Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ИОСИФ

«Зонут, мӕ фыны цы федтон?»

«Зонут, мӕ фыны цы федтон?»

ИОСИФ ӕнкъардӕй кӕсы скӕсӕны ’рдӕм. Куыд тынг ӕй фӕнды, фӕстейӕ куы аззаид ӕмӕ сӕхимӕ куы алидзид! Ам кӕмдӕр хӕстӕг, къуыбырты фӕстӕ, ис Хеврон – йӕ хӕдзар кӕм ис, уыцы горӕт. Йӕ фыд Иаков, ӕвӕццӕгӕн, йӕ изӕры хабӕрттӕ кӕны, тагъд хуыссын афон дӕр у. Йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй, йӕ уарзон хъӕбул бӕллӕхы кӕй бахауд, уый. Фӕлӕ йӕ фырт йӕ хӕдзары къӕсӕрӕй никуыуал бакӕсдзӕн. Иосиф зоны, йӕ зынаргъ ацӕргӕ фыды кӕй никуыуал фендзӕн. Хуссармӕ цы над фӕндаг кӕны, ууыл сӕудӕджертӕ сӕ теуатимӕ фӕцӕуынц ӕмӕ лӕппумӕ сӕ цӕст дарынц – нырма йӕ гъеныр балхӕдтой, ӕмӕ, куы алидза, уымӕй тӕрсынц. Египетмӕ цы хӕрздӕфгӕнаг бӕласы чъиу ӕмӕ сой ластой, уый куыд зынаргъ у, афтӕ зынаргъ сын у ацы лӕппу дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ куы ауӕй кӕной, уӕд бирӕ ӕхца райсдзысты.

Уыцы рӕстӕг Иосифыл 17 азӕй фылдӕр нӕ цыдаид. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: ныгуылӕнырдыгӕй хур сабыргай Стыр денджызы фӕстӕмӕ фӕцӕйтылд, Иосиф та арвмӕ каст ӕмӕ, йӕ цард ӕлыг мигӕнӕнау кӕй базгъӕлӕнтӕ, уый бамбарыныл архайдта. Уырнгӕ дӕр ӕй нӕ кодта, йе ’фсымӕртӕ йӕ марынмӕ кӕй хъавыдысты ӕмӕ йӕ стӕй цагъарӕй кӕй ауӕй кодтой. Иосиф йӕ цӕссыгтӕ тыхӕй урӕдта. Цымӕ йӕм разӕй цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Лӕппу уымӕн ӕппындӕр ницы зыдта.

Иосиф йӕ сӕрибардзинад фесӕфта, фӕлӕ йӕ уырнындзинад – нӕ

Иосиф ахӕм ӕвирхъау уавӕры куыд бахауди? Нӕ бон цы у базонын, йе ’фсымӕртӕ сӕ къух кӕуыл систой, уыцы ӕрыгон лӕппуйы уырнындзинадӕй?

ЦАВӔР БИНОНТЫ ’ХСӔН СХЪОМЫЛ

Иосиф схъомыл стыр бинонты ’хсӕн, фӕлӕ амондджын нӕ уыдысты ӕмӕ се ’хсӕн фарн нӕ уыд. Библийы Иаковы бинонты тыххӕй цы фыст ис, уый хорз ӕвдисы, лӕгӕн иу усӕй фылдӕр куы вӕййы –Хуыцауы адӕммӕ та уыцы ӕгъдау тынг рагӕй уыд – уӕд уый хорзмӕ кӕй не ’ркӕны. Фӕлӕ Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд ногӕй ӕрфидар кодта, йӕ Фыд адӕмӕн райдианы кӕй радта, уыцы закъон – адӕймагӕн иу цардӕмбал йеддӕмӕ хъуамӕ ма уа (Матфейы 19:4–6). Иаковӕн уыд ӕппынкъаддӕр 14 сывӕллоны цыппар сылгоймагӕй – йӕ дыууӕ усӕй, Лийӕ ӕмӕ Рахилӕй, ӕмӕ сӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕй, Зелфӕ ӕмӕ Валлӕйӕ. Иаков Рахилы куыддӕр федта, афтӕ йӕ бауарзта, уымӕн ӕмӕ тынг рӕсугъд уыд. Ӕмӕ кӕд Иаковыл хинӕй рацыдысты, ӕмӕ йын Рахилы хистӕр хо Лийӕйы ракурын кодтой, уӕддӕр Иаков Рахилы фылдӕр уарзта. Дыууӕ сылгоймаджы цӕрӕнбонты кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кодтой ӕмӕ уый сӕ сывӕллӕттыл дӕр фӕзынд (Райдиан 29:16–35; 30:1, 8, 19, 20; 37:35).

