Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ИОСИФ

«Фынтӕхалӕг Хуыцау нӕу, ӕви?»

«Фынтӕхалӕг Хуыцау нӕу, ӕви?»

ИОСИФ талынг къӕлидоры фӕцӕуы, у тынг фӕллад. Фыртӕвдӕй сулӕфӕнтӕ нӕй, ӕмӕ йӕ хид йӕ буарыл лӕсӕнтӕ кӕны. Хур Египеты бӕстӕ судзы, ӕмӕ ахӕстон дӕр пецы хуызӕн стӕвд. Хатт ӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ахӕстоны къулты алы дур дӕр ӕмӕ алы зыхъхъыр дӕр зоны. Ныр йӕ дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр у ацы ахӕстон. О, ам ын тынг аргъ кӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр у ахст адӕймаг.

Ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдыл арӕх ӕрлӕууы йӕ цард Хевроны, йӕ фыды фыстӕ кӕм хызта, уыцы хӕхбӕсты. 17 азы бӕрц ыл цыди, йӕ фыд Иаков ӕй цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл хӕдзарӕй бирӕ километртӕ дарддӕр куы арвыста, уӕд. Кӕддӕр афтӕ сӕрибар кӕй уыд, уый йӕ ныр уырнгӕ дӕр нал кӕны. Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой ӕмӕ дзы сӕ удхӕссӕг федтой ӕмӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой. Афтӕмӕй лӕппу бахауд Египетмӕ. Уым фыццаг лӕггад кодта фараоны фӕсдзӕуин Потифары хӕдзары. Иосифмӕ йӕ хицауы зӕрдӕ никуы ницӕмӕй фехсайдта. Фӕлӕ йыл йӕ ус мӕнг ныхӕстӕ ӕрымысыд, тыхми бакӕнынмӕ мын хъавыд, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ уӕд ахӕстоны бакодтой (Рацыд, 37 ӕмӕ 39 сӕртӕ) *.

Иосифыл цӕуы 28 азы, ӕмӕ уыдонӕй 10 азӕй фылдӕр сӕрибар цард цы у, уый нал зоны – фыццаг уыд цагъар, ныр та ис ахӕстоны. Хорз цардмӕ бӕргӕ бӕллыд, фӕлӕ йӕ фӕндтӕй ницы рауад. Цымӕ ма искуы ссӕрибар уыдзӕн? Цымӕ ма искуы фендзӕн, афтӕ тынг кӕй уарзы, уыдоны – йӕ ацӕргӕ фыды ӕмӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Вениамины? Цас ма уыдзӕн ацы дзыхъхъы?

Искуы Иосифау тыхст уыдтӕ? Бирӕ хатт адӕймагӕн йӕ цард, ӕрыгонӕй куыд хъуыды кодта, афтӕ нӕ рауайы. Ӕцӕгдӕр, адӕймаг зындзинӕдты ӕмӕ бӕллӕхты бын фӕвӕййы ӕмӕ, куыд бакӕна кӕнӕ сын куыд фӕраза, уый нал фӕзоны. Уӕдӕ фенӕм, Иосифы уырнындзинадӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм.

«ЙЕГЪОВӔ УЫДИ ИОСИФИМӔ»

Иосиф зыдта, йӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ рох кӕй никуы уыд, ӕмӕ йын уыцы хъуыды, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зындзинӕдты фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кодта. Суанг ын ахӕстоны дӕр, ацы ӕцӕгӕлон бӕстӕйы, Йегъовӕ арфӕ кодта. Библийы кӕсӕм: «Фӕлӕ уым дӕр Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ йӕ уарзта ӕнувыд уарзтӕй, ӕмӕ афтӕ сарӕзта, цӕмӕй ахӕстоны хицау Иосифмӕ хорз зӕрдӕ дардтаид» (Райдиан 39:21–23). Иосиф йӕ куыст зӕрдиагӕй кӕй кодта, уый тыххӕй йӕ Йегъовӕ дӕр йӕ хорзӕхӕй хайджын кодта. Иосиф зыдта, Йегъовӕ алкӕддӕр йӕ фарсмӕ кӕй уыд, ӕмӕ йын уый ӕхсызгон куыннӕ хъуамӕ уыдаид!

