Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у? Бирӕтӕн чи фӕпайда, ахӕм уынаффӕтӕ

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у? Бирӕтӕн чи фӕпайда, ахӕм уынаффӕтӕ

Милуангай адӕм сӕхицӕй зонынц, Библийы уынаффӕтӕ алы хъуыддаджы дӕр стыр пайда кӕй хӕссынц. Ӕркӕсӕм цыппар хъуыддагмӕ.

1. Бинонты цард

Бинонты цард цы у ӕмӕ цы хъӕуы, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой, уый фӕдыл адӕммӕ алыхуызон хъуыдытӕ ис.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Ефесӕгтӕм 5:33).

УЫЙ ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У. Бинонты царды бындурӕвӕрӕг Хуыцау у. Ӕмӕ уымӕй хуыздӕр ничи зоны, цы хъӕуы, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой (Марчы 10:6–9). Лӕг ӕмӕ ус амондджын уыдзысты, алчидӕр сӕ йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕйыл куы хъуыды кӕна, уӕд. Лӕг йӕ усы кӕй уарзы, уый ӕвдисдзӕн, йемӕ фӕлмӕнзӕрдӕ куы уа ӕмӕ йыл куы тыхса, уымӕй. Ус йӕ лӕджы кӕй нымайы, уый та бӕрӕг уыдзӕн йӕ ныхасы уагӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй.

ЦАРДӔЙ ИСТ ХАБАР. Вьетнамӕй иу лӕг ӕмӕ ус, Куанг ӕмӕ Тхи, иумӕ цӕргӕйӕ уыдысты тынг ӕнамонд. Куанг йӕ усы арӕх ӕфхӕрдта. Уый радзырдта: «Тхийы зӕрдӕ кӕй фӕриссын кӕндзынӕн, уый мӕм нымады дӕр нӕ уыд. Арӕх-иу ын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтон, ӕмӕ-иу йӕхимӕ ницӕйаг ӕркаст». Тхийы фӕндыд, цӕмӕй ахицӕн уыдаиккой. Уый загъта: «Мӕ сӕрыхицауыл нал ӕууӕндыдтӕн, ӕмӕ мӕ цӕсты йӕ кад ӕрхауд».

Цасдӕры фӕстӕ Куанг ӕмӕ Тхи базыдтой, Библийы бинонты царды тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ Ефесӕгтӕм 5:33 стихмӕ гӕсгӕ сӕ бон куыд у архайын, уый. Куанг радзырдта: «Ацы стихы фӕрцы бамбӕрстон, мӕ усимӕ фӕлмӕндӕр кӕй хъуамӕ уон. Ныр архайын, цӕмӕй Тхи уына, кӕй йӕ уарзын ӕмӕ йыл алы хъуыддаджы дӕр кӕй тыхсын. Лӕгӕн йӕ хӕс у йӕ бинонты дарын ӕмӕ йӕ усы ӕнкъарӕнтыл хъуыды кӕнын. Афтӕ кӕй фӕархайын, уый фӕрцы мӕ Тхи тынгдӕр нымайы ӕмӕ мӕ фылдӕр уарзы». Тхи та загъта: «Ефесӕгтӕм 5:33 стихмӕ гӕсгӕ цас тынгдӕр фӕархайын, цӕмӕй мӕ сӕрыхицауы нымайон, уыйас тынгдӕр фенкъарын, кӕй мӕ уарзы ӕмӕ кӕй архайы, цӕмӕй мацӕуыл тыхсон. Ӕмӕ уый фӕрцы мӕ зӕрдӕ у сабыр».

Бинонты царды тыххӕй фылдӕр кӕс 2018 азы «Пробудитесь»-ы, № 2 «12 секретов счастливых семей». Ссарӕн ӕй ис сайты jw.org.