Рахилӕн бирӕ рӕстӕг цот нӕ цыд ӕмӕ йын ӕппынфӕстаг райгуырд Иосиф. Иаков Иосифы хъулон уарзт кодта, уымӕн ӕмӕ йын зӕрондырдӕм райгуырд. Уый цӕмӕй бӕрӕг у? Иаков йӕ бинонтимӕ йӕ райгуырӕн зӕхмӕ куы здӕхт, уӕд хъуамӕ сӕмбӕлдаид йе ’фсымӕр Исавимӕ. Иаков дзы тынг тарст, уымӕн ӕмӕ йӕ Исав кӕддӕр марынмӕ хъавыд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Рахилы ӕмӕ гыццыл Иосифы слӕууын кодта ӕппӕты ӕдасдӕр бынаты – ӕппӕты фӕстейӕ. Уыцы бон Иосиф, ӕвӕццӕгӕн, тынг бахъуыды кодта. Райсомӕй Иосиф федта, йӕ ацӕргӕ, фӕлӕ нырма хъаруджын фыд къуылых-къуылых куыд фӕцӕйцыд. Цымӕ цӕуылты хъуыды кодта, йӕ цӕстытӕ куы ныхъхъоппӕг кодта ӕмӕ йӕм диссагмӕ кӕсӕгау куы каст, уӕд? Куыд бадис кодтаид гыццыл Иосиф, куы йӕ базыдта, йӕ фыд цӕмӕн фӕкъуылых, уый: ӕнӕхъӕн ӕхсӕв тох кодта тыхджын зӕдимӕ! Ӕмӕ цӕмӕн? Цӕмӕй йын Йегъовӕ раарфӕ кодтаид. Иаковы хӕрзиуӕг уыд, йӕ ном Израил кӕй сси, уый. Ӕнӕхъӕн адӕмыхатт хъуамӕ хуындаид уыцы номӕй! (Райдиан 32:22–31). Фӕстӕдӕр Иосиф базыдта, Израилы фырттӕ кӕй хъуамӕ суыдаиккой уыцы адӕмы мыггӕгты фыдӕлтӕ.

Фӕстӕдӕр гыццыл Иосиф йӕ царды фыццаг хатт бавзӕрста стыр маст – йӕ мады рӕвдыдӕй ӕфсӕдгӕ дӕр нӕма бакодта, афтӕмӕй йын амард, йӕ дыккаг лӕппу Вениамин ын куы гуырд уӕд. Иаков тынг хъыг кодта йӕ бинойнаджы мӕлӕтыл. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Иаков Иосифы цӕссыгтӕ куыд сӕрфы ӕмӕ, чи амард, уыдонӕн цы ныфс ис, уый тыххӕй йын куыд дзуры. Кӕддӕр уыцы ныфс тыхтӕ бауагъта йӕ фыды фыд Авраамы дӕр. Куыд ӕхсызгон уыдаид Иосифӕн, куы базыдта, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ мады райгас кӕндзӕн! Ӕвӕццӕгӕн, Иосиф ноджы тынгдӕр бауарзта рӕдау Хуыцауы, «удӕгӕсты [Хуыцауы]» (Лукайы 20:38; Дзуттӕгтӕм 11:17–19). Рахилы мӕлӕты фӕстӕ Иаковӕн уӕлдай адджын систы, цы дыууӕ фырты йын дзы баззад, уыдон (Райдиан 35:18–20; 37:3; 44:27–29).

