Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ИОСИФ

«Исты ӕз Хуыцау дӕн?»

«Исты ӕз Хуыцау дӕн?»

ТАЛЫНГ КОДТА. Иосиф лӕууыд йӕ дыргъдоны. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ цӕст ахаста, финиктӕ кӕуыл зайы, уыцы пальмӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр дыргъбӕлӕстыл ӕмӕ доны зайӕгойтӕ кӕм зайы, уыцы цадтыл. Изӕрмилты дыргъдоны сисы сӕрты фараоны галуаныл дӕр йӕ цӕст схӕцыд. Иосифы хӕдзарӕй райхъуыст сывӕллӕтты хъӕлӕба: йӕ фырт Манасси йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Ефремы расур-басур кӕны ӕмӕ сӕ кӕл-кӕл цӕуы. Иосифы цӕстытыл уайы, мидӕгӕй цы цӕуы, уый – йӕ лӕппутӕ хъазынц, ӕмӕ уымӕ кӕсгӕйӕ йӕ цардӕмбал фӕлмӕн худы. Иосиф йӕ мидбылты бахудт. Йӕхи амондджын адӕймагыл нымайы.

Иосиф йӕ хистӕр фырты схуыдта Манасси, уымӕн ӕмӕ йын уый йӕ мӕстытӕ ферох кӕнын кодта (Райдиан 41:51). Хуыцау Иосифӕн фӕстаг азты кӕй раарфӕ кодта, уый фӕрцы йӕ зӕрдӕйы рыст ӕцӕгдӕр ӕрсабыр. Гыццыл ссӕрибар ис, йӕ хӕдзар, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фыды тыххӕй кӕй мӕт кодта, уыцы уӕззау мысинӕгтӕй. Йӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ дзы се сӕфт кӕй федтой, уый аххосӕй йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Иу бон ыл сӕхи ныццавтой, хъуамӕ йӕ амардтаиккой, фӕлӕ йӕ стӕй цагъарӕй ауӕй кодтой, сӕ рӕзты чи фӕцӕйцыди, уыцы сӕудӕджертӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдтой йӕ хъизӕмӕрттӕ – иу уӕззау хабар иннӕйы фӕдыл. Иосиф 10 азӕй фылдӕр уыди цагъар, стӕй та ахӕстоны бадти – цасдӕр рӕстӕг ӕфсӕйнаг хъадаманты дӕр. Фӕлӕ ныр та у Египеты хъомысджын паддзахады фараоны фӕстӕ дыккаг лӕг! *

Цалдӕр азы мидӕг Иосиф уыдта, Йегъовӕ цы хабӕртты тыххӕй загъта, уыдон куыд ӕххӕст кодтой. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Египетыл скодта авд бӕркадджын азы, ӕмӕ Иосиф йӕ хъус дардта, цы хъӕздыг тыллӕг ӕрзад, уый ӕфснайыны хъуыддагмӕ. Уыцы рӕстӕг ын йӕ ус Асенефӕ ныййардта дыууӕ фырты. Фӕлӕ-иу ӕй уӕддӕр йӕ хъуыдытӕ арӕх ахастой йӕ бинонтӕм, сӕдӕгай километртӕ дарддӕр – уӕлдайдӕр та йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Вениаминмӕ ӕмӕ йӕ уарзон фыд Иаковмӕ. Цымӕ куыд сты? Мыййаг, истӕуыл тыхсынц? Удӕгас сты? Ӕвӕццӕгӕн ма хъуыды кодта, зӕгъгӕ ма йӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ афтӕ ӕгъатыр сты, кӕнӕ ма искуы йӕ бинонты фендзӕн ӕмӕ ма искуы бафидаудзысты.

Кӕд дӕ бинонтӕ дӕр кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнынц, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕуынц кӕнӕ кӕрӕдзийӕ сӕ удхӕссӕг уынынц, ӕмӕ уый аххосӕй се ’хсӕн фарн нӕй, уӕд ӕй ӕмбарыс, Иосиф цы хатыд, уый. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг йӕ бинонтимӕ куыд бафидыдта, уымӕй?

«АЦӔУТ ИОСИФМӔ»

Иосифӕн уыди бирӕ куыст, ӕмӕ йыл азтӕ дӕр тынг тагъд атахтысты. Йегъовӕ фараонӕн цы фынтӕ равдыста, уыдонмӕ гӕсгӕ авд тыллӕгджын азы фӕстӕ рӕстӕг тынг фӕивта. Зӕхх тыллӕг нал радта! Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сыхаг бӕстӕты дӕр ӕххормаг заман скодта. Фӕлӕ Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «Египеты... уыди хойраг» (Райдиан 41:54). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иосифы пехуымпар-ныхас ӕмӕ алцыдӕр хорз кӕй спълан кодта, уый Египеты адӕмӕн стыр пайда ӕрхаста.