2. Иннӕтӕн куыд стӕм

Адӕм арӕх иннӕты фефхӕрынц, кӕцыдӕр адӕмыхаттӕй кӕй сты, кӕцыдӕр диныл хӕст кӕй сты, гомосексуалисттӕ кӕй сты кӕнӕ та уындӕй ӕндӕрхуызон кӕй сты, уый тыххӕй.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Алкӕмӕн дӕр кад кӕнут» (1 Петры 2:17).

УЫЙ ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У. Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу, цӕмӕй не сӕфт уынӕм, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у кӕнӕ йӕ буары хуыз ӕндӕр кӕмӕн у, уыдонӕй, йе та гомосексуалисттӕй. Библи дзуры, цӕмӕй адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсӕм, уӕлдай нӕу, цавӕр адӕмыхаттӕй сты, хъӕздыг сты ӕви мӕгуыр (Хъуыддӕгтӕ 10:34). Адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды, уыимӕ разы куы нӕ уӕм кӕнӕ йӕ хъуыддӕгтӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуой, уӕддӕр хъуамӕ уӕм хӕларзӕрдӕ ӕмӕ йӕ нымайӕм (Матфейы 7:12).

ЦАРДӔЙ ИСТ ХАБАР. Даньелӕн гыццылӕй фӕстӕмӕ дзырдтой, сӕ бӕстӕйӕн тӕссаг кӕй у, Азийӕ чи сты, уыцы адӕмӕй. Гъемӕ сӕ йе сӕфт уынын райдыдта. Азиаджы-иу куы федта, уӕд-иу ын адӕмы ’хсӕн ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкодта. Даньель зӕгъы: «Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисын, мӕ бӕстӕ кӕй уарзын, уый. Мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыди, цыдӕр раст кӕй нӕ аразын».

Цасдӕры фӕстӕ Даньель базыдта, Библийы цы фыст ис, уый. Уый загъта: «Мӕ зондахаст мӕ бынтондӕр фӕивын хъуыди. Хъуамӕ сахуыр уыдаин адӕммӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын. Ӕмӕ Хуыцау та хъулон никӕй кӕны, уымӕн уӕлдай нӕу, чи цавӕр адӕмыхаттӕй у». Ныр Даньель адӕммӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсы. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Адӕймаг цы бӕстӕйӕ у кӕнӕ цы адӕмыхаттӕй у, уымӕ нал фӕкӕсын. Адӕмы се ’ппӕты дӕр уарзын, ӕмӕ мын ӕгас дунейы дӕр ис хорз ӕмбӕлттӕ».

Фылдӕр кӕс 2020 азы «Пробудитесь!»-ы, № 3 «Есть ли лекарство от предубеждений?». Ссарӕн ӕй ис сайты jw.org.

3. Ӕхца

Бирӕтӕ хъӕздыгдзинадмӕ тырнынц, цӕмӕй амондджын уой ӕмӕ сомбон сӕ цард фӕхуыздӕр уа.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Зонд адӕймаджы хъахъхъӕнгӕ кӕны, ӕхца йӕ куыд хъахъхъӕны, афтӕ. Фӕлӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ зонд хуыздӕр уымӕй сты, ӕмӕ сӕ хицауӕн йӕ цард хъахъхъӕнынц» (Екклесиаст 7:12).

УЫЙ ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон ӕнӕ ’хцайӕ фӕцӕрӕн нӕй. Фӕлӕ амондджын уай ӕмӕ дын хорз фидӕн уа, уый ӕхцайӕ кӕнгӕ нӕу (Ӕмбисӕндтӕ 18:11; 23:4, 5). Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй ӕцӕг амонд ӕмӕ рухс фидӕн кӕнгӕ сты, Хуыцауы зондмӕ хъусӕм ӕви нӕ, уымӕй (1 Тимофеймӕ 6:17–19).

