Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Ӕз базыдтон, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг кӕй у

Ӕз базыдтон, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг кӕй у
  • РАЙГУЫРД: 1954 АЗ

  • БӔСТӔ: КАНАДӔ

  • РАЗДӔР: ЦӔСТФӔЛДАХӔГ, ӔХЦАЙЫЛ ХЪАЗЫД

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз схъомыл дӕн горӕт Монреалы, мӕгуыр районы. Ӕхсӕз мӕйы мыл куы цыд, уӕд мӕ фыд амард ӕмӕ уӕз иууылдӕр мӕ мады уӕхсчытыл ӕрӕнцад. Уыдыстӕм аст сывӕллоны. Ӕз уыдтӕн се ’ппӕты кӕстӕр.

Куыд стырдӕр кодтон, афтӕ мӕ царды фылдӕр бынат ахсын райдыдтой наркотиктӕ, тыхми, райдыдтон ӕхцайыл хъазын ӕмӕ фыдмитӕ чи кодта, уыдонимӕ балымӕн дӕн. Дӕс азы мыл куы цыд, уӕд мӕ цумайы лӕдзӕг скодтой хӕтаг сылгоймӕгтӕ ӕмӕ, ӕхца стыр проценттыл чи лӕвӕрдта, ахӕм адӕм. Сайгӕ арӕх кодтон. Стӕй мын цӕстфӕлдахӕн митӕ кӕнынӕй ӕхсызгондӕр ницы уыд, ӕмӕ-иу иу фадат дӕр никуы ауагътон. Уыцы хъуыддаг мын наркотикӕй уӕлдай нӕ уыд.

Цыппӕрдӕс азмӕ стыр дӕсны сдӕн адӕмы сайыны хъуыддаджы. Зӕгъӕм, балхӕдтон-иу сызгъӕрин доны тылд сахӕттӕ, цонгдарӕнтӕ ӕмӕ къухдарӕнтӕ. Стӕй-иу сыл сызгъӕрины мыхуыр сӕвӕрдтон ӕмӕ-иу сӕ уӕй кодтон уынгты ӕмӕ стыр дуканиты раз машинӕты лӕууӕндӕтты. Ӕнӕфыдӕбонӕй ӕхца кусын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Иухатт ӕрмӕст иу бонмӕ бакуыстон 10 мин доллӕры!

15 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ спецскъолайӕ расырдтой ӕмӕ, кӕдӕм ацыдаин, уый мын нӕ уыд. Фынӕй-иу кодтон уынгты, паркты кӕнӕ-иу кӕимӕ бамбал дӕн, уыдонӕй искӕмӕ.

Цӕстфӕлдахӕг кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ-иу пъӕлицӕмӕ арӕх бахаудтӕн. Фӕлӕ давд дзаумӕттӕ никуы уӕй кодтон, ӕмӕ-иу мӕ ахӕстоны дӕр уый тыххӕй никуы бакодтой. Фӕлӕ-иу стыр штрафтӕ бафыстон, адӕмы кӕй сайдтон, мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодтон ӕмӕ мын уӕй кӕныны бар кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Ӕз ӕппындӕр никӕмӕй тарстӕн. Суанг ма-иу ӕхца проценттыл чи лӕвӕрдта, уыдонӕн сӕ хӕсджынтӕй ӕхца дӕр ӕмбырд кодтон. Уый уыд тынг тӕссаг хъуыддаг, хатт-иу мемӕ хӕцӕнгарз дӕр хастон. Цавӕрдӕр хъуыддӕгты-иу суанг фыдгӕнджыты къордтимӕ дӕр бамбал дӕн.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Библийы тыххӕй фыццаг хатт фехъуыстон, 17 азы мыл куы цыд, уӕд. Кӕимӕ цардтӕн, уыцы чызг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Фӕлӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй Библийы цы фыст уыд, уый мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ уыцы чызджы ныууагътон. Уый фӕстӕ, кӕимӕ ӕмбӕлдтӕн, уыцы чызгимӕ бацардтӕн.

Мӕ цард цӕхгӕр фӕивта, мӕ дыккаг уарзон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд! Уый йӕ цард ивын райдыдта, бирӕ фӕсабырдӕр ӕмӕ бирӕ фӕразондӕр сси, ӕмӕ мыл уый тынг бандӕвта. Иу бон мӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залмӕ фӕхуыдтой ӕмӕ ӕз дӕр ацыдтӕн. Уым мыл бацин кодтой, се ’ппӕт дӕр уыдысты уӕздан ӕмӕ фӕлмӕн. Куыд тынг хицӕн кодтой, ӕз цы адӕмы ’хсӕн уыдтӕн, уыдонӕй! Мӕ бинонты никуы хъуыдтӕн; мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мыл никуы ничи баузӕлыд ӕмӕ мӕ никуы ничи барӕвдыдта. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн цы уарзондзинад фӕхатыдтӕн, уый уыди, цард-цӕрӕнбонты мын цы нӕ фаг кодта, уый. Библи ахуыр кӕныны тыххӕй мын куы загътой, уӕд ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ сразы дӕн.