Иосиф сӕрныллӕг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ дзы Йегъовӕ пайда кодта

Египетӕгтӕ сӕхи Иосифы раз нымадтой хӕсджыныл. Аргъ ын кодтой, ахӕм хорз хицау кӕй уыди, уый тыххӕй. Фӕлӕ Иосиф ӕппӕт уыдӕттӕй бузныг уыди йӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ. Исты курдиӕттӕй хайджын куы уӕм, уӕд Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм, ӕмӕ нӕ уӕд спайда кӕндзӕн, нӕхӕдӕг ӕнхъӕл куыд не стӕм, афтӕ.

Фӕлӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ египетӕгтӕн дӕр бахӕринаг ницыуал уыди. Уыдон фараонмӕ лӕгъстӕ кӕнынмӕ куы бацыдысты, уӕд сын уый афтӕ бакодта: «Ацӕут Иосифмӕ, ӕмӕ уын уый куыд зӕгъа, афтӕ кӕнут». Ӕмӕ сын Иосиф дӕр хордӕттӕ байгом кодта, ӕмӕ адӕм сӕхицӕн хор ӕлхӕнынмӕ цыдысты (Райдиан 41:55, 56).

Фӕлӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн ахӕм хорз фадӕттӕ нӕ уыди. Сӕдӕгай километртӕ дарддӕр, Ханааны, Иосифы бинонтӕ уыдысты уӕззау уавӕры. Иаков базӕронд. Уый базыдта, Египеты хор кӕй ис, ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта, цӕмӕй уырдӕм ацыдаиккой ӕмӕ хор балхӕдтаиккой (Райдиан 42:1, 2).

Фӕлӕ сын семӕ йӕ кӕстӕр фырт Вениамины нӕ ауагъта. Иаковӕй нӕ ферох, йӕ уарзон хъӕбул Иосифы иунӕгӕй йӕ хистӕр ӕфсымӕрты бӕрӕггӕнӕг куыд арвыста, уый. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Иаков йӕ фырты нал федта. Йӕ хистӕр фырттӕ хӕдзармӕ ӕрбахастой Иосифы рӕсугъд дарӕс – йӕ фыд ӕй хъулон уарзт кӕй кодта, уый бӕрӕггӕнӕн – скъуыдтӕ ӕмӕ тугӕйдзӕгтӕй. Уыдон ӕй баууӕндын кодтой, Иосифы хъӕддаг сырдтӕ кӕй бахордтой, ӕмӕ афтӕмӕй зӕронд лӕджы зӕрдӕ скъахтой (Райдиан 37:31–35).

«ӔМӔ ӔВИППАЙДЫ ИОСИФӔН ЙӔ ЗӔРДЫЛ ӔРБАЛӔУУЫД»

Иаковы фырттӕ дард фӕндагыл араст сты, ӕмӕ ӕппынфӕстаг Египетмӕ ӕрхӕццӕ сты. Кӕйдӕрты куы афарстой, зӕгъгӕ, хор кӕм ис балхӕнӕн, уӕд сӕ арвыстой стыр хицаумӕ, йӕ ном та уыди Цафнаф-Панеах (Райдиан 41:45). Цымӕ йӕ базыдтой, уыцы лӕг Иосиф кӕй уыди? Нӕ. Сӕ разы уыди Египеты стыр хицау, ӕмӕ дзы хъуамӕ ракуырдтаиккой ӕххуыс. Цӕмӕй йын скад кодтаиккой, уый тыххӕй йын ӕгъдаумӕ гӕсгӕ «зӕххы онг ныллӕг акуывтой» (Райдиан 42:5, 6).

Цы зӕгъӕн ис Иосифӕй та? Уый йе ’фсымӕрты уайтагъд базыдта! Уый нӕ, фӕлӕ ма йын зӕххы онг ныллӕг куы акуывтой, уӕд «ӕвиппайды Иосифӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд», Йегъовӕ йын ӕрыгонӕй цы фынтӕ равдыста, уыдон. Фыны федта, йе ’фсымӕртӕ йӕм кӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг кӕй акуывтой. Ӕмӕ ныр хабар раст афтӕ рауад! (Райдиан 37:2, 5–9; 42:7, 9). Цы сараздзӕн Иосиф? Ныхъхъӕбыс сын кӕндзӕн? Йӕ маст сӕ райсдзӕн?

