Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ИОСИФ

«Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад?»

«Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад?»

ИОСИФ арф сулӕфы. Йӕ рӕуджытӕ айдзаг вӕййынц уӕззау, хъарм уӕлдӕфӕй. Йӕ фындзыл уайы лотосы диндинджыты ӕмӕ ӕндӕр доны зайӕгойты тӕф. Базаргӕнджытӕ сӕ теуатимӕ кӕрӕдзи фӕдыл ныххал сты, афтӕмӕй фӕцӕуынц. Иосиф дӕр ис семӕ. Ныр сӕ фӕндаг у Нилы цӕугӕдоны дӕлвӕзы уылты. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, донгӕрӕтты Египеты ӕндӕр горӕтмӕ куыд фӕцӕуынц. Фӕндагыл цӕугӕйӕ, куы кӕсаглас доны рацу-бацугӕнгӕ ауынынц, куы та ибисы хӕрдмӕ стӕхгӕ. Иосифы та йӕ зӕрдӕ ногӕй ахаста сӕдӕгай километртӕ дарддӕр, йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ – дымгӕ сӕрибарӕй кӕм дымы, уыцы хӕхбӕстӕм, Хевронмӕ. Ныр Иосиф ис бынтон ӕндӕр дунейы.

Маймулитӕ пальмӕбӕлӕсты ӕмӕ легъуибӕлӕсты цъуппытӕй хъӕр кӕнынц, ӕмӕ сӕ хъыллист хъуысы. Иосиф ӕппындӕр не ’мбары, сӕ фӕрсты цы адӕм ацӕуы, уыдоны ныхас. Ӕвӕццӕгӕн, архайы, сӕ ныхӕстӕй сын исты куы бамбарид, ууыл. Бӕргӕ сын се ’взаг куы зонид! Ӕмбары йӕ, йӕ хӕдзарыл кӕй никуыуал сӕмбӕлдзӕн.

Иосиф сывӕллон уыд, уӕдӕ цы уыд – цыди йыл 17–18 азы,– фӕлӕ стыр адӕмӕй дӕр бирӕты ныфс чи асастид, ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Йӕ фыд ӕй хъулон уарзт кӕй кодта, уый тыххӕй йӕм йе ’фсымӕртӕ хӕлӕгӕй мардысты ӕмӕ йӕ, гыццыл ма бахъӕуа, амардтаиккой. Фӕлӕ сӕ хъуыды фӕивтой ӕмӕ йӕ базаргӕнджытӕн ауӕй кодтой (Райдиан 37:2, 5, 18–28). Цалдӕр къуырийы дӕргъы цӕуынц фӕндагыл ӕмӕ стыр горӕтмӕ куыд хӕстӕгдӕр кӕнынц, афтӕ базаргӕнджытӕ хъӕлдзӕгӕй-хъӕлдзӕгдӕр кӕнынц – уым Иосифы ӕмӕ сӕ зынаргъ дзауматӕ ауӕй кӕндзысты ӕмӕ хорз ӕхца бакусдзысты. Цы сарӕзта Иосиф, цӕмӕй маст йӕ зӕрдӕйы ма ӕрбынат кодтаид ӕмӕ йӕ ныфс ма асастаид? Махӕн та нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын царды зындзинӕдтӕ нӕ уырнындзинад ма фӕцудын кӕной? Уыцы хъуыддаджы Иосифӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын.

«ЙЕГЪОВӔ УЫДИ ИОСИФИМӔ»

«Иосифы та измаилӕгтӕ ӕркодтой Египетмӕ, ӕмӕ йӕ уым балхӕдта иу египетаг лӕг, Потифар, зӕгъгӕ. Уый уыди фараоны фӕсдзӕуинтӕй иу – хъахъхъӕнджыты хистӕр» (Райдиан 39:1). Ацы цалдӕр ныхасӕй Библийӕ нӕ бон у бамбарын, куыд ӕгад ӕркастаид йӕхимӕ уыцы ӕрыгон лӕппу, ногӕй та йӕ куы ауӕй кодтой, уӕд. Дзаумайӕ уӕлдай йӕ ницӕуыл банымадтой! Иосифы ног хицау сси Египеты фараоны фӕсдзӕуинтӕй иу. Ахъуыды-ма кӕн, базартӕй йедзаг чи у ӕмӕ адӕм ӕмызмӕлд кӕм кӕнынц, уыцы горӕты уынгты Иосиф йӕ хицауы фӕдыл йӕ ног хӕдзармӕ куыд фӕцӕуы.

