Исай 2:1—22

2  Ай у, Амосы фырт Исай Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы тыххӕй кӕй федта, уыцы цӕстылуайӕн+.  Фӕстаг бонты+, Йегъовӕйы хӕдзар+ цы хохыл ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн хӕхты цъуппытӕй дӕр уӕлдӕр+, суыдзӕн къуыбыртӕй дӕр бӕрзонддӕр+, ӕмӕ йӕм ӕппӕт адӕмтӕ дӕр агуылф кӕндзысты+.  Бирӕ адӕмтӕ ацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Рацӕут+, ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ, Иаковы Хуыцауы хӕдзары размӕ. Уый нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл»+. Уымӕн ӕмӕ закъон рацӕудзӕн Сионӕй, Йегъовӕйы ныхас – Иерусалимӕй+.  Уый тӕрхон кӕндзӕн адӕмты ’хсӕн+ ӕмӕ бирӕ адӕмты пайдайӕн+ хъуыддӕгтӕ сраст кӕндзӕн+. Ӕмӕ уыдон сӕ хъаматӕй сараздзысты гутӕттӕ, сӕ ӕрцытӕй – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕ+. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты+.  О Иаковы хӕдзарвӕндаг, рацӕут, ӕмӕ цӕуӕм Йегъовӕйы рухсы+.  Ды ныууагътай Иаковы хӕдзарвӕндаг, дӕ адӕмы+, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕхх скӕсӕйнаг адӕмы ӕгъдӕуттӕй байдзаг+, филистимӕгтау кӕлӕнтӕ кӕнынц+, кӕдӕмфӕнды ма акӕсай – алы ран дӕр ӕцӕгӕлӕтты цот+.  Сӕ зӕхх йедзаг у ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй, сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕн ныккӕнӕнтӕ нӕй+. Сӕ зӕхх йедзаг у бӕхтӕй, ӕмӕ сӕ бӕхуӕрдӕттӕн нымӕц дӕр нӕй+.  Сӕ зӕхх йедзаг у ницӕйаг хуыцӕуттӕй+. Адӕймаджы къухӕй конд цы у, адӕймаджы ӕнгуылдзтӕ цы сарӕзтой, уыдӕтты раз сӕ зонгуытыл ӕрхауынц+.  Зӕххон адӕймаг йӕхи сӕ разы ӕрныллӕг кӕны, йӕхи ӕгады бынаты сӕвӕры, ӕмӕ сын дӕ бон ныххатыр кӕнын нӕу+. 10  Дӕхи бааууон кӕн къӕдзӕхы скъуыды, зӕххы бын бамбӕхс, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ адӕймагыл ӕфтауы тас ӕмӕ йе стыр кад тӕмӕнтӕ калы+. 11  Зӕххон адӕймаг йӕ хъал цӕстытӕ бынмӕ ӕруадздзӕн, сӕрбӕрзонд адӕймаг ӕрсӕтдзӕн+, ӕмӕ уыцы бон сбӕрзонд уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ+, 12  уымӕн ӕмӕ уый у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы бон+. Уыцы бон ӕрцӕудзӕн, йӕхи чи бӕрзонд кӕны ӕмӕ сӕрбӕрзонд чи у, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр, кадджын ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмӕй алкӕуыл дӕр+, 13  Ливаны+ бӕрзонд ӕмӕ стыр кедртыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмӕ Васаны+ пӕлӕхсар бӕлӕстӕй алкӕцыйыл дӕр, 14  алы бӕрзонд хохыл ӕмӕ алы бӕрзонд къуыбырыл+, 15  алы бӕрзонд мӕсыгыл ӕмӕ алы фидаргонд къулыл+, 16  Фарсисы+ наутыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр бӕлӕгътӕй алкӕцыйыл дӕр. 17  Хъал адӕймаг йӕ сӕр бынмӕ ӕруадздзӕн, сӕрбӕрзонд адӕймаг ӕрсӕтдзӕн+, ӕмӕ уыцы бон сбӕрзонд уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ+. 18  Ницӕйаг хуыцӕуттӕ фесӕфдзысты, сӕ кой дӕр нал уыдзӕн+. 19  Ӕмӕ Йегъовӕ куы сыста ӕмӕ зӕхх куы нырриза+, уӕд адӕм лӕгӕтты къӕдзӕхты мидӕг ӕмӕ уӕрмыты бамбӕхсдзысты, уымӕн ӕмӕ уый ӕфтауы тас ӕмӕ йе стыр кад тӕмӕнтӕ калы+. 20  Уыцы бон зӕххон адӕймаг, кувынӕн йӕхи къухтӕй кӕй скодта, уыцы ницӕйаг сызгъӕрин хуыцӕутты ӕмӕ ӕнӕпайда ӕвзист хуыцӕутты мыстытӕн ӕмӕ хӕлынбыттыртӕн аппардзӕн+ 21  ӕмӕ къӕдзӕхты хуынчъыты ӕмӕ къӕдзӕхты скъуыдты бабырдзӕн, Йегъовӕ куы сыста ӕмӕ зӕхх куы нырриза, уӕд, уымӕн ӕмӕ уый ӕфтауы тас ӕмӕ йе стыр кад тӕмӕнтӕ калы+. 22  Дӕхи уды тыххӕй дӕхи хиз зӕххон адӕймагӕй, йӕ улӕфт йӕ фындзыхуынчъыты+ кӕмӕн ис, уымӕй,– нымады дӕр дӕм цӕмӕн хъуамӕ уа?+

Фиппаинӕгтӕ