Иосифы бынаты сывӕллӕттӕй бирӕтӕ буц ахуыр суыдаиккой. Фӕлӕ Иосиф йӕ ныййарджытӕй бирӕ хорз миниуджытыл сахуыр, стӕй йӕм уыд фидар уырнындзинад ӕмӕ хорз ӕмбӕрста, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. 17 азы йыл куы цыд, уӕд йӕ хистӕр ӕфсымӕртӕй кӕмӕндӕрты фыстӕ хизынӕн ӕххуыс кодта. Ӕмӕ бафиппайдта, ӕвзӕр митӕ кӕй кодтой, уый. Цымӕ йӕ нӕ фӕндыд йе ’фсымӕрты митӕ басусӕг кӕнын, цӕмӕй йӕм ма смӕсты уыдаиккой? Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Иосиф бакодта, раст куыд уыд, афтӕ – алцыдӕр йӕ фыдӕн радзырдта (Райдиан 37:2). Иаковӕн йӕ уарзон фырт кӕй нӕ фӕтарст, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодта, иннӕтӕй фылдӕр ӕй дзӕгъӕлы кӕй нӕ уарзта. Уӕдӕ Иосиф ӕрыгон чырыстӕттӕн фӕзминаг куыннӕ у! Зӕгъӕм, дӕ хо кӕнӕ де ’фсымӕр, йе та де ’мбӕлттӕй исчи исты тӕригъӕд куы ракӕнид, уӕд дӕ, чи зоны, нӕ фӕндид, цӕмӕй йӕ искӕмӕн зӕгъай. Фӕлӕ хуыздӕр уаид Иосифау куы бакӕнис, ӕмӕ хабар куы радзурис, йӕ бон ын баххуыс кӕнын кӕмӕн у, уыдонӕй искӕмӕн (Левит 5:1).

Иосифы бинонты цардӕй мах дӕр цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм. Кӕд абон чырыстӕттӕн иугай цардӕмбӕлттӕ йеддӕмӕ нӕй, уӕддӕр, кӕнгӕ ныййарджытӕ ӕмӕ кӕнгӕ сывӕллӕттӕ кӕм ис, ахӕм чырыстон бинонтӕ бирӕ сты. Иаковы бинонты хабар алкӕмӕн дӕр зондзонӕн у: ныййарджытӕ сывӕллӕттӕй искӕй фылдӕр куы уарзой ӕмӕ йӕ куы хъулон кӕной, уӕд бинонты фарн фехӕлы. Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ, сӕ бон цы у, уый араздзысты, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕй ӕмӕ сӕ кӕнгӕ сывӕллӕттӕй алчидӕр ӕмбара, кӕй йӕ уарзынц ӕмӕ дзы алкӕмӕ дӕр цыдӕр курдиӕттӕ кӕй ис, стӕй бинонты амонд алкӕмӕй дӕр кӕнгӕ кӕй у (Ромӕгтӕм 2:11).

ХӔЛӔГДЗИНАД СӔ ЗӔРДӔЙЫ УИДӔГТӔ АУАГЪТА

Иаков Иосифы уарзта, иузӕрдион ӕмӕ хӕрзӕгъдау кӕй уыд, уый тыххӕй

Иосиф рӕстдзинады сӕрыл хъӕбатырӕй кӕй дзырдта, уый тыххӕй йын Иаков лӕвар скодта – уӕлӕдарӕс ын бахуыйын кодта (Райдиан 37:3). Ӕвӕццӕгӕн, уый уыд даргъ, дысджын хъулон уӕлӕдарӕс. Ахӕм дарӕс дардтой уӕздӕттӕ ӕмӕ кънйӕзтӕ.