Библи кӕй ахуыр кодтон, уый фӕрцы удӕгасӕй баззадтӕн. Хӕстӕ мын кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ мӕ дыууӕ ӕмбалимӕ фӕнд кодтам кӕмӕйдӕр ӕхца байсын. Къамӕй хъазгӕйӕ фӕхӕрд дӕн 50 мин доллӕрӕй фылдӕр. Фӕлӕ куыд амондджын дӕн, мӕ хъуыды кӕй фӕивтон, уый тыххӕй! Мӕ раздӕры ’мбӕлттӕ уӕддӕр уыцы фӕнд нӕ ныууагътой, ӕмӕ дзы сӕ иуы ӕрцахстой, иннӕйы та маргӕ акодтой.

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ йӕ федтон, цас цыдӕртӕ мӕ хъӕуы аивын. Зӕгъӕм, базыдтон, Библийы 1 Коринфӕгтӕм 6:10 стихы цы фыст ис, уый: «Нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр зыд адӕймӕгтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ; нӕдӕр, иннӕты чи ӕлгъиты ӕмӕ адӕмы чи стигъы, уыдон – Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты». Уыцы стих куы бакастӕн, уӕд ӕй бамбӕрстон, куыд ӕвзӕр уавӕры уыдтӕн, уый ӕмӕ мӕ цӕстытӕ доны разылдысты. Бамбӕрстон ӕй, царды мӕ стыр ивындзинӕдтӕ кӕй хъӕуы саразын (Ромӕгтӕм 12:2). Ӕз уыдтӕн ӕгъатыр ӕмӕ тӕвдтуг, ӕмӕ ӕдзухдӕр кодтон сайгӕ.

Фӕлӕ ма Библи ахуыргӕнгӕйӕ базыдтон, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг Хуыцау кӕй у (Исай 1:18). Йегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид мӕ раздӕры цард ныууадзынӕн. Йӕ фӕрцы мын сабыргай бантыст мӕ удыхъӕд фӕивын. Мӕ царды ма иу стыр къахдзӕф скодтон: кӕимӕ цардтӕн, уыцы сылгоймагимӕ нӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ баиу кодтам.

Абон удӕгас дӕн, уымӕн ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын

Уыцы рӕстӕг мыл цыди 24 азы, уыди мын бинойнаг ӕмӕ ӕртӕ сывӕллоны. Ныр мӕ хъуыди ссарын, закъоны ныхмӕ чи нӕ уыд, ахӕм куыст. Фӕлӕ мӕм фаг ахуырад нӕ уыди ӕмӕ мӕ афтӕ чи загътаид, зӕгъгӕ, хорз кусӕг уыдзӕн, ахӕм адӕймаг дӕр нӕ уыд. Ногӕй та Йегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй ныллӕгъстӕ кодтон, ӕмӕ уый фӕстӕ куыстагур ацыдтӕн. Куысты хицӕуттӕн-иу загътон, мӕ цард мӕ фӕивын кӕй фӕнды ӕмӕ мӕ куыст ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй кӕндзынӕн. Кӕмӕндӕрты-иу афтӕ дӕр загътон, Библи кӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ мӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй хуыздӕр гражданин суон. Бирӕ рӕтты мын загътой «нӕ». Ӕппынфӕстаг, иу куысты хицауӕн ӕргом куы радзырдтон мӕ раздӕры царды хабӕрттӕ, уӕд мын уый фӕстӕ загъта: «Мӕхӕдӕг дӕр ӕй не ’мбарын, фӕлӕ мын мӕ зӕрдӕ зӕгъы, куыстмӕ дӕ кӕй хъуамӕ айсон». Мӕн уырны, афтӕмӕй мын Хуыцау мӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй радта. Фӕстӕдӕр мӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ мӕ бинойнаг дӕр донаргъуыд райстам ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систӕм.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Абон удӕгас дӕн, уымӕн ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ чырыстон фӕндагыл цӕуын. Ис мын хорз бинонтӕ. Ӕз ӕй фидарӕй зонын, Йегъовӕ мын мӕ рӕдыдтытӕ кӕй ныххатыр кодта, ӕмӕ абон мӕ цӕсгом у сыгъдӕг.

Фӕстаг 14 азы дӕргъы алы мӕй дӕр 70 сахаты бӕрц хорз хабар фӕхъусын кӕнын, цӕмӕй Библи цы дзуры, уый адӕм хуыздӕр бамбарой. Ӕрӕджы мӕ бинойнаг дӕр раст афтӕ лӕггад кӕнын райдыдта. 30 азӕй фылдӕры мидӕг ме ’мкусджытӕй 22 адӕймагӕн баххуыс кодтон, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон уыди. Ныр дӕр ма фӕцӕуын стыр дуканитӕм, фӕлӕ адӕмы сайынмӕ нӕ. Ныр уырдӕм фӕцӕуын, цӕмӕй сын мӕ дины тыххӕй радзурон. Уый тыххӕй фӕцӕуын, цӕмӕй сын мӕхӕдӕг цыдӕр радтон: радзурон сын, цӕстфӕлдахджытӕ кӕм нал уыдзӕн, ахӕм ног дунейы цӕрыны ныфс сын кӕй ис (Псалом 37:10, 11).