Псалом 104:1—35

104  Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд+.О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ды дӕ стыр Хуыцау+.Ды дӕхи сфӕлыстай кад ӕмӕ намысы+.   Уӕлӕдарӕсау дӕ уӕлӕ ӕрбакӕныс рухс+,Арв цатыры ӕмбӕрзӕнау айтындзыс+.   Ды дӕ уӕллаг уӕттӕ аразыс дӕттыл+,Мигътӕй дӕхицӕн скӕныс бӕхуӕрдон+,Фӕцӕйцӕуыс дымгӕйы базыртыл+.   Дӕ зӕдты фестын кӕныс хъомысджын тыхтӕ*+,Дӕ лӕггадгӕнджыты – ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт+.   Ды зӕхх сӕвӕрдтай фидар бындурыл+,Ӕмӕ ӕнустӕм, мыггагмӕ дӕр, нӕ фенкъуысдзӕн+.   Арф дӕттӕй йӕ уӕлӕдарӕсау бамбӕрзтай+,Дӕттӕ лӕууыдысты хӕхты сӕрмӕ+.   Уыдон дӕ уайдзӕфӕй фӕлидзӕг сты+,Дӕ арвнӕрд фехъусгӕйӕ фыртӕссӕй лидзынмӕ фесты,   Цы бынат сын ӕрцӕттӕ кодтай, уырдӕм.Хӕхтӕ уӕлӕмӕ ссыдысты+,Дӕлвӕзтӕ дӕлӕмӕ ӕрцыдысты.   Дӕттӕн скодтай арӕнтӕ, ӕмӕ сӕ сӕрты нӕ ахиздзысты+,Цӕмӕй зӕхх сӕ быны мауал фӕуа+. 10  Дӕттӕ ауагътай дӕлвӕзтӕм+,Згъорынц хӕхты ’хсӕнты. 11  Уыдон донӕй ӕфсадынц хъӕддаг сырдты се ’ппӕты дӕр+,Зебрӕтӕ+ дзы сӕ дойны басӕттынц. 12  Ӕхсӕв сӕ сӕрмӕ ӕрбынат кӕнынц уӕларвон мӕргътӕ+,Бӕзджын сыфтӕры ’хсӕнӕй фӕхъуысы сӕ зарын+. 13  Дӕ уӕллаг уӕттӕй хӕхтӕ ӕфсадыс донӕй+.Дӕ фыдӕбонӕй ӕфсӕст у зӕхх+. 14  Ды сзайын кӕныс цъӕх кӕрдӕг сырдтӕн+,Ӕмӕ зайӕгойтӕ – адӕмӕн+,Цӕмӕй зӕхх дӕтта хӕринаг+. 15  Дӕттыс сӕн, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна+,Ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй дзы цӕсгом ӕрттива+,Ӕмӕ дзул, цӕмӕй дзы адӕймаг йӕ зӕрдӕ фидар кӕна+. 16  Ӕфсӕст сты Йегъовӕйы бӕлӕстӕ –Ливаны кедртӕ, ды кӕй ныссагътай, уыдон+. 17  Уыцы бӕлӕстыл мӕргътӕ сӕхицӕн скӕнынц ахстӕттӕ+.Къадзӕн* та ӕхсӕлыбӕлас у йӕ хӕдзар+. 18  Бӕрзонд хӕхтӕ+ сты дзӕбидыртӕн*+.Къӕдзӕхтӕ – ӕмбӕхсӕн хӕххон зыгъарджытӕн*+. 19  Ды скодтай мӕй рӕстӕджытӕ амонынӕн+.Хур йӕхӕдӕг зоны, кӕм хъуамӕ аныгуыла, уый+. 20  Ды бӕстӕ нытталынг кӕныс, цӕмӕй уа ӕхсӕв+.Уыцы афон сызмӕлынц хъӕды сырдтӕ иууылдӕр. 21  Домбӕйттӕ богъ кӕнынц, агурынц амӕттаг+,Хуыцауӕй курынц хӕринаг+. 22  Хур куы скӕсы+, уӕд та ацӕуынцӔмӕ ӕрхуыссынц се ’мбӕхсӕн бынӕтты. 23  Адӕймаг йӕ хъуыддӕгтӕм бавналы+,Йӕ куыстытӕ фӕкӕны изӕры онг+. 24  Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ!+Иууылдӕр сӕ скодтай де стыр зондӕй+.Зӕхх нӕ зыны де сконд хъуыддӕгтӕй+. 25  Ацы стыр ӕмӕ ӕнӕкӕрон денджызы+Цы змӕлы, уыдонӕн нымӕц дӕр нӕй+,Дзаг у цӕрӕгойтӕй, гыццылтӕй ӕмӕ стыртӕй+. 26  Наутӕ йыл дыууӕрдӕм кӕнынц+.Ды сфӕлдыстай левиафаны*+, цӕмӕй уым хъаза+. 27  Иууылдӕр дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц+,Цӕмӕй сын афоныл дӕттай хӕринаг+. 28  Цы сын раттыс, уый ӕрӕмбырд кӕнынц+.Байгом кӕныс дӕ къух, ӕмӕ хорздзинӕдтӕй бафсӕдынц+. 29  Дӕ цӕсгом куы бамбӕхсыс, уӕд та сӕхицӕн ӕнцой нал фӕарынц+.Сӕ царды тых* сын куы байсыс, уӕд сӕ цард фӕвӕййы+,Ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхынц+. 30  Дӕ тых* куы рарвитыс, уӕд фӕзынынц+,Ӕмӕ зӕххӕн ног цард раттыс. 31  Йегъовӕйы кад уыдзӕн ӕнустӕм+.Йегъовӕ цин кӕндзӕн йӕ хъуыддӕгтыл+. 32  Уый зӕхмӕ ӕркӕсы, ӕмӕ зӕхх баризы+.Хӕхтӕм бавналы, ӕмӕ сӕ фӕздӕг ссӕуы+. 33  Ӕз Йегъовӕйӕн зардзынӕн цӕрӕнбонты+.Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ зардзынӕн мӕ Хуыцауӕн+. 34  Куы йыл фӕхъуыды кӕнын, уӕд-иу ын мӕ хъуыдытӕ уӕнт ӕхсызгон+.Мӕнӕн та Йегъовӕ уыдзӕн мӕ цин+. 35  Тӕригъӕдджынтӕ зӕххӕй фесӕфдзысты+,Ӕмӕ фыдгӕнджытӕй иу дӕр нал баззайдзӕн+.Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд. Кадджын кӕнут Йагъы!+

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «дымгӕйы хуызӕн»; дзут. рухо́т (дзырд ру́ах-ы бир. ным.).
«Къадз» – уырыс. «аист».
Кӕс Лв 11:5, фип.
Комк. «хӕххон сӕгътӕн».
Кӕнӕ «крокодилы».
Кӕнӕ «улӕфт» – дзут. ру́ах.
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.