Иаковы зӕрды, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ фыртӕн хорздзинад ракӕнын уыд. Ӕмӕ Иосифӕн дӕр йӕ фыды лӕвар ӕхсызгон уыд, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг уыди, кӕй йын аргъ кодта ӕмӕ йӕ кӕй уарзта. Фӕлӕ уыцы уӕлӕдарӕсы аххосӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Фыццаджыдӕр, лӕппу уыд фыййау, ӕмӕ фыййауы куыст та уӕззау куыст уыд. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы уӕлӕдарӕсы-иу бӕрзонд кӕрдӕджы астӕуты куыд лӕгӕрста, къӕдзӕхтӕм-иу куыд бырыд кӕнӕ-иу сӕфт фысы сындзы къутӕрӕй куыд уӕгъд кодта. Фӕлӕ уымӕй фыддӕр та уыди, Иаковы лӕвары тыххӕй Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын кӕй райдыдтой, уый.

Библийы фыст ис: «Йе ’фсымӕртӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕ фыд се ’ппӕтӕй фылдӕр Иосифы уарзы, уӕд дзы се сӕфт федтой, ӕмӕ сӕ бон нӕ уыди Иосифимӕ сабырӕй ныхас кӕнын» * (Райдиан 37:4). Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ хӕлӕг кӕнын кӕй райдыдтой, уый диссаг нӕу. Фӕлӕ хӕлӕгдзинадӕн сӕ зонд фӕхъӕстӕ кӕнын кӕй бауагътой, уымӕй раст нӕ бакодтой (Ӕмбисӕндтӕ 14:30; 27:4). Искуы афтӕ уыд, ӕмӕ ды цы кадмӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕ, уый ӕндӕр адӕймагмӕ ӕрхауд, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй хӕлӕг кӕнын райдыдтай? Иосифы ӕфсымӕрты хабар ма рох кӕн. Сӕ фырхӕлӕгӕй цы бакодтой, уый тыххӕй фӕстӕдӕр тынг фӕфӕсмон кодтой. Сӕ цӕвиттон чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, хуыздӕр кӕй у, цӕмӕй, «цин чи кӕны, уыдонимӕ цин кӕной» (Ромӕгтӕм 12:15).

Иосиф ӕмбӕрста, йе ’фсымӕртӕ дзы се сӕфт кӕй уынынц. Фӕлӕ-иу хӕстӕг искуы куы уыдысты, уӕд-иу цымӕ йӕ хъулон уӕлӕдарӕс бамбӕхста? Чи зоны-иу ӕй фӕндыд. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, Иаков ын уыцы уӕлӕдарӕс кӕй радта, хъулон уарзт ӕй кӕй кодта, уый тыххӕй. Иосифы нӕ фӕндыд йӕ фыды зӕрдӕхудты бацӕуын, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй йӕ уӕлӕйӕ нӕ ласта. Уый махӕн дӕр у фӕзминаг. Кӕд нӕ уӕларвон Фыд никӕй хъулон кӕны, уӕддӕр иуӕй-иу хатт йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты иннӕтӕй уӕлдай йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕны. Уымӕй уӕлдай сӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ацы чъизи ӕмӕ ӕнӕгъдау дунейӕ хицӕн кӕной. Иосиф иннӕтӕй йӕ уӕлӕдарӕсӕй куыд хицӕн кодта, афтӕ чырыстӕттӕ та абон иннӕтӕй хицӕн кӕнынц сӕ хорз ӕгъдауӕй. Уый тыххӕй сӕм иуӕй-иу хатт чидӕртӕ фӕмӕсты кӕнынц ӕмӕ сӕм ӕвзӕр цӕстӕй фӕкӕсынц (1 Петры 4:4). Фӕлӕ цымӕ уый тыххӕй хъуамӕ сӕхи афтӕ дарой, цӕмӕй, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уый бӕрӕг ма уа? Нӕ. Иосиф йӕ уӕлӕдарӕс куыд не ’мбӕхста, афтӕ уыдон дӕр хъуамӕ ма ’мбӕхсой, чи сты, уый (Лукайы 11:33).

