Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцауы Паддзахад фесафзӕн зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр ӕмӕ йӕхӕдӕг разамынд дӕтдзӕн ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр (Данел 2:44; Раргомад 16:14). Уыцы хабар куы ’рцӕуа, уӕд Хуыцауы Паддзахад...

  •   фесафдзӕн фыдгӕнджыты, ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл чи хъуыды кӕны ӕмӕ нӕ ӕнӕмастӕй цӕрын чи нӕ уадзы, уыдоны. «Фыдгӕнджытӕ... зӕххӕй фесӕфдзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 2:22).

  •   хӕстытӕн кӕрон скӕндзӕн. «[Хуыцау] зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ» (Псалом 46:9).

  •   зӕххыл ахӕм уавӕртӕ скӕндзӕн, ӕмӕ адӕм цӕрдзысты ӕдасӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр алцыдӕр уыдзӕн парахатӕй. «Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуибӕласы бын, ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн» (Михей 4:4).

  •   зӕххӕй скӕндзӕн дзӕнӕт. «Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ ӕнӕдон бӕстӕ фырцинӕй зардзысты, хус бӕстӕ цин кӕндзӕн ӕмӕ шафранау дидинӕг калдзӕн» (Исай 35:1).

  •   алкӕмӕн дӕр ратдзӕн, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуа, ахӕм куыст. «[Хуыцауы] ’взӕрст адӕм бафсӕддзысты сӕ къухты фыдӕбонӕй. Сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн» (Исай 65:21–23).

  •   кӕрон скӕндзӕн низтӕн. «Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24).

  •   адӕм зӕронд нал кӕндзысты. «Уадз йӕ буар, ӕрыгонӕй куыд уыд, уымӕй ногдӕр суӕд, уадз йе ’взонджы бонтӕм раздӕхӕд» (Иов 33:25).

  •   чи амард, уыдоны райгас кӕндзӕн. «Ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон... фехъусдзысты [Йесойы] хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29).