Иосиф зыдта, цыфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр хъуамӕ йӕ зӕрдӕйы фӕдыл ма ацыдаид, фӕлӕ зондӕй архайдтаид. Хабӕрттӕм йӕ хъус лӕмбынӕг дардта Йегъовӕ, уымӕн ӕмӕ баст уыдысты йӕ фӕндонимӕ. Уый зӕрдӕ бавӕрдта, Иаковы байзӕддӕгтӕ тыхджын адӕм кӕй суыдзысты (Райдиан 35:11, 12). Фӕлӕ кӕд Иосифы ӕфсымӕртӕ нырма дӕр ӕгъатыр, хиуарзон ӕмӕ ӕдзӕсгом уыдысты, уӕд зын зӕгъӕн уыдаид, уыцы зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст уыдзӕн! Иосиф тӕвдтуг митӕ нӕ кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ бинонты фарн бынтондӕр фехӕлдаид, стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, хӕдзары чи баззад, уыдоныл дӕр, йӕ фыдыл ӕмӕ Вениаминыл. Цымӕ ма удӕгас уыдысты? Иосиф аскъуыддзаг кодта, йӕхи сын кӕй не схъӕр кӕндзӕн, йе ’фсымӕрты кӕй бафӕлвардзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй кӕй фендзӕн, цавӕр адӕймӕгтӕ систы. Ӕмӕ йын уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ бамбарын кӕндзӕн, дарддӕр ӕй цы кӕнын хъӕуы, уый.

Ды, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм ӕнахуыр уавӕры никуы бахаудтӕ. Фӕлӕ абон бинонтӕ арӕх фӕхыл вӕййынц ӕмӕ ныддихтӕ вӕййынц. Ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ тынг ӕнцон у, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фӕдыл ацӕуӕм ӕмӕ нӕхи ма бауромӕм. Хуыздӕр уаид Иосифы бафӕзмын ӕмӕ бамбарын, Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (Ӕмбисӕндтӕ 14:12). Дӕ зӕрдыл дар, бинонтимӕ фӕрнӕй цӕрын ахсджиаг у, фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр та у Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фыртимӕ фарн бахъахъхъӕнын (Матфейы 10:37).

«МАХ ӔЙ БАЗОНДЗЫСТӔМ, РАСТ ДЗУРУТ ӔВИ НӔ»

Иосиф йе ’фсымӕрты цалдӕр хатты бафӕлвӕрдта, цӕмӕй бамбӕрстаид, сӕ зӕрдӕйы цы ис. Тӕлмацгӕнӕджы уылты семӕ райдыдта тызмӕгӕй дзурын ӕмӕ сын загъта, зӕгъгӕ, дам, уӕ чидӕр ӕрбарвыста. Уыдон сӕхи рӕстытӕ кӕнын райдыдтой, радзырдтой йын сӕ царды хабӕрттӕ, загътой йын, хӕдзары ма сын кӕстӕр ӕфсымӕр кӕй ис. Иосиф йӕхи ныффидар кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы уаг ма равдыстаид. Цымӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕцӕгдӕр удӕгас у? Ныр зыдта, куыд архайдзӕн, уый. Иосиф сын загъта: «Мах ӕй базондзыстӕм, раст дзурут ӕви нӕ», ӕмӕ сын уый тыххӕй та хъуамӕ сӕ кӕстӕр ӕфсымӕры фена. Фӕстӕдӕр сӕ хӕдзармӕ ауагъта, цӕмӕй сӕ кӕстӕр ӕфсымӕры дӕр семӕ ракодтаиккой, ӕрмӕст сӕ иу хъуамӕ ахӕстоны баззадаид (Райдиан 42:9–20).

Ӕфсымӕртӕ хабӕрттыл дзурын байдыдтой, ӕмӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, Иосиф сӕ кӕй ӕмбары. Сӕхи аххосджын кодтой, 20 азы размӕ цы уӕззау тӕригъӕд ракодтой, уым: «Не ’фсымӕры раз цы тӕригъӕд ракодтам, уый ныр фидӕм. Уый нын цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта, фӕтӕригъӕд мын кӕнут, зӕгъгӕ, мах та йӕм нӕ байхъуыстам. Ӕмӕ ныл ацы бӕллӕхтӕ дӕр уый тыххӕй цӕуынц». Иосиф сын сӕ ныхӕстӕ ӕмбӕрста, ӕмӕ иуварс ацыди, цӕмӕй йын йӕ цӕстысыгтӕ ма федтаиккой (Райдиан 42:21–24). Фӕлӕ ма уый дӕр зыдта, ӕмӕ фыдракӕндыл ӕрмӕст ӕрфӕсмон кӕнын фаг нӕу, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ дарддӕр фӕлвӕрдта.

