Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕхӕдӕг куыд хъуыды кӕнӕм, уый алкӕд раст вӕййы?

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у? Бирӕтӕ уынаффӕтӕ куыд фӕхӕссынц

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у? Бирӕтӕ уынаффӕтӕ куыд фӕхӕссынц

Кӕцыдӕр хъуыддӕгтӕ адӕм иууылдӕр ӕвзӕрыл нымайынц, зӕгъӕм, искӕй амарын кӕнӕ искӕмӕн тыхми бакӕнын, уӕлдайдӕр та сывӕллонӕн. Кӕцыдӕртӕ та нымайынц хорзыл, зӕгъӕм, рӕстӕй архайын, иннӕтӕм хӕлар зӕрдӕ дарын ӕмӕ иннӕты зын ӕмбарын. Фӕлӕ кӕцыдӕр хъуыддӕгты кой кӕнгӕйӕ та фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, алкӕмӕн йӕ бар йӕхи. Алчидӕр, дам, йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, ӕмуат кӕимӕ ӕрцӕудзӕн, асайдзӕн ӕви нӕ, йе та йӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕндзӕн. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ ацы хъуыддӕгты фӕдыл цыфӕнды уынаффӕ ма рахӕссой, уӕддӕр раст уыдзӕн. Адӕм, куыд бакӕной, уый арӕхдӕр аскъуыддзаг кӕнынц, хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл сӕхӕдӕг ӕмӕ сӕ алыварс адӕм цы нымайынц, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ цымӕ уый алкӕд хорз вӕййы?

НӔХӔДӔГ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНӔМ

Адӕм арӕх уынаффӕтӕ фӕхӕссынц, сӕхӕдӕг хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайынц, ома сын се ’фсарм цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ (Ромӕгтӕм 2:14, 15). Суанг ма гыццыл сывӕллӕттӕ дӕр фембарынц, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмӕ раст куы нӕ бакӕнынц, уӕд сӕм худинаг ӕркӕсы. Хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайӕм, ууыл фӕзыны, цы адӕмы ’хсӕн схъомыл стӕм ӕмӕ цы диныл хӕст стӕм, уый. Ӕмӕ нӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ цӕуыл сахуыр стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын не ’фсарм фӕдзуры, раст уынаффӕ хӕссӕм ӕви нӕ.

Хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайӕм, уый нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты зын ӕмбарӕм, бузныг сӕ уӕм ӕмӕ уӕм ӕнӕхӕрам. Стӕй ма нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, зынаргъ нын чи у, уыдоны зӕрдӕ мацӕмӕй фӕриссын кӕнӕм, йе та нӕм худинаг цӕй тыххӕй ӕркӕсдзӕн кӕнӕ нӕхи цӕй тыххӕй хӕрдзыстӕм, ахӕмӕй мацы саразӕм.

Нӕхӕдӕг куыд хъуыды кӕнӕм, уый алкӕд раст вӕййы? Иу нӕлгоймаг, Гэррик, ӕрыгонӕй царди, йӕхи куыддӕриддӕр фӕндыд, афтӕ. Фӕлӕ йӕ уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркодта. Мӕнӕ цы загъта: «Бафтыдтӕн ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл, наркотиктыл ӕмӕ нозтыл, ӕмӕ сдӕн тынг ӕгъатыр».

ИННӔТӔ ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ

Уынаффӕтӕ ма арӕх фӕхӕссӕм, иннӕтӕ цы хъуыды кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ дӕр. Афтӕмӕй нын сӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ сӕ зонд пайда ӕрхӕссынц. Нӕ бинонтӕ, не ’мбӕлттӕ ӕмӕ иннӕ адӕм растыл цы нымайынц, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нын тынгдӕр фӕаргъ кӕнынц.

Иннӕтӕ цы хъуыды кӕнынц, уый алкӕд раст вӕййы? Иу сылгоймаг, Присциллӕ, ӕрыгонӕй цыди йе ’мгӕртты зондыл. Ӕмӕ-иу куы иу кӕимӕдӕр ӕрцыди ӕмуат, куы та ӕндӕр кӕимӕдӕр. Фӕлӕ иннӕтӕ растыл цы нымайынц, уый кӕй арӕзта, уымӕй амондджындӕр нӕ фӕци. Присциллӕ зӕгъы: «Иннӕтӕ куыд кодтой, ӕз дӕр афтӕ кодтон, фӕлӕ мӕ цардӕй ӕппындӕр райгонд нӕ уыдтӕн. Цы хъуыддӕгтӕ арӕзтон, уыдон зондыл дзурӕг нӕ уыдысты. Мӕхи тӕссаг уавӕры ӕппӕрстон».

ХУЫЗДӔР МАДЗАЛ МА ИС?

Куыд бакӕнӕм, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’фсарм ӕмӕ, иннӕтӕ цы хъуыды кӕнынц, уый баххуыс кӕны. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу, цӕмӕй-иу нӕ нӕ уынаффӕтӕ хорз фӕстиуджытӕм ӕркӕной. Хъуыддаг куыд рауайдзӕн, уый рагацау нӕ бон кӕй нӕ вӕййы базонын, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, нӕхицӕн кӕнӕ иннӕтӕн зиан ӕрхӕссӕм (Ӕмбисӕндтӕ 14:12). Адӕймагмӕ афтӕ куы кӕса, ӕмӕ раст уынаффӕ хӕссы, уӕддӕр фидарӕй нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ йӕ уынаффӕ хорз цӕмӕдӕр ӕркӕндзӕн кӕнӕ райсом йӕ хъуыды нӕ фӕивдзӕн. Цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй, адӕм раздӕр ӕвзӕрыл цы нымадтой, уый сӕм абон хорз кӕсы, раздӕр хорзыл цы нымадтой, уый та сӕм раст нал кӕсы.

Иннӕтӕ цы хъуыды кӕнынц, уый алкӕд раст вӕййы?

Цымӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый бамбарынӕн хуыздӕр мадзал ис? Цӕмӕй нӕ уынаффӕтӕй абон дӕр райгонд уӕм ӕмӕ сыл райсом дӕр ма фӕфӕсмон кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хорз разамынд. Цымӕ ахӕм разамынд ис?

О, ис. Ӕмӕ уыцы разамындыл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы, стӕй алкӕмӕн дӕр хӕссы пайда. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, уыцы разамынд кӕм ис ссарӕн, уый.