ИОСИФЫ ФЫНТӔ

Уый уыд, Иосиф дыууӕ диссаджы фыны куы федта, уымӕй гыццыл раздӕр. Йӕ фыццаг фыны Иосиф федта, йе ’фсымӕртимӕ куыристӕ куыд баста. Фӕлӕ стӕй Иосифы куырис ӕмраст алӕууыд, иннӕты куыристӕ та алӕууыдысты йӕ алыварс ӕмӕ йын зӕххы онг акуывтой. Дыккаг фыны та йын хур, мӕй ӕмӕ 11 стъалыйы ныллӕг куывтой (Райдиан 37:6, 7, 9). Иосиф уыцы ӕнахуыр диссаг фынтӕ куы федта, уӕд куыд хъуамӕ бакодтаид?

Уыцы фынтӕ уыдысты Йегъовӕйӕ, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ Иосиф иннӕтӕн радзырдтаид. Афтӕ кодтой фӕстӕдӕр иннӕ пехуымпартӕ дӕр: Хуыцау-иу сын раргом кодта йӕ фӕндтӕ ӕмӕ-иу йӕ хивӕнд адӕмӕн цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон, пехуымпартӕ та-иу сӕ адӕмӕн фехъусын кодтой.

Иосиф йе ’фсымӕртӕн фӕлмӕнӕй афтӕ бакодта: «Зонут, мӕ фыны цы федтон?» Йе ’фсымӕртӕ бамбӕрстой, йӕ фын цы нысан кодта, уый, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Уыдон ын загътой: «Афтӕ зӕгъын дӕ фӕнды, ӕмӕ ды махӕн паддзах уыдзынӕ? Мах дӕ дӕлбар уыдзыстӕм?» Библийы дарддӕр фыст ис: «Ӕмӕ дзы йӕ фынты ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы тынгдӕр се сӕфт федтой». Иосиф йӕ дыккаг фын йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн куы радзырдта, уӕд та йӕ уавӕр ноджы фыддӕр фӕци. «Йӕ фыд [ын] бауайдзӕф кодта: „Дӕ фын куыд ӕмбаргӕ у? Ау, ӕз, дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕртӕ дӕумӕ ӕрбацӕудзыстӕм ӕмӕ дӕуӕн ныллӕг акувдзыстӕм?“» Фӕлӕ Иаков уӕддӕр уыцы хабарыл хъуыды кодта. Уӕд та ма лӕппуимӕ Йегъовӕ ныхас кодта? (Райдиан 37:6, 8, 10, 11).

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты хъуыди, адӕмы зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд ӕмӕ ма-иу сӕ суанг ӕфхӕргӕ дӕр кӕй тыххӕй кодтой, ахӕм пехуымпарӕдтӕ хъусын кӕнын. Ӕмӕ уыдонӕй Иосиф нӕдӕр фыццаг уыд, нӕдӕр фӕстаг. Хуыцауы ныхас хъусынгӕнджытӕй ӕппӕты зындгонддӕр уыд Йесо Чырысти. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Кӕд мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты» (Иоанны 15:20). Йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъӕбатырдзинадӕй Иосиф фӕзминаг у чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр – ӕрыгӕттӕй райдай ӕмӕ ацӕргӕтӕй фӕу.

СӔ МАСТ БАУРОМЫН НАЛ БАФӔРӔЗТОЙ

Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Иаков Иосифы балцы арвыста. Йӕ хистӕр фырттӕ сӕ фыстӕ хызтой Сихеммӕ хӕстӕг, ӕрӕджы сӕхицӕн фыдызнӕгтӕ кӕм скодтой, уым. Уӕдӕ сӕм Иаковы зӕрдӕ куыннӕ ӕхсайдтаид! Гъемӕ Иосифы арвыста, цӕмӕй сӕ бабӕрӕг кодтаид. Цымӕ лӕппуйы зӕрдӕ куыд кодта? Иосиф зыдта, йе ’фсымӕртӕ йӕм нырӕй тынгдӕр никуыма мӕсты кодтой. Сӕ фыды номӕй сӕм куы бацӕуа, уӕд ӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты? Фӕлӕ уӕддӕр Иосиф йӕ фыды ныхасыл дыууӕ нал загъта, ӕмӕ ацыд (Райдиан 34:25–30; 37:12–14).