Иосиф йе ’фсымӕрты хӕдзармӕ арвыста, Симеоны та ахӕстоны ныппарын кодта. Се ’хца та сын сусӕгӕй нывӕрын кодта сӕ хоры голджыты. Ӕфсымӕртӕ сӕ хӕдзармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Иаковӕн бирӕ фӕлӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын йӕ уарзон фырт Вениамины семӕ Египетмӕ рауагътаид. Уырдӕм куы ӕрцыдысты, уӕд Иосифы хӕдзармӕгӕсӕгӕн радзырдтой, се ’хца сӕ голджыты кӕй ссардтой ӕмӕ сӕ цы дарынц, уый сын фӕстӕмӕ иууылдӕр кӕй ратдзысты. Сӕхи уыцы хъуыддаджы ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй равдыстой, уый хорз уыди, фӕлӕ Иосифы фӕндыд хуыздӕр базонын, ӕцӕгдӕр сӕ зӕрдӕты цы уыди, уый. Уымӕ гӕсгӕ сӕ сӕхимӕ уазӕгуаты фӕхуыдта, фӕлӕ йын Вениамины фенд куыд ӕхсызгон уыди, уый тыхӕй ӕмбӕхста. Уый фӕстӕ сӕ сӕ хӕдзармӕ ауагъта ӕмӕ та сын сӕ голджытӕ хорӕй байзаг кӕнын кодта, Вениамины голладжы та нывӕрын кодта йе ’взист къус (Райдиан 42:26–44:2).

Иосифӕн йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыд. Йе ’фсымӕрты фӕстейӕ асурын кодта ӕмӕ сӕ ӕрцахсын кодта, зӕгъгӕ мын ме ’взист къус адавтат. Вениамины голладжы йӕ куы ссардтой, уӕд се ’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ Иосифмӕ ӕрбакодтой. Иосифӕн ныр хорз фадат фӕзынд, цӕмӕй базыдтаид, йе ’фсымӕртӕ ӕцӕгӕй цавӕр сты. Се ’ппӕты номӕй дӕр дзырдта Иудӕ. Уый йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сын ныххатыр кодтаид, ӕмӕ ма йын суанг афтӕ дӕр бакодта, цӕмӕй 11 ӕфсымӕры дӕр цагъартӕй ныууагътаид Египеты. Фӕлӕ йын Иосиф та загъта, зӕгъгӕ, цагъарӕй баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр Вениамин, иннӕтӕ та сӕрибар сты (Райдиан 44:2–17).

Иудӕ йӕ удӕй бацыд ӕмӕ загъта: «Ӕрмӕстдӕр ма уый баззад йӕ мады зӕнӕгӕй, ӕмӕ йӕ йӕ фыд бирӕ уарзы». Ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, Иосифы зӕрдӕ бацагайдтой. Иосиф уыди Иаковы уарзон ус Рахилы хистӕр фырт. Рахил амарди, Вениамины куы ныййардта, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн-иу Иосиф дӕр йӕ фыдау Рахилы арӕх ӕрхъуыды кодта. Чи зоны йын Вениамин дӕр уӕлдай адджын уымӕн уыди (Райдиан 35:18–20; 44:20).

Иудӕ Иосифӕн тынг лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Вениамины цагъарӕй ма ныууагътаид. Суанг ма йӕ бӕсты цагъарӕй баззайынмӕ дӕр разы уыд. Ӕппынфӕстаг ма загъта ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ: «Лӕппу мемӕ куы нӕ уа, уӕд афтӕмӕй куыд аздӕхон мӕ фыдмӕ ӕмӕ мӕ фыды цы бӕллӕх баййафдзӕн, уымӕ куыд кӕсон?» (Райдиан 44:18–34). Ныр рабӕрӕг, ацы адӕймаг кӕй фӕивта. Фӕсмон кӕй ӕркодта, ӕрмӕст уый нӕ уыди бӕрӕг, фӕлӕ ма кӕй сси тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ удуӕлдай, стӕй иннӕты рис кӕй ӕмбӕрста, уый дӕр.