Цымӕ Йегъовӕ бауагътаид, цӕмӕй Иосиф йӕ цард уыцы ахӕстоны арвыстаид? Иосиф уымӕн ницы зыдта, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕуыл тыхсти, уый йӕ Хуыцауӕн куывды мидӕг дзырдта. Ӕмӕ арӕхдӕр куыд вӕййы, афтӕ йӕ куывдтытӕ сӕххӕст сты, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыд, афтӕ. Иу бон ахӕстонмӕ ӕрбакодтой дыууӕ ног адӕймаджы – дыууӕ дӕр уыдысты фараоны лӕггадгӕнджытӕ. Иу дзы уыд дзулгӕнджыты хистӕр, иннӕ та – сӕндарты хистӕр (Райдиан 40:1–3).

Хъахъхъӕнджыты хистӕр Иосифӕн бахӕс кодта, цӕмӕй лӕггад кодтаид, раздӕр кадджын бынӕттӕ чи ахста, уыцы дыууӕ нӕлгоймагӕн *. Иу ӕхсӕв сӕ дыууӕ дӕр федтой цыдӕр ӕнахуыр фынтӕ. Райсомӕй сӕм Иосиф куы бацыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бафиппайдта, цӕуылдӕр кӕй тыхсынц ӕмӕ сӕ бафарста: «Абон афтӕ ӕнкъард цӕмӕн стут?» (Райдиан 40:3–7). Семӕ фӕлмӕнӕй кӕй сныхас кодта, уый тыххӕй йыл, ӕвӕццӕгӕн, баууӕндыдысты ӕмӕ, цӕуыл тыхстысты, уый йын радзырдтой. Иосиф ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодта, уӕд цы загъта, уый йын фӕстӕдӕр йӕ цард цӕхгӕр кӕй фӕивдзӕн. Фӕлӕ уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы цӕуылдӕр кӕй тыхстысты, уый Иосиф куы ницӕмӕ ӕрдардтаид, уӕд ын цымӕ семӕ аныхас кӕнын рауадаид? Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Цымӕ адӕмыл тыхсын ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисын, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндын, уый?»

Иосиф иннӕ ахст адӕммӕ хорз зӕрдӕ дардта ӕмӕ сын аргъ кодта

Уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы загътой, афтӕ тыхст сӕ фынты тыххӕй кӕй уыдысты, ӕмӕ сын сӕ чи райхӕлдтаид, уый та нӕ уыд. Египетӕгтӕ фынтыл тынг ӕууӕндыдысты, ӕмӕ лӕгъстиаг уыдысты, чи сын сӕ райхӕлдтаид, уыдонӕн. Уыцы дыууӕ адӕймаджы нӕ зыдтой, сӕ фынтӕ Иосифы Хуыцау Йегъовӕйӕ кӕй уыдысты. Фӕлӕ йӕ Иосиф зыдта. Уый сын загъта: «Фынтӕхалӕг Хуыцау нӕу, ӕви? Уӕ хорзӕхӕй, радзурут-ма мын сӕ» (Райдиан 40:8). Абон Библи чи ахуыр кӕны, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы Иосифы ныхӕстӕ хъӕуы сӕ зӕрдӕмӕ айсын. Куыд хорз уаид, алы уырнӕг адӕймаг дӕр афтӕ сӕрныллӕг куы уаид! Мах хъуамӕ нӕ сӕрбӕрзонддзинад нӕ къӕхты бын ныссӕндӕм ӕмӕ Хуыцауӕй ӕххуыс агурӕм, цӕмӕй йын йӕ ныхас раст ӕмбарӕм (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13; Иаковы 4:6).

