Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у? Библи – ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм разамынд

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у? Библи – ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм разамынд

Хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл нӕхӕдӕг цы нымайӕм кӕнӕ иннӕтӕ цы нымайынц, ӕрмӕстдӕр уымӕ гӕсгӕ куы хӕссӕм уынаффӕтӕ, уӕд нӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕ уыдзӕн, ӕмӕ нӕ хорз цӕмӕдӕр ӕркӕндзысты. Афтӕ цӕмӕн у, уый Библи ӕмбарын кӕны. Уымӕй уӕлдай ма нын Библи дӕтты хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл разамынд, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм разамынд. Адӕймаг уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайы, уӕд вӕййы амондджын.

АДӔМЫ ХЪӔУЫ ХУЫЦАУЫ РАЗАМЫНД

Хуыцау Йегъовӕ a Библийы уылты ӕмбарын кӕны, адӕмы йӕ разамынд кӕй хъӕуы. Афтӕ конд не сты, ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхицӕн дӕттой разамынд (Йереми 10:23). Ӕмӕ нын Хуыцау хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр уый тыххӕй радта, фыст сты Библийы. Хуыцау адӕмы уарзы, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, нӕ цард нын чи фӕзындӕр кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссӕм (Дыккаг закъон 5:29; 1 Иоанны 4:8). Уымӕй уӕлдай ма не Сфӕлдисӕг у стыр зонды хицау, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ дӕтты ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ (Псалом 100:3; 104:24). Фӕлӕ Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ нын тыххӕй не ’ххӕст кӕнын кӕны.

Йегъовӕ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн, Адам ӕмӕ Евӕйӕн, алцыдӕр радта, цӕмӕй амондджын уыдаиккой (Райдиан 1:28, 29; 2:8, 15). Уымӕй уӕлдай ма сын радта хуымӕтӕг фӕдзӕхстытӕ дӕр. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кодтаиккой. Фӕлӕ сын Хуыцау бар радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кодтаиккой, хъусдзысты йӕм ӕви нӕ (Райдиан 2:9, 16, 17). Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ равзӕрстой, сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ цӕрын (Райдиан 3:6). Уый цӕмӕ ’ркодта? Цымӕ адӕм, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнын куы райдыдтой, уӕд сӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕивта? Нӕ. Рӕстӕг куыд равдыста, афтӕмӕй адӕм Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ куы ницӕмӕ фӕдарынц, уӕд ӕцӕг амондджын нӕ вӕййынц (Екклесиаст 8:9).

Библи раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕны алкӕмӕн дӕр, уӕлдай нӕу, цы бӕстӕйы цӕрӕм ӕмӕ куыд схъомыл стӕм (2 Тимофеймӕ 3:16, 17; кӕс рамкӕ « Чиныг ӕппӕт адӕмӕн дӕр»).

Базон, фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Библи «Хуыцауы ныхас» у (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Библийы Автор чи у?».

БИБЛИ НЫН ӔРГОМ КӔНЫ ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДЫТӔ

Библийы фыст ис, Йегъовӕ ӕнусты дӕргъы адӕмӕн куыд уыди, уый. Уыцы чиныг кӕсгӕйӕ нӕ бон у бамбарын, Хуыцауы хъуыдымӕ гӕсгӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, стӕй нын пайда цы фӕуыдзӕн ӕмӕ нын зиан цы ’рхӕсдзӕн, уый (Псалом 19:7, 11). Хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл дзы цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдоныл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн.

Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм, Ӕмбисӕндтӕ 13:20 стихы цы уагӕвӕрд ис, уый: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн». Ацы ныхӕстӕ раст уыдысты рагзаманты дӕр ӕмӕ раст сты нӕ рӕстӕджы дӕр. Царды нын пайда чи фӕуыдзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ ма Библийы бирӕ ис. (Кӕс рамкӕ « Рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ».)

Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Библийы хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы фыст ис, уый мын абон исты ӕххуыс фӕуыдзӕн?» Иннӕ статьяйы дзырд цӕуы, Библийы фӕрцы йӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕмӕн фӕивта, ахӕм адӕмы тыххӕй.

a Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).