Иосиф федта, йе ’фсымӕртӕ сӕ митыл кӕй ӕрфӕсмон кодтой

Иосифӕн йӕ бон нал уыди йе ’нкъарӕнтӕ ӕмбӕхсын. Йӕ лӕггадгӕнджыты иууылдӕр куы рарвыста, уӕд афтӕ хъӕрӕй ныккуыдта, ӕмӕ йӕ фараоны галуаны дӕр фехъуыстой. Фӕстагмӕ сын йӕхи рахъӕр кодта: «Ӕз уе ’фсымӕр дӕн, Иосиф». Йе ’фсымӕртӕ цавддуртау фесты. Иосиф сын хъӕбыстӕ кодта ӕмӕ сын загъта, алцыдӕр сын кӕй ныххатыр кодта (Райдиан 45:1–15). Уый бафӕзмыдта Йегъовӕйы, хӕларзӕрдӕйӕ чи хатыр кӕны, уый (Псалом 86:5). Мах дӕр ахӕм зӕрдӕйы уаг равдисӕм?

«ӔГАС... ДӔ»!

Фараон куы фехъуыста, Иосифы хӕдзары цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый тыххӕй, уӕд ын загъта, цӕмӕй йӕ ацӕргӕ фыды ӕмӕ йӕ бинонты иууылдӕр Египетмӕ ӕркӕна. Бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ та Иосиф йӕ уарзон фыды ногӕй федта. Иаков кӕугӕйӕ дзырдта: «Ныр амӕлыныл дӕр разы дӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ федтон ӕмӕ йӕ зонын, ӕгас кӕй дӕ» (Райдиан 45:16–28; 46:29, 30).

Иннӕ 17 азы Иаков цард Египеты. Уый бирӕ фӕцарди, ӕмӕ йӕ 12 фыртӕн арфӕ дӕр ракодта – чи сӕ цы хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзӕн, уый сын загъта. Хистӕр фыртмӕ-иу фыды бынтӕй ӕмбӕлди дыууӕ хайы, ӕмӕ Иаков уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта Иосифы, йӕ иуӕндӕсӕм фырты. Уымӕй хъуамӕ рацыдаид Израилы дыууӕ мыггаджы. Ӕмӕ Иудӕйы, Иаковы цыппӕрӕм фырты хабар та куыд рауад? Уый йе ’фсымӕртӕй тынг хицӕн кодта, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, уымӕй. Иудӕ схайджын стыр арфӕдзинадӕй: Мессийӕ хъуамӕ уыдаид йӕ хӕдзарвӕндагӕй! (Райдиан, 48, 49 сӕртӕ).

Иаков фӕцарди 147 азы. Ӕмӕ куы амарди, уӕд уый фӕстӕ Иосифы ӕфсымӕртӕ старстысты, сӕ хъомысджын ӕфсымӕр сӕ йӕ маст куы иса, уымӕй. Фӕлӕ сын Иосиф ныфс бавӕрдта ӕмӕ сын загъта, кӕй сӕ уарзы. Уый йе ’фсымӕртӕн бӕлвырд бамбарын кодта, Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй ӕрцыдысты Египетмӕ, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕхи мауал хордтаиккой, цы ’рцыд, уыдӕтты тыххӕй. Стӕй сӕм ахӕм диссаджы фарста радта: «Исты ӕз Хуыцау дӕн?» (Райдиан 15:13; 45:7, 8; 50:15–21). Иосиф Йегъовӕйы нымадта алцӕмӕй ӕххӕст Тӕрхонгӕнӕгыл. Ӕмӕ уӕд Иосиф чи уыд, цӕмӕй, Йегъовӕ кӕмӕн ныххатыр кодта, уыдонӕн тӕрхон кодтаид? (Дзуттӕгтӕм 10:30).

Искуы дын зын уыди искӕмӕн ныххатыр кӕнын? Уый уӕлдай зын вӕййы, адӕймаг нӕ зонгӕ-зонын куы бафхӕры, уӕд. Фӕлӕ ӕцӕгӕй чи ӕрфӕсмон кодта, уымӕн зӕрдӕйӕ куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд уый баххуыс кӕны бирӕ хъӕдгӕмттӕ сдзӕбӕх кӕнынӕн – уыимӕ нӕхи хъӕдгӕмттӕ сдзӕбӕх кӕнынӕн дӕр. Афтӕмӕй фӕзмдзыстӕм Иосифы уырнындзинад ӕмӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд Йегъовӕйы.

^ 4 абз. Кӕс брошюрӕтӕ «Хуыцау дыл хъуыды кӕны?», «Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис?» ӕмӕ «Дӕ куыстӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзынӕ?», рубрикӕ «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут».