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ ӕвдыста, уый тыххӕй+. 13  Сӕ ныхас куы фесты, уӕд Иаков загъта: «Ӕфсымӕртӕ, байхъусут-ма мӕм+. 14  Симеон*+ радзырдта, Хуыцау иннӕ адӕмтӕм фыццаг хатт куыд ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм+. 15  Ууыл дзурӕг сты Пехуымпарты чингуыты фыст ныхӕстӕ дӕр: 16  „Уый фӕстӕ ӕз раздӕхдзынӕн ӕмӕ Давиды хӕлд хӕдзар ногӕй сараздзынӕн. Йӕ хӕлддзӕгтӕ йын ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ та йӕ ногӕй сараздзынӕн+, 17  цӕмӕй ма ацы адӕмӕй чи баззайа, уыдон, ӕппӕт адӕмтӕй мын мӕ ном чи хӕссы, уыдонимӕ иумӕ Йегъовӕйы зӕрдиагӕй агурой,– зӕгъы Йегъовӕ, ацы хъуыддӕгтӕ чи аразы+ 18  ӕмӕ адӕттӕ саразын тынг раджы чи сфӕнд кодта, уый“+. 19  Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыды у ахӕм: иннӕ адӕмтӕй Хуыцаумӕ чи раздӕхт, уыдоны къуылымпы кӕнын нӕ хъӕуы,+ 20  фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, цӕмӕй сӕхи хизой, мӕнгхуыцӕуттӕн+ кувынимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдӕттӕй, хӕтындзинадӕй*+, хӕдмӕл фосы* дзидзайӕ+ ӕмӕ тугӕй+. 21  Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Моисейы ныхӕстӕ хъусын кӕнынц алы горӕты дӕр, уымӕн ӕмӕ сӕ алы сабаты дӕр ӕмбырдгӕнӕнты хъӕрӕй фӕкӕсынц»+. 22  Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕгас ӕмбырдимӕ сфӕнд кодтой сӕхицӕй дыууӕ адӕймаджы равзарын ӕмӕ сӕ Павел ӕмӕ Варнавӕимӕ+ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ равзӕрстой, Варсавӕ кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы ӕмӕ Силӕйы – сӕ дыууӕ дӕр уыдысты, разамынд чи лӕвӕрдта, ахӕм ӕфсымӕртӕ. 23  Семӕ сын арвыстой ахӕм фыстӕг: «Антиохи+, Сири ӕмӕ Киликийы+ ӕндӕр адӕмтӕй цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдонмӕ фыссынц се ’фсымӕртӕ – апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Арфӕйаг ут! 24  Мах фехъуыстам, махӕй уӕ чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй кӕй къуылымпы кӕнынц+ ӕмӕ уын уӕ зонд кӕй дзӕгъӕл кӕнынц, фӕлӕ сын мах ахӕмӕй ницы загътам+. 25  Уымӕ гӕсгӕ ӕмвӕндӕй бауынаффӕ кодтам+ дыууӕ лӕджы равзарын ӕмӕ уӕм сӕ нӕ уарзон ӕфсымӕртӕ Варнавӕ ӕмӕ Павелимӕ+ арвитын – 26  уыдон дыууӕйӕ дӕр сӕ удтӕ* снывонд кодтой нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕн*+. 27  Гъемӕ уӕм ӕрвитӕм Иудӕ ӕмӕ Силӕйы+, цӕмӕй уын, ацы фыстӕджы цы фыст ис, уыдӕттӕ дзургӕ дӕр ракӕной+. 28  Хуыцауы сыгъдӕг тыхы+ ӕххуысӕй мах ахӕм уынаффӕ рахастам, цӕмӕй уыл мӕнӕ ацы ӕнӕмӕнг хъуыддӕгтӕй уӕлдай ӕндӕр уаргъ+ мауал ӕвӕрӕм. Уынаффӕ рахастам, цӕмӕй 29  уӕхи хизат, мӕнгхуыцӕуттӕн+ цы снывонд кӕнынц, уыдӕттӕй, тугӕй+, хӕдмӕл фосы* дзидзайӕ+ ӕмӕ хӕтындзинадӕй+. Адӕттӕй уӕхи куы хъахъхъӕнат+, уӕд уыдзыстут фӕрнӕйдзаг. Дзӕбӕх ут!» 30  Уыйадыл сӕ арвыстой. Ӕмӕ Антиохимӕ куы ’рцыдысты, уӕд ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕм фыстӕг радтой+. 31  Фыстӕг куы бакастысты, уӕд бафидар сты ӕмӕ фӕцин кодтой+. 32  Иудӕ ӕмӕ Силӕ сӕхӕдӕг пехуымпартӕ+ уыдысты, ӕмӕ бирӕ раныхӕстӕй ӕфсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтыдтой ӕмӕ сӕ фидар кодтой+. 33  Уым иуцасдӕр фесты, стӕй сын ӕфсымӕртӕ фӕндараст загътой+, ӕмӕ уыдон фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты. 34   * – – 35  Павел ӕмӕ Варнавӕ та баззадысты Антиохийы+ ӕмӕ адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ иннӕтимӕ хъусын кодтой хорз хабар, Йегъовӕйы ныхас+. 36  Цалдӕр боны фӕстӕ Павел Варнавӕйӕн загъта: «Цӕй, аздӕхӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы ныхас цы горӕтты хъусын кодтам, уым ӕфсымӕрты бабӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ, куыд сты, уый фенӕм»+. 37  Варнавӕ сфӕнд кодта, Марк+ кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны дӕр акӕнын. 38  Фӕлӕ Павел разы нӕ уыд, цӕмӕй Марчы семӕ акодтаиккой, уымӕн ӕмӕ сӕ Марк Памфилийы+ ныууагъта ӕмӕ, цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрвыст уыдысты, уый бакӕнынмӕ семӕ нӕ ацыди. 39  Гъемӕ афтӕ тынг фӕбыцӕу сты, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты. Ӕмӕ Варнавӕ+ йемӕ Марчы акодта ӕмӕ науыл ацыди Кипрмӕ+. 40  Павел та равзӕрста Силӕйы+, ӕмӕ, ӕфсымӕртӕ Павелы Йегъовӕйы стыр хорзӕхыл куы бафӕдзӕхстой+, уӕд йӕ фӕндагыл араст. 41  Павел зылди Сири ӕмӕ Киликийы ӕмбырдтыл ӕмӕ сӕ фидар кодта+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «сектӕйӕ».
Кӕнӕ «фӕбыцӕу кодтой».
Симоны (Петры) ном дзуттагау. Кӕс Мф 10:2, фип.
Ома, йӕ туг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕмӕн нӕ рауагътой, ахӕм фос.
Кӕс Уӕлӕмх. 11.
Комк. «Чырыстийы номӕн».
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕс 20 ст., фип.
Кӕс Мф 17:21, фип.