Иосифы балц цыбыр нӕ уыд – фӕндагыл ӕй бахъуыд 4–5 боны. Сихем Хевронӕй уыд 80 километры дарддӕр цӕгатырдӕм. Фӕлӕ Сихемы Иосиф базыдта, йе ’фсымӕртӕ уырдыгӕй кӕй ацыдысты Дофанмӕ, иу-22 километры дарддӕр цӕгатырдӕм. Иосиф Дофанмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд ӕй йе ’фсымӕртӕ дардмӕ ауыдтой, ӕмӕ сӕ маст бауромын нал бафӕрӕзтой. Библийы фыст ис: «Кӕрӕдзийӕн загътой: „Уӕртӕ ӕрбацӕуы нӕ фынтӕуынӕг! Зонут цы? Амарӕм ӕй ӕмӕ йӕ доны дзыхъхъы ныппарӕм. Ӕмӕ зӕгъдзыстӕм, хъӕддаг сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уӕд фендзыстӕм, йӕ фынтӕй цы рауайдзӕн, уый“». Фӕлӕ Рувим йе ’фсымӕрты сразы кодта, цӕмӕй Иосифы дзыхъхъы ныппӕрстаиккой, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс уыд, фӕстӕдӕр ӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Райдиан 37:19–22).

Иосиф йе ’фсымӕртӕм бахӕццӕ. Ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ йыл бацин кӕндзысты – сӕ зӕрды йӕ амарын уыд, ууыл хъуыды дӕр никуы акодтаид. Фӕлӕ йыл йе ’фсымӕртӕ сӕхи ныццавтой. Фӕлӕбурдтой йӕм, йӕ уӕлӕдарӕс ын аскъуыдтӕ кодтой, стӕй йӕ хус доны дзыхъмӕ ахӕр-хӕр кодтой ӕмӕ йӕ уырдӕм ныппӕрстой. Иосифӕн дзыхъхъы йӕ тъӕпп фӕцыд. Лӕппу гыццыл йӕхимӕ куы ’рцыд, уӕд афӕлвӕрдта дзыхъхъӕй сбырын, фӕлӕ йӕ бон не сси. Йӕ сӕрмӕ зынди ӕрмӕстдӕр арв. Иосиф хъуыста, йе ’фсымӕртӕ ныхасгӕнгӕйӕ дзыхъхъӕй иуварс куыд фӕцӕйцыдысты. Бӕргӕ ма сӕм хъӕр кодта, бӕргӕ ма сын лӕгъстӕ кодта, фӕлӕ йӕ хъусӕг нӕ уыд. Уымӕй фыддӕр та уыд, уырдӕм хӕстӕг сихор хӕрынмӕ кӕй ӕрбадтысты, уый. Рувим куы ацыд, уӕд та ногӕй лӕппуйы марынвӕнд кодтой, фӕлӕ сын Иудӕ загъта, цӕмӕй йӕ уый бӕсты сӕудӕджертӕн ауӕй кодтаиккой. Дофан уыд, сӕудӕджертӕ Египетмӕ кӕуылты цыдысты, уыцы фӕндагмӕ хӕстӕг. Иосифы йе ’фсымӕртӕ дзыхъхъы ныппӕрстой, измаилаг ӕмӕ мадиамаг сӕудӕджертӕ сӕ рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уымӕй гыццыл раздӕр. Цалынмӕ Рувим фӕстӕмӕ здӕхт, уӕдмӕ хъуыддаг конд ӕрцыд – се ’фсымӕры цагъарӕй 20 сиклыл ауӕй кодтой * (Райдиан 37:23–28; 42:21).