Фыццаг дзурын райдыдта сӕндар. Уый Иосифӕн радзырдта, фыны кӕй федта сӕнӕфсир ӕртӕ къалиуимӕ. Уыцы къалиутыл фӕзынд цупӕлттӕ, уыдон срӕгъӕд сты, ӕмӕ сӕ сӕндар фараоны къусмӕ ныллӕмӕрста. Йегъовӕйы фӕрцы Иосиф уайтагъд бамбӕрста, уыцы фын цы нысан кодта, уый. Иосиф сӕндарӕн загъта, зӕгъгӕ, дам, уыцы ӕртӕ къалиуы сты ӕртӕ боны; ӕртӕ боны фӕстӕ дӕ фараон ссӕрибар кӕндзӕн ӕмӕ дӕ фӕстӕмӕ дӕ бынаты сӕвӕрдзӕн. Сӕндары цӕсгом фырцинӕй ныррухс, ӕмӕ йын уӕд Иосиф афтӕ бакодта: «Де ’нувыд уарзт [мын] ма бахӕлӕг кӕн: фараонӕн-иу мӕ кой скӕн ӕмӕ мӕ ардыгӕй ракӕн». Иосиф ын бамбарын кодта, йӕ хӕдзарӕй йӕ кӕй адавтой, ӕмӕ ам дӕр кӕй никӕмӕн ницы ракодта, афтӕмӕй йӕ ахӕстоны дзыхъхъы кӕй ныппӕрстой (Райдиан 40:9–15).

Дзулгӕнӕг куы федта, Иосиф сӕндарӕн хорз цыдӕртӕ кӕй радзырдта, уӕд дзы уый дӕр йӕ фын нал басусӕг кодта. Уый та федта ӕртӕ чыргъӕды дзултимӕ. Чыргъӕдтӕ уыдысты йӕ сӕрыл, ӕмӕ дзы иуӕй мӕргътӕ хордтой. Иосифӕн уыцы фын райхалынӕн дӕр Хуыцау баххуыс кодта. Фӕлӕ дзулгӕнӕгмӕ хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ каст. Иосиф ын загъта: «Байхъус, дӕ фын цы нысан кӕны, уымӕ: ӕртӕ чыргъӕды сты ӕртӕ боны. Ӕртӕ боны фӕстӕ дын фараон дӕ сӕр акъуырдзӕн ӕмӕ дӕ хъӕдыл ӕрцауындздзӕн, ӕмӕ дын дӕ мард мӕргътӕ хӕрдзысты» (Райдиан 40:16–19). Хуыцауы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытау Иосиф дӕр хъӕбатырӕй фехъусын кодта Хуыцауы ныхас – ныфсы хабар дӕр ӕмӕ мӕлӕты тӕрхоны хабар дӕр (Исай 61:2).

Ӕртӕ боны фӕстӕ Иосифы ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Фараонӕн уыди гуырӕнбон (зӕгъын хъӕуы, рагзаманты Хуыцауы адӕм гуырӕнбонтӕ кӕй нӕ кодтой) ӕмӕ сӕндарӕн ӕмӕ дзулгӕнӕгӕн тӕрхон рахаста. Иосиф куыд загъта, афтӕ дзулгӕнӕджы амардтой, сӕндары та фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, уыцы нӕлгоймаг Иосифы хъуыды дӕр нал ӕркодта (Райдиан 40:20–23).

«ӔЗ ТА ЦЫ ДӔН!»

Рацыд дыууӕ азы (Райдиан 41:1). Ахъуыды-ма кӕн, куыд фӕфыдӕнхъӕл уыдаид Иосиф! Йегъовӕ йын сӕндар ӕмӕ дзулгӕнӕджы ӕнахуыр фынтӕ райхалынӕн куы баххуыс кодта, уӕд дзы, чи зоны, стыр ныфс бацыд. Ӕвӕццӕгӕн-иу алы бон дӕр ӕхъӕлмӕ каст, абон мӕ суӕгъд кӕндзысты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ бонтӕ сабыргай кӕрӕдзи ивтой, Иосифы царды та ницы ивта. Уыцы дыууӕ азы йын куыд зын уыди, афтӕ никуы. Фӕлӕ Иосиф йӕ къухтӕ не ’руагъта ӕмӕ уӕддӕр йӕ ныфс йӕ Хуыцау Йегъовӕйыл дардта. Афтӕ фидар кӕй фӕлӕууыд ӕмӕ уыцы зындзинад кӕй сфӕрӕзта, уый фӕрцы ноджы тыхджындӕр сси (Иаковы 1:4).