ЦАРДӔЙ ИСТ ХАБАР. Индонезийӕ иу нӕлгоймагӕн, Кардойӕн, царды сӕйрагдӕр уыди бирӕ ӕхца кусын. Кардо радзырдта: «Адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕмӕ бӕллынц, уыдӕттӕ мын уыди. Алы бӕстӕтӕм-иу цыдтӕн, ӕлхӕдтон тынг зынаргъ дзауматӕ, машинӕтӕ, хӕдзӕрттӕ». Фӕлӕ афтӕ бирӕ нӕ ахаста. Кардо загъта: «Сайдӕй мыл рацыдысты ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы цы ’хца фӕкуыстон, уыдон цӕстыфӕныкъуылдмӕ фесӕфтон. Цӕрӕнбонты тырныдтон хъӕздыгдзинадмӕ. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг фӕфыдӕнхъӕл дӕн, ӕнӕ ницӕмӕй баззадтӕн ӕмӕ мӕхимӕ ницӕйаг кастӕн».

Фӕстӕдӕр райдыдта, Библийы ӕхцайы тыххӕй цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын. Ныр уымӕ нал тырны, цӕмӕй цыфӕндыйӕ дӕр схъӕздыг уа, фӕлӕ хуымӕтӕг цард кӕны. Кардо зӕгъы: «Адӕймаг Хуыцауы хӕлар куы уа, уӕд уыдзӕн ӕцӕг хъӕздыг. Ныр ӕхсӕвы адджын фынӕй фӕкӕнын ӕмӕ ӕцӕг амондджын дӕн».

Библийы ӕхцайы тыххӕй цы фыст ис, уый тыххӕй фылдӕр кӕс 2021 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», № 3, статьяйы «Рухс фидӕн уӕлдӕр ахуырадӕй ӕмӕ ӕхцайӕ кӕнгӕ у?». Ссарӕн ӕй ис сайты jw.org.

4. Искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын

Адӕм алыхуызон хъуыдытыл хӕст сты, ӕмуат ӕрцӕуыны хъуыддаджы цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уый тыххӕй.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Хӕтындзинадӕй уӕхи хизут. Алчидӕр уӕ зонӕд йӕ буары рохтыл хӕцын, сыгъдӕг ӕмӕ йын кадджын куыд уа, цӕмӕй, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы адӕмтау ӕнӕфсисӕй чъизи монцты фӕдыл ма цӕуа» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3–5).

УЫЙ ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У. Ӕмуат ӕрцӕуыны хъуыддаджы цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уый тыххӕй Библийы ис бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ. Хӕтындзинадыл нымад у цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, проституци, лӕг ӕмӕ ус чи не сты, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуынц, уый, гомосексуализм ӕмӕ фосимӕ схуыссын (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Ӕмуат ӕрцӕуын у Хуыцауы лӕвар, фӕлӕ ӕрмӕст, сӕ къухтӕ чи ’рфыстой, ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн (Ӕмбисӕндтӕ 5:18, 19).

ЦАРДӔЙ ИСТ ХАБАР. Австралийӕ иу сылгоймаг, Кайли, загъта: «Моймӕдзыд куы нӕ уыдтӕн, уӕд мӕм афтӕ каст, ӕмӕ искӕимӕ ӕмуат куы рцӕуон, уӕд мӕ уыцы адӕймаг уарздзӕн ӕмӕ мыл тыхсдзӕн. Фӕлӕ хъуыддаг бынтон ӕндӕрхуызон рауад. Ӕдзух-иу мӕт кодтон ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ никӕй хъӕуын».

Фӕстӕдӕр Кайли базыдта, Библийы ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй цы фыст ис, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын райдыдта. Мӕнӕ цы загъта: «Уынын ӕй, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нӕ зӕрдӕрыст ӕмӕ мастӕй кӕй хъахъхъӕнынц. Ныр цӕрын, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ. Ис мын хорз цардӕмбал ӕмӕ йӕ зонын, кӕй мӕ уарзы. Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрын, уый фӕрцы хъахъхъӕд дӕн ӕнӕхъуаджы зӕрдӕрыстӕй».

Не Сфӕлдисӕджы фӕнды, цӕмӕй ӕмбарӕм, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмӕ кӕд йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр амондджын кӕй уыдзыстӕм.