Хӕдзар! Куыд тынг хицӕн кӕны ацы хӕдзар, Иосиф йӕ хӕдзар цы хуыдта, уымӕй! Иосиф схъомыл, цӕугӕ цард чи кодта ӕмӕ йӕ цард цатырты чи ӕрвыста, ахӕм бинонты ’хсӕн. Уыдон кодтой фосы куыст, ӕмӕ-иу куы иу ран цардысты, куы ӕндӕр ран. Ам та Потифары хуызӕн хъӕздыг египетӕгтӕ цардысты рӕсугъд, ирд ахорӕнтӕй ахуырст хӕдзӕртты. Археологтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй египетӕгтӕ уарзтой, сӕ алыварс-иу къул амад кӕмӕн уыд, ахӕм дыргъдӕттӕ. Уым-иу уыд бирӕ пӕлӕхсар бӕлӕстӕ ӕмӕ сабыр цадтӕ папирус, лотостӕ ӕмӕ ӕндӕр доны зайӕгойтимӕ. Иуӕй-иу хӕдзӕрттӕ уыдысты дыргъдӕтты астӕу. Уыцы хӕдзӕртты-иу уыд тыргъ, цӕмӕй-иу дзы рог дымгӕйы улӕфтмӕ абадӕн уыдаид, уыди-иу сын бӕрзонд рудзгуытӕ, цӕмӕй сыгъдӕг уӕлдӕф мидӕмӕ цыдаид ӕмӕ бирӕ уӕттӕ, стӕй стыр цӕлгӕнӕн уат ӕмӕ цӕрӕнбынӕттӕ лӕггадгӕнджытӕн.

Цымӕ Иосиф уыцы хъӕздыгдзинадмӕ бахӕлӕг кодта? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Уыцы сахат ӕй ӕппӕты тынгдӕр тыхсын кодта, зыбыты иунӕг кӕй уыд, уый. Иосифӕн египетӕгтӕ ӕцӕгӕлон уыдысты се ’взаг, сӕ дзаума, се ’ддаг бакастӕй, ӕмӕ уымӕй фыддӕр та – сӕ динӕй. Уыдон куывтой тынг бирӕ хуыцӕуттӕн, кодтой хинтӕ-кӕлӕнтӕ, стӕй сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр баст уыдысты мӕлӕтимӕ ӕмӕ мӕлӕты фӕстӕ цард кӕй уыдзӕн, уыимӕ. Ӕмӕ Иосиф иунӕг кӕй уыд, уый йын йӕ ныфс асастаид, иу хъуыддаг куы нӕ уыдаид, уӕд. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ уыди Иосифимӕ» (Райдиан 39:2). Иосиф йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дзырдта йӕ Хуыцауӕн. Библийы зӕгъы: «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ» (Псалом 145:18). Иосиф ма йӕ Хуыцаумӕ цӕй фӕрцы ӕввахс кодта?

Уыцы ӕрыгон лӕппу йӕ ныфс сӕттын нӕ бауагъта, ӕмӕ йӕ куыст кӕнынмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдта. Афтӕмӕй Иосиф Йегъовӕйӕн фадат лӕвӕрдта, цӕмӕй йын арфӕ кодтаид ӕмӕ йӕм тагъд рӕстӕг йӕ ног хицау хорз цӕстӕй кӕсын райдыдта. Потифар уыдта, йӕ ӕрыгон лӕггадгӕнӕгӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта – Иосифы адӕм кӕмӕн куывтой, уыцы Хуыцау. Ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдты фӕрцы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, египетаджы хӕдзар ноджы хъӕздыгдӕр фӕци. Уыцы сӕрӕн лӕппуйӕ йӕ хицауы зӕрдӕ тынгӕй-тынгдӕр рухс кодта ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон ын иууылдӕр йӕ къухмӕ радта (Райдиан 39:3–6).

