Исай 48:1—22

48  Байхъусут, Иаковы хӕдзарвӕндаг, сымах, йӕхи Израилы номӕй чи хоны+ ӕмӕ Иудӕйӕ*+ чи равзӕрд, Йегъовӕйы номӕй чи сомы кӕны+ ӕмӕ Израилы Хуыцауы тыххӕй чи дзуры+, фӕлӕ уый ӕцӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ чи нӕ кӕны+.  Уыдон сӕхи хонынц сыгъдӕг горӕтӕй+ рацӕуӕг ӕмӕ сӕ ныфс дарынц Израилы Хуыцауыл+ – йӕ ном у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+.  «Фыццаг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон ӕз бирӕ раздӕр фехъусын кодтон. Уыдон-иу мӕ дзыхӕй рацыдысты ӕмӕ-иу сӕ ӕз фехъусын кодтон+. Ӕз архайдтон ӕвиппайды, ӕмӕ-иу уыдӕттӕ сӕххӕст сты+.  Ӕз ӕй зыдтон, ды ӕнӕсӕттон кӕй дӕ+, дӕ бӕрзӕйы нуӕрттӕ ӕфсӕйнаг кӕй сты+, дӕ ных – ӕрхуы+,  ӕмӕ дын алцыдӕр рагацау уый тыххӕй дзырдтон. Хабар-иу цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ-иу дын ӕй фехъусын кодтон+, цӕмӕй афтӕ ма загътаис: „Уыдон мӕ хуыцау бакодта, мӕ гуымирыйы ӕмӕ ме ’фсӕйнаг хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ ӕрцыдысты“+.  Ды уыдӕттӕ фехъуыстай+, ӕмӕ-ма сыл дӕ цӕст ахӕсс+. Ау, иннӕтӕн дӕр сӕ нӕ радзурдзыстут?+ Ӕз дын амӕй фӕстӕмӕ хъусын кӕнын ног цыдӕртӕ, сусӕг чи уыд ӕмӕ кӕй тыххӕй нӕ зыдтай, ахӕм цыдӕртӕ+.  Уыдон хъуамӕ ныртӕккӕ сӕххӕст уой, раздӕр никуы уыдысты. Уыдӕтты тыххӕй абоны онг нӕ фехъуыстай ӕмӕ афтӕ нӕ зӕгъдзынӕ, ӕз сӕ зыдтон, зӕгъгӕ+.  О, ды уый тыххӕй нӕ фехъуыстай+, зонгӕ дӕр ӕй нӕ кодтай ӕмӕ уӕдӕй абоны онг дӕ хъус гом нӕ уыд. Ӕз ӕй зонын, ды ӕдзух гадзрахатӕй кӕй цыдтӕ+ ӕмӕ дӕ афтӕ кӕй дзурынц, ай йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ фыдгӕнӕг у, зӕгъгӕ+.  Мӕ номы тыххӕй ӕз мӕ маст бауромдзынӕн+, мӕ кады тыххӕй мӕхиуыл хӕцдзынӕн, цӕмӕй уӕ ма фесафон+. 10  Ӕз дӕ ссыгъдӕг кодтон, фӕлӕ ӕвзистау нӕ+. Ӕз дӕ равзӕрстон, тайынгӕнӕн пецы куы уыдтӕ,– хъизӕмӕрттӕ куы ’взӕрстай,– уӕд+. 11  Мӕ номы тыххӕй, мӕ номы тыххӕй архайдзынӕн ӕз+. Куыд хъуамӕ бауадзон мӕ ном фӕчъизи кӕнын?+ Ӕз мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн+. 12  Байхъус мӕм, о Иаков, ды, ме ’взӕрст Израил. Ӕз ныр дӕр уыцы Хуыцау дӕн+. Ӕз дӕн фыццаг+, стӕй фӕстаг дӕр ӕз дӕн+. 13  Мӕ къух бындур ӕрӕвӕрдта зӕххӕн+, мӕ рахиз къух айтыгъта арв+. Ӕз сӕм фӕдзурын, цӕмӕй иумӕ мӕ разы ӕрлӕууой+. 14  Иууылдӕр ӕрӕмбырд ут ӕмӕ байхъусут+. Уыдонӕй йӕ исчи загъта? Йегъовӕ йӕ бауарзта+, ӕмӕ уый Вавилонӕн бакӕндзӕн, Хуыцауы цы фӕнды, уый+, ӕмӕ йӕ цонг халдейтыл уӕз кӕндзӕн+. 15  Уый ӕз загътон. Ӕз ӕм фӕдзырдтон+, ӕрбакодтон ӕй ӕмӕ йӕ рӕствӕндаг фӕкӕндзынӕн+. 16  Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут ӕмӕ байхъусут. Райдианӕй дӕр ӕз ӕмбӕхст ран нӕ дзырдтон+. Уый куы сӕххӕст, уӕд ӕз уым уыдтӕн». Ӕмӕ мӕ ныр Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ рарвыста ӕмӕ мӕ йӕ тыхӕй* схайджын кодта+. 17  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, дӕ Ӕлхӕнӕг+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау+: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны+, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны+. 18  Тӕхуды, ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусис!+ Уӕд дӕ фарн суаид цӕугӕдоны хуызӕн+, дӕ рӕстдзинад – денджызы уылӕнты хуызӕн+. 19  Дӕ цот змисау сбирӕ уаиккой, дӕ байзӕддӕгтӕ, дӕуӕй чи рацӕуа, уыдон – змисы муртау+. Ӕмӕ дӕ ном мӕ разӕй нӕ фесӕфид ӕмӕ афтӕ никуы уаид, цӕмӕй йӕ кой дӕр мауал уа»+. 20  Рацӕут Вавилонӕй!+ Лидзгӕ ут халдейтӕй+. Цины хъӕр кӕнут ӕмӕ йӕ дзурут, фехъусын ӕй кӕнут+. Уыцы хабар суанг зӕххы кӕронмӕ фехъусын кӕнут+. Дзурут афтӕ: «Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Иаковы балхӕдта+. 21  Ӕдзӕрӕг быдыртыл+ сӕ куы кодта, уӕд дойныйӕ+ нӕ мардысты. Уый афтӕ бакодта, цӕмӕй сын къӕдзӕхӕй дон ракалдаид, къӕдзӕх афаста, цӕмӕй дзы дон рагуылф кодтаид»+. 22  «Фыдгӕнджытӕн фарн нӕй»,– зӕгъы Йегъовӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Иудӕйы дӕттӕй».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.