Ацы зын рӕстӕджы не ’ппӕты дӕр хъӕуы фылдӕр фӕразондзинад. Цӕмӕй царды зындзинӕдтӕн быхсӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм ныфсджын, фӕразон ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы уа, ӕрмӕстдӕр нын Хуыцауы бон раттын кӕй у, уыцы фарн. Ӕмӕ Иосифӕн куыд баххуыс кодта, афтӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм ӕмӕ нӕ ныфс фидар уа (Ромӕгтӕм 12:12; 15:13).

Сӕндар, чи зоны, ферох кодта Иосифы, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ нӕ ферох кодта. Иу ӕхсӕв фараон федта дыууӕ диссаджы фыны. Фыццаджы паддзах федта, авд рӕсугъд ӕмӕ хӕрзхаст хъуджы Нилы цӕугӕдонӕй рацӕугӕ. Сӕ фӕстӕ та рацыд авд фыдынд ӕмӕ мӕллӕг хъуджы. Мӕллӕг хъуццытӕ бахордтой нард хъуццыты. Уый фӕстӕ та фараон фыны федта, иу мӕнӕуы зӕнгыл кӕй ӕрзад авд дзаг ӕфсиры. Фӕлӕ стӕй ӕрзади, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕм авд афтид ӕфсиры ӕмӕ нӕмыгӕй дзаг ӕфсирты аныхъуырдтой. Фараон куы райхъал, уӕд йӕхицӕн ӕнцой нал ардта, ӕмӕ фӕдзырдта йе ’ппӕт зондджын лӕгтӕм ӕмӕ кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕм, цӕмӕй йын йӕ фынтӕ райхӕлдтаиккой. Фӕлӕ сӕ йӕ бон райхалын никӕмӕн баци (Райдиан 41:1–8). Цӕуылнӕ, уый нӕ зонӕм – чи зоны сӕм уыцы фынтӕ тынг ӕнахуыр фӕкастысты, йе та сӕ бон иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын нӕ уыд. Куыдфӕнды ма уыдаид, фараонӕн йӕ фынтӕ нӕ райхӕлдтой. Фӕлӕ уый ныры хуызӕн тынг никуы фӕндыд базонын, уыцы ӕнахуыр фынтӕ цы нысан кодтой, уый.

Фӕстагмӕ сӕндары зӕрдыл ӕрлӕууыд Иосиф! Сӕндармӕ худинаг ӕркаст ӕмӕ фараонӕн радзырдта, дыууӕ азы размӕ дзулгӕнӕгимӕ ахӕстоны куы бадтысты, уӕд дзы иу диссаджы лӕппу кӕй уыд ӕмӕ уый сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ фынтӕ кӕй райхӕлдта. Уӕд фараон загъта, цӕмӕй йӕм уыцы тӕккӕ Иосифы ахӕстонӕй ӕрбакодтаиккой (Райдиан 41:9–13).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Иосиф цы ахъуыды кодтаид, фараоны ӕрвыст лӕгтӕ йын паддзахы бардзырд куы фехъусын кодтой, уӕд! Уайтагъд йӕ дзаумӕттӕ раивта ӕмӕ йӕхи ныддаста – Египеты цы ӕгъдау уыд, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, йӕ сӕр дӕр адаста. Дзырд дӕр ыл нӕй, Иосиф зӕрдиагӕй Йегъовӕмӕ кӕй скуывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид! Гыццыл фӕстӕдӕр Иосиф ӕрлӕууыд фараоны раз рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг галуаны. Уый тыххӕй фыст ис: «Ӕмӕ йын фараон загъта: „Ӕз федтон фын, фӕлӕ йӕ никӕй бон у райхалын. Дӕу тыххӕй та афтӕ фехъуыстон, ӕмӕ дын адӕймаг йӕ фын куы радзура, уӕд ӕй дӕ бон кӕй у райхалын“». Иосиф куыд сӕрныллӕг уыд ӕмӕ Хуыцауыл куыд тынг ӕууӕндыд, уый та ногӕй рабӕрӕг йӕ дзуаппӕй: «Ӕз та цы дӕн! Ӕз нӕ, фӕлӕ Хуыцау раргом кӕндзӕн фараонӕн уыцы фын, цӕмӕй йын хорз уа» (Райдиан 41:14–16).

Иосиф фараонӕн сӕрныллӕгӕй загъта: «Ӕз та цы дӕн!»

Йегъовӕ уарзы, сӕрныллӕг чи у ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, ахӕм адӕймӕгты. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, уыцы фынтӕ зондджын лӕгтӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕн кӕй нӕ раргом кодта, фӕлӕ Иосифӕн. Иосиф фараонӕн бамбарын кодта, дыууӕ фынӕн дӕр сӕ нысаниуӕг иу кӕй у. Йегъовӕ хабармӕ дыууӕ хатты кӕй бацамыдта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыцы хъуыддаг «фидарӕй аскъуыддзаг кодта» ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Авд хӕрзхаст хъуджы ӕмӕ авд нӕрст ӕфсиры амыдтой, Египеты авд бӕркадджын азы кӕй скӕндзӕн, уымӕ. Авд мӕллӕг хъуджы ӕмӕ авд афтид ӕфсиры та амыдтой, уый фӕстӕ кӕй ралӕудзӕн авд ӕххормаг азы. Уыцы ӕххормаг рӕстӕг Египеты зӕхх афтӕ смӕгуыр уыдзӕн, ӕмӕ адӕмӕй сӕ хъӕздыг цард рох дӕр фӕуыдзӕн (Райдиан 41:25–32).

Фараон бамбӕрста, Иосиф ын йӕ фынтӕ раст кӕй райхӕлдта. Фӕлӕ дарддӕр куыд бакӕна? Иосиф ын загъта, цы саразӕн ис, уый. Фараоны хъуыди ссарын «ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын адӕймаджы», цӕмӕй Египеты зӕххыл хицау уыдаид ӕмӕ авд хъӕздыг азы дӕргъы тыллӕг ӕмбырд кодтаид ӕмӕ сӕ стӕй ӕххормаг рӕстӕг адӕмӕн уӕрстаид (Райдиан 41:33–36). Иосиф уыцы хъуыддагмӕ сарӕхстаид, стӕй йӕм фаг фӕлтӕрддзинад дӕр уыд, фӕлӕ йӕхи кой кӕнгӕ дӕр не скодта. Сӕрныллӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыцы хъуыды йӕ сӕрмӕ цӕугӕ дӕр не ’ркодтаид, ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ та йӕ уыцы бынат хъӕугӕ дӕр нӕ кодта. Нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрдзыстӕм ӕмӕ нӕхицӕй не ’ппӕлдзыстӕм. Хъуыддаг Йегъовӕйы бар куы бакӕнӕм, уӕд дзӕгъӕлы никуы тыхсдзыстӕм!

«АХӔМ ЛӔДЖЫ ИСКУЫ ССАРДЗЫСТӔМ?»