Иосиф фӕзминаг у, абон Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы ӕрыгӕттӕн. Зӕгъӕм, скъолайы куы вӕййынц, уӕд сӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма цыдӕр ӕнахуыр ӕмӕ ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕн сты, дуне йедзаг у хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕй, адӕмӕн цардӕй сӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны ӕмӕ сӕ фидӕнӕй ницы ныфс ис. Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд дӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ кӕй нӕ ивы (Иаковы 1:17). Уый ныр дӕр ис, иузӕрдион ыл чи у ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл чи архайы, уыдоны фарсмӕ. Йегъовӕ уыдоны йӕ арфӕдзинӕдтӕй цух нӕ уадзы ӕмӕ дӕу дӕр йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕндзӕн.

Библийы дарддӕр куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Иосиф ралӕг ис. Кӕддӕры гыццыл Иосиф сси «хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд лӕппу». Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ бамбарӕн ис, царды йын кӕй фӕзындӕр уыдаид, уымӕн ӕмӕ адӕймаг рӕсугъд куы вӕййы, уӕд йӕхи дӕр куы нӕ фӕнда, уӕд дӕр иннӕты цӕсты фӕхауы.

Потифары ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕрыгон Иосифыл

«УЫЙ НИКУЫ СРАЗЫ»

Иосиф иузӕрдиондзинадӕн тынг аргъ кодта, Потифары ус та – нӕ. Библийы кӕсӕм: «Иосифыл йӕ хицауы ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ-иу ын дзырдта: „Мемӕ схуысс“» (Райдиан 39:7). Цымӕ уыцы мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг сылгоймаг Иосифыл куы бафтыд ӕмӕ йӕ акъахдзӕф кӕнын куы нал уагъта, уӕд ын йӕхиуыл фӕхӕцын ӕнцон уыд? Библийы ахӕмӕй ницы ис фыст, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕн уа, ӕмӕ, иннӕ ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕм цы фӕндтӕ вӕййы, Иосифмӕ ахӕм фӕндтӕ никуы уыди кӕнӕ уыцы хъал сылгоймаг, бӕстӕйы хицауы хъӕздыг ӕмӕ барджын лӕггадгӕнӕджы ус, рӕсугъд нӕ уыди. Цымӕ Иосиф афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ хицау уыцы хабар никуы базондзӕн? Цымӕ йӕ уыцы хъуыды нӕ цыбӕл кодта, ӕмӕ сылгоймаджы коммӕ куы бакастаид, уӕд хъӕздыг цард кӕй кодтаид?

Раст у, Иосифмӕ цавӕр хъуыдытӕ уыд, уыдон иууылдӕр нӕ зонӕм. Фӕлӕ фидарӕй зонӕм, йӕ зӕрдӕйы цы уыди, уый. Уый бӕрӕг у йӕ дзуаппӕй: «Хӕдзар мӕ бар кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ мӕ хицау ницӕуыл тыхсы, ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр мӕ къухмӕ радта. Ацы хӕдзары мӕнӕй уӕлдӕр ничи ис, ӕмӕ мӕ бар цӕуы алцӕуыл дӕр, дӕуӕй фӕстӕмӕ, уымӕн ӕмӕ ды йӕ ус дӕ. Уӕд ӕз куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?» (Райдиан 39:8, 9). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы ӕрыгон лӕппу ацы ныхӕстӕ куыд фидарӕй загътаид. Уыцы сылгоймаг ын цы аразын кодта, ууыл ӕрмӕст хъуыды дӕр куы кодтаид, уӕд ын уый дӕр зиан ӕрхастаид. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

Иосиф куыд загъта, афтӕмӕй йыл йӕ хицау йӕ зӕрдӕ дардта. Йӕ хӕдзары цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ йын иууылдӕр, йӕ усӕй фӕстӕмӕ, йӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ йыл уӕд Иосиф гадзрахатӕй куыд хъуамӕ рацыдаид? Ӕрмӕст уыцы хъуыды дӕр ын ӕнад уыд. Фӕлӕ ма Иосифы урӕдта ноджыдӕр иу хъуыды, ӕмӕ уый уыд сӕйрагдӕр: уый уыдаид тӕригъӕд йӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхмӕ. Иосиф йӕ ныййарджытӕй хорз зыдта, Хуыцау бинонты цардмӕ ӕмӕ, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл иузӕрдион уой, уымӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Фыццаг бинонтӕ фӕзындысты Йегъовӕйы фӕндӕй ӕмӕ Йегъовӕ ӕргом загъта, бинонты царды фӕдыл цы хъуыды кодта, уый. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг баиу уыдзысты, «ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Райдиан 2:24). Лӕг ӕмӕ усы кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕнынмӕ чи хъавыдаид, уымӕн тӕссаг уыди Хуыцауы фыдӕх баййафынӕй. Зӕгъӕм, Авраамы усимӕ, Иосифы фыды фыды мадимӕ ӕмӕ Исахъы усимӕ, Иосифы фыды мадимӕ, ӕмуат ӕрцӕуынмӕ чи хъавыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ, гыццыл ма бахъӕуа, фыдбылызы бахаудтаиккой (Райдиан 20:1–3; 26:7–11). Иосиф уыцы хабарӕй хорз зонд райста ӕмӕ йӕ фӕндыд, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрын.

Потифары усы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты Иосифы ныхӕстӕ. Уый та куыд, ӕмӕ йын уыцы ницӕйаг цагъар «нӕ» загъта, стӕй дзы цы куырдта, уый ма «фыддзинад» дӕр схуыдта! Сылгоймаг уӕддӕр йӕ фӕнд нӕ ныууагъта. Ӕвӕццӕгӕн ӕм уый хардзау ӕркаст, ӕмӕ йӕхицӕн загъта, хъуамӕ йӕ цыфӕндыйӕ дӕр сразы кӕнон, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй рабӕрӕг, уыцы сылгоймагӕн дӕр кӕй уыд Хӕйрӕджы зондахаст – Чырыстийы фӕрӕдийын кӕнын чи хъавыд, уый зондахаст. Уымӕн дӕр йӕ фӕндӕй куы ницы рауад, уӕд иу ран ӕрлӕууыны бӕсты, ӕнхъӕлмӕ каст, «ӕндӕр хорз фадат ын кӕд фӕуыдзӕн, уӕдмӕ» (Лукайы 4:13). Уӕдӕ иузӕрдион адӕм хъуамӕ уой фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ. Ахӕм адӕймагӕй равдыста йӕхи Иосиф дӕр. Кӕд ын «алы бон дӕр» дзырдта, уӕддӕр нӕ басаст. Библийы фыст ис: «Никуы [йын] сразы» (Райдиан 39:10). Потифары ус уӕддӕр архайдта, цӕмӕй йӕ фӕрӕдийын кодтаид.

Уый банхъӕлмӕ каст, хӕдзары лӕггадгӕнджытӕй куы ничи уа, уӕдмӕ. Зыдта йӕ, Иосиф уыцы рӕстӕг хӕдзармӕ кӕй хъуамӕ бацыдаид йӕ куыстытӕ кӕнынмӕ. Ӕмӕ куы ӕрбацыд, уӕд йӕ размӕ ӕрлӕууыд. Стӕй йын йӕ дарӕсыл ныххӕцыд ӕмӕ ма йын иу хатт ныллӕгъстӕ кодта: «Мемӕ схуысс!» Иосиф рахъуыды-бахъуыды нӕ кодта. Фӕстӕмӕ фӕзылд, цӕмӕй йӕ къухтӕй йӕхи ратыдтаид, фӕлӕ йын сылгоймаг йӕ дарӕс нӕ уӕгъд кодта. Уӕд Иосиф дӕр цӕхгӕр фӕзылд, сылгоймаджы къухы йӕ дарӕс фӕуагъта ӕмӕ ӕддӕмӕ алыгъд! (Райдиан 39:11, 12).

