Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Библийы раст хабӕрттӕ фыст кӕй ис, уый археологи куыд бӕлвырд кӕны?

Ассириаг паддзах Саргон II, йӕ кой ис Исайы 20:1

Иу журналы фыст уыди, зӕгъгӕ, археологтӕ кӕй ссардтой, уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕй зыны, Дзуттаг Фыстыты кӕй кой ис, уыдонӕй «ӕппынкъаддӕр 50 адӕймаджы» ӕцӕгдӕр кӕй цардысты (Biblical Archaeology Review). Уыдонӕй 14 уыдысты Иудӕ ӕмӕ Израилы паддзӕхтӕ, се ’хсӕн уыди, ахӕм зындгонд паддзӕхтӕ, куыд Давид ӕмӕ Езеки, ӕмӕ тынг зындгонд чи нӕ уыд, ахӕм паддзӕхтӕ – Менаим ӕмӕ Факей. Уыцы хыгъды ма уыдысты 5 фараоны ӕмӕ Ассири, Вавилони, Моав, Перс ӕмӕ Сирийы паддзӕхтӕй 19 паддзахы. Фӕлӕ уыцы хыгъды ӕрмӕст паддзӕхты кой нӕй, ис ма дзы хистӕр сауджынты, писырты ӕмӕ ӕндӕр хицӕутты кой дӕр.

Статьяйы ма фыст уыди, зӕгъгӕ, уыцы адӕм ӕцӕгдӕр кӕй цардысты, уымӕн «ахуыргӕндтӕм ис фаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ» ӕмӕ сыл дызӕрдыг нӕ кӕнынц. Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕмбӕлы, историйы зындгонд чи уыд, ӕндӕр ахӕм адӕмы кой дӕр. Зӕгъӕм, археологтӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссардтой, Ирод, Понтий Пилат, Тиберий, Кайафӕ ӕмӕ Сергий Павел ӕцӕгдӕр кӕй цардысты, уымӕн.

Палестинӕйы домбӕйттӕ кӕд фесӕфтысты?

Домбайы ныв агуыридуртыл (рагон Вавилон)

Абон Палестинӕйы домбӕйттӕ нал ис. Фӕлӕ Библийы сӕ кой ис иу-150 хатты. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библи чи фыста, уыдон хорз зыдтой уыцы сырды тыххӕй. Библийы домбӕйтты кой кӕм ис, уым арӕхдӕр вӕййы ахӕсгӕ хуызы, фӕлӕ дзы кӕмдӕрты дзырд цӕуы ӕцӕг домбӕйттыл. Зӕгъӕм, Самсон, Давид ӕмӕ Ванейӕ амардтой домбӕйтты (Тӕрхонгӕнджыты 14:5, 6; 1 Самуилы 17:34, 35; 2 Самуилы 23:20). Ӕндӕр чидӕртӕ та домбӕйтты дзӕмбытӕй сӕ мӕлӕт ссардтой (1 Паддзӕхты 13:24; 2 Паддзӕхты 17:25).

Рагзаманты азиаг домбайыл (Panthera leo persic) фембӕлӕн уыди бирӕ рӕтты: райдай Къаннӕг Ази ӕмӕ Грецийӕ ӕмӕ фӕу Палестинӕ, Сири, Месопотами ӕмӕ цӕгат-ныгуылӕн Индийӕ. Ацы сырдӕй тарстысты ӕмӕ йын кад кодтой, ӕмӕ йӕ нывтӕ рагон Ӕввахс Скӕсӕны аивады арӕх ӕмбӕлынц. Домбӕйтты рӕсугъд нывтӕ уыди рагон Вавилоны Кады фӕндаджы агуыридуртыл.

Крестхӕсджытӕ Палестинӕйы домбӕйттыл цуан кодтой нӕ эрӕйы 12 ӕнусы кӕроны онг. Ӕвӕццӕгӕн, домбӕйттӕ уыцы ран сыскъуыдысты 14 ӕнусы райдианы. Фӕлӕ домбӕйттыл Месопотами ӕмӕ Сирийы ӕмбӕлдысты 19 ӕнусы онг, ӕмӕ Иран ӕмӕ Иракы та – 20 ӕнусы фыццаг ӕмбисы онг.