Фараон дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр федтой, Иосиф зондджын хъуыды кӕй загъта. Паддзах ма бамбӕрста, Иосифы ныхӕстӕ кӕй уыдысты ӕцӕг Хуыцауӕй, Иосифы Хуыцауӕй. Фараон йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Ацы адӕймаг хайджын у Хуыцауы тыхӕй. Ӕмӕ ма ахӕм лӕджы искуы ссардзыстӕм?» Иосифӕн та загъта: «Иугӕр Хуыцау ӕппӕт уыдӕттӕ дӕуӕн раргом кодта, уӕд дӕу хуызӕн ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын ӕндӕр нӕй. Дӕу ӕвӕрын мӕ хӕдзары сӕргъы, ӕмӕ мӕ адӕм иууылдӕр хъусдзысты дӕ алы ныхасмӕ дӕр. Паддзахбадӕныл кӕй бадын, ӕрмӕстдӕр уымӕй уыдзынӕн ӕз дӕуӕй уӕлдӕр» (Райдиан 41:38–41).

Фараон йӕ ныхасӕн хицау разынд. Иосифыл скодтой ӕппӕты хуыздӕр хъуымацӕй хуыд дзаумӕттӕ. Фараон ын радта сызгъӕрин рӕхыс, мыхуыримӕ къухдарӕн ӕмӕ паддзахы бӕхуӕрдон, стӕй йӕ схайджын кодта стыр бартӕй, цӕмӕй йӕ бон уыдаид ӕгас бӕстӕйыл дӕр разил-базил кӕнын ӕмӕ йын йӕ бар цы хъуыддаг бакодта, уый аразын (Райдиан 41:42–44). Афтӕ Иосиф иу бонмӕ йӕ ахӕстон раивта паддзахы галуанӕй. Райсомӕй райхъал ӕфхӕрд ахст лӕгӕй, фынӕй та баис фараоны фӕстӕ дыккаг лӕгӕй. Иосиф Йегъовӕ Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй йӕ арфӕдзинӕдты бын фӕкодта! Йегъовӕ уыдта, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг уыйбӕрц азты дӕргъы цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый. Ӕмӕ уыцы уӕззау уавӕр сраст кодта ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг ӕмӕ, хуыздӕр куыд уыд, афтӕ. Йегъовӕ ӕрмӕст Иосифыл нӕ батыхст, фӕлӕ ма фидӕны йӕ адӕм чи хъуамӕ суыдаид, уыдоныл дӕр – Израилы адӕмыл. Йегъовӕ куыд архайдта, уый базондзыстӕм ацы рубрикӕйы иннӕ статьяйӕ.

Кӕд, мыййаг, зын уавӕры дӕ, зӕгъӕм, бирӕ рӕстӕг дӕ ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрынц, уӕд дӕ къухтӕ ма ’руадз. Иосиф алкӕддӕр хӕларзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд, зындзинӕдты-иу фидар кӕй фӕлӕууыд ӕмӕ йӕ уырнындзинад фӕцудын кӕй никуы бауагъта, уый тыххӕй йын Йегъовӕ йӕ рӕстӕджы раарфӕ кодта.

^ 4 абз. Кӕс брошюрӕтӕ «Хуыцау дыл хъуыды кӕны?» ӕмӕ «Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис?», рубрикӕ «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут».

^ 10 абз. Рагон Египеты кодтой 90 алыхуызон дзулӕй фылдӕр ӕмӕ алыхуызон адджын гуылтӕ. Уӕдӕ фараоны дзулгӕнджыты хистӕр кадджын адӕймаг уыд. Фараоны сӕндар дӕр дзӕвгар адӕмӕн уыд хицау. Уыдон хъуамӕ кастаиккой, цӕмӕй фараоны фынгыл алкӕддӕр уыдаид ӕппӕты хуыздӕр сӕн ӕмӕ бӕгӕны. Стӕй уыцы рӕстӕг фараоны ныхмӕ сусӕг фӕндтӕ арӕх кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ ма сӕ хӕс уыд сӕ хъус дарын, цӕмӕй йын йӕ сӕны кӕнӕ бӕгӕныйы марг мачи ныккодтаид. Уӕдӕ диссаг нӕу, сӕндарыл-иу паддзах тынг кӕй ӕууӕндыд.