Нӕ зӕрдыл-иу ӕрлӕууын кӕнӕм апостол Павелы уынаффӕ: «Хӕтындзинадӕй дард лидзут» (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Куыд хорз цӕвиттон ныууагъта Иосиф ӕцӕг чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр! Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ цард ахӕм уавӕрты баппара, ӕмӕ нӕ алыварс уой, Хуыцау хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон чи ницӕмӕ дары, ахӕм адӕм, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ сӕ зондыл ацӕуӕм. Уый нын цыфӕнды зынаргъ ма слӕууа, уӕддӕр-иу хъуамӕ алидзӕм.

Иосифӕн уый тынг зынаргъ слӕууыд. Потифары усы фӕндыд йӕ маст райсын. Уый фӕдис систа ӕмӕ иннӕ лӕггадгӕнджыты ӕрӕмбырд кодта. Иосифӕй та загъта, зӕгъгӕ, дам, мын тыхми бакӕнынмӕ хъавыд, фӕлӕ, дам, куы ныхъхъӕр кодтон, уӕд алыгъд. Иосифы дарӕс йӕхимӕ ныууагъта ӕмӕ йӕ лӕджы ӕрбацыдмӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Потифар хӕдзармӕ куы ӕрбацыд, уӕд уымӕн дӕр уыдӕттӕ радзырдта. Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уади, ӕмӕ алцыдӕр йӕ лӕджы аххос уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕндӕрбӕстаджы сӕ хӕдзармӕ уый ӕрбакодта. Уыцы ныхӕстӕй Потифар куыд фӕци? Библийы фыст ис: «Йӕ маст ссыгъд»! Ӕмӕ Иосифы ахӕстоны ныппарын кодта (Райдиан 39:13–20).

«ЙӔ КЪӔХТӔ ЙЫН ХЪАДАМАНТӔЙ БАЛХЪЫВТОЙ»

Уыцы заманы-иу Египеты ахст адӕм цы уавӕрты уыдысты, уый тыххӕй абон бирӕ нӕ зонӕм. Археологтӕ ахӕм бынӕттӕй кӕцыдӕртӕ ссардтой. Уыдон уыдысты фидаргонд агъуыстытӕ хицӕн камерӕтӕ ӕмӕ ныккӕндтимӕ. Иосиф кӕм бадт, уыцы бынат схуыдта «ахӕстоны дзыхъхъ» ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕм рухсы цъыртт никӕцӕй калд, стӕй-иу дзы адӕймаджы ныфс асаст (Райдиан 40:15). Псаломты чиныгӕй нӕ бон у базонын, Иосиф ма цавӕр хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уый: «Йӕ къӕхтӕ йын хъадамантӕй балхъывтой, йӕ уд ын ӕфсӕйнаг рӕхыстӕй сбастой» (Псалом 105:17, 18). Хатт-иу египетӕгтӕ ахст адӕмӕн сӕ къухтӕ фӕстӕрдӕм акодтой ӕмӕ-иу сыл афтӕмӕй хъадамантӕ бакодтой кӕнӕ-иу сын сӕ хъуыртыл бакодтой ӕфсӕйнаг цӕгтӕ. Иосиф ахӕм уавӕрты куыд тынг хъизӕмар кодтаид, кӕд ӕмӕ аххосджын ӕппындӕр ницӕмӕй уыд!