Иосиф дзырдта, раст цы уыд, уый сӕрыл, фӕлӕ дзы йе ’фсымӕртӕ се сӕфт уыдтой

Уӕдӕ ныр бахӕццӕ стӕм, нӕ хабар цӕмӕй райдыдта, уымӕ. Иосифы хуссармӕ Египетмӕ фӕндагыл куы фӕцӕйкодтой, уӕд ӕм афтӕ каст, ӕмӕ йын царды ницыуал ис. Йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ йӕ фӕхауӕггаг кодтой! Бирӕ азты дӕргъы Иосиф йӕ бинонты тыххӕй ницы зыдта – Рувим куы ӕрбаздӕхт ӕмӕ Иосифы куы нал ӕрбаййӕфта, уӕд куыд мӕт кодта, Иаковы куы асайдтой, дӕ уарзон хъӕбул амард, зӕгъгӕ, уӕд йӕхи мастӕй куыд хордта. Ницы зыдта йӕ ацӕргӕ фыды фыд Исахъы ӕмӕ йӕ уарзон ӕфсымӕр Вениамины тыххӕй дӕр – тынг кӕй мысыд, уыцы кӕстӕр ӕфсымӕры тыххӕй. Фӕлӕ цымӕ Иосиф ӕцӕгдӕр ӕнӕ ницӕмӕй баззад? (Райдиан 37:29–35).

Иосифмӕ уыд, йе ’фсымӕртӕн сӕ бон байсын цы нӕ уыд, уый – уырнындзинад. Иосиф бирӕ зыдта Йегъовӕйы тыххӕй, ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад ницы фӕцудын кодтаид – нӕдӕр, йӕ хӕдзарӕй кӕй фӕхауӕггаг, нӕдӕр ӕй уыцы дард фӕндагыл Египетмӕ уацары кӕй акодтой, нӕдӕр ӕй цагъарӕй хъӕздыг египетаг нӕлгоймаг Потифарӕн кӕй ауӕй кодтой, уый (Райдиан 37:36). Уыцы зын уавӕрты Иосифы уырнындзинад фӕфидардӕр ӕмӕ Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс. Фӕстӕдӕр Иосифы тыххӕй цы статьятӕ уыдзӕн, уыдонӕй базондзыстӕм, йӕ фидар уырнындзинады тыххӕй дзы Хуыцау Йегъовӕ куыд пайда кодта ӕмӕ, йӕ бинонтӕ зын уавӕры куы уыдысты, уӕд сын куыд баххуыс кодта. Уӕдӕ стыр зондыл дзурӕг куыннӕ уыдзӕн, Иосифы йӕ уырнындзинадӕй куы фӕзмӕм!

^ 15 абз. Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Иосифы ӕфсымӕртӕ ахъуыды кодтой, сӕ фыд Иосифӕн ахӕм лӕвар уый тыххӕй кӕй скодта, ӕмӕ йын хистӕр фырты бартӕ раттынмӕ хъавыд. Иосиф уыд Иаковӕн йӕ уарзон усы, фыццаг ӕй кӕй фӕндыд ракурын, уыцы сылгоймаджы, хистӕр фырт. Уымӕй уӕлдай Иаковы фыццаг фырт, Рувим, йӕ фыды фӕхудинаг кодта – йӕ номылусимӕ йын ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ уый тыххӕй хистӕр фырты бартӕй ӕнӕхай фӕци (Райдиан 35:22; 49:3, 4).

^ 25 абз. Кӕд ацы хъуыддаг афтӕ ахсджиаг нӕу, уӕддӕр Библи ам дӕр нӕ сайы. Уыцы рӕстӕгӕй нӕ заманмӕ цы фыстытӕ ’рхӕццӕ, уыдонӕй базонӕн ис, Египеты цагъары рӕстӕмбис аргъ 20 сиклы кӕй уыд.