Йӕ уавӕр ма йын фыддӕр кодта, уым цыбыр рӕстӕг кӕй нӕ уыд, уый. Фыстад куыд зӕгъы, афтӕмӕй Иосиф ахӕстоны фӕбадт цалдӕр азы! * Иосиф ӕй нӕ зыдта, искуы ма уырдыгӕй рацӕудзӕн ӕви нӕ. Фыццаг фыдбонтӕ къуыритӕм ахызтысты, стӕй та мӕйтӕм. Цымӕ Иосиф цы арӕзта, цӕмӕй йӕ ныфс ма асастад ӕмӕ йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид?

Фыстад дӕтты, нӕ ныфс нын чи фидар кӕны, ахӕм дзуапп: «Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ йӕ уарзта ӕнувыд уарзтӕй» (Райдиан 39:21). Йегъовӕйы йӕ лӕггадгӕнджытӕм йӕ ӕнувыд уарзт ӕвдисынӕн нӕ хъыгдарынц нӕдӕр ахӕстоны къултӕ, нӕдӕр хъадамантӕ, нӕдӕр талынг камерӕтӕ (Ромӕгтӕм 8:38, 39). Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, Иосиф йӕ зынаргъ уӕларвон Фыдӕн куыд лӕгъстӕ кӕны ӕмӕ йын йӕ сагъӕстӕ куыд дзуры, уый. Куы скуывта, уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ байдзаг фарнӕй – ӕрмӕстдӕр «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕй» чи цӕуы, уыцы фарнӕй (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4; Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Йегъовӕ ма Иосифӕн цы сарӕзта? Мах кӕсӕм, Йегъовӕ афтӕ кӕй сарӕзта, «цӕмӕй ахӕстоны хицау Иосифмӕ хорз зӕрдӕ дардтаид».

Ахст адӕмӕн-иу, ӕвӕццӕгӕн, цыдӕр куыстытӕ кӕнын кодтой, ӕмӕ Йегъовӕ Иосифӕн ацы хъуыддаджы дӕр арфӕ кодта. Цыфӕнды хъуыддаг-иу ын ма бабар кодтаиккой, алцыдӕр-иу сарӕзта бӕстон ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ йӕхи хабӕрттӕ та иууылдӕр Йегъовӕйы бар бакодта. Библийы кӕсӕм: «Ахӕстоны чи бадти, уыдоны се ’ппӕты дӕр ахӕстоны хицау бакодта Иосифы бар. Ӕмӕ сын уый куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ кодтой. Иосифы бар цы хъуыддӕгтӕ уыди, уыдонӕй ахӕстоны хицау йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ, цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын Йегъовӕ арфӕ кодта» (Райдиан 39:22, 23). Цӕй стыр удӕнцой ӕрхастаид Иосифӕн, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны, уый!

Иосиф ахӕстоны йӕ куыстытӕ бӕстон арӕзта ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта

Махӕн дӕр гӕнӕн ис нӕ цард цӕхгӕр фӕива ӕмӕ цавӕрдӕр уӕззау уавӕрты бахауӕм, суанг ӕвирхъау ӕнӕрастдзинадыл дӕр сӕмбӕлӕм. Фӕлӕ нын Иосифы уырнындзинад бирӕ хъуыддӕгты баххуыс кӕндзӕн. Йегъовӕмӕ куы кувӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй куы ӕввахс кӕнӕм, йӕ фӕдзӕхстытыл ын фидар куы хӕцӕм ӕмӕ йӕ цӕсты раст цы у, уый ӕппӕт тыхтӕй куы аразӕм, уӕд нын арфӕ кӕндзӕн. Йегъовӕ Иосифӕн ӕрцӕттӕ кодта фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ, ӕмӕ уый тыххӕй та ацы рубрикӕйы бакӕсдзыстӕм иннӕ статьяты.

^ 23 абз. Библийы фыст ис, Иосиф Потифары хӕдзармӕ куы бахауд, уӕд ыл кӕй цыди 17–18 азы. Ӕмӕ дзы, ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр азы фӕци, цалынмӕ слӕг ис. Ахӕстонӕй куы рацыд, уӕд ыл цыди 30 азы (Райдиан 37:2; 39:6; 41:46).