Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у? Ды цы равзардзынӕ?

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у? Ды цы равзардзынӕ?

Хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайӕм ӕмӕ цавӕр уынаффӕтӕ хӕссӕм, ууыл баст у, амондджын уыдзыстӕм ӕви нӕ. Йегъовӕ Хуыцау уый зоны, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджынӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрӕм.

«Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны. Тӕхуды, ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусис! Уӕд дӕ фарн суаид цӕугӕдоны хуызӕн, дӕ рӕстдзинад – денджызы уылӕнты хуызӕн» (Исай 48:17, 18).

Хуыцау у не Сфӕлдисӕг, ӕмӕ йӕ зоны, ӕппӕты хуыздӕр нын цы уыдзӕн, уый. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йын йӕ разамындмӕ хъусӕм, уымӕн ӕмӕ уый нӕ пайдайӕн у. Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд-иу нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, нӕ уынаффӕ нӕ хорзмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. Алкӕддӕр-иу хӕсдзыстӕм раст уынаффӕтӕ, ӕмӕ уый фӕрцы уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ нӕ зӕрдӕты уыдзӕн фарн.

Йегъовӕ нӕ, нӕ бон цы нӕу, уый нӕ домы.

«Кӕй [уын] хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхст уын зынӕххӕстгӕнӕн нӕу, стӕй уӕ дард дӕр нӕу» (Дыккаг закъон 30:11).

Хуыцау хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды, уыдоны фӕхъӕуы сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ цард аивын. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домы. Не Сфӕлдисӕг зоны, нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу. Ӕмӕ йӕ хуыздӕр куы базонӕм, уӕд бамбардзыстӕм, «йӕ фӕдзӕхстытӕ... зынӕххӕстгӕнӕн [кӕй] не сты» (1 Иоанны 5:3).

Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн.

«Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“» (Исай 41:13).

Фидарӕй зӕгъӕн ис, Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын нӕ бон кӕй бауыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нын йӕхӕдӕг ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕххуыс та нын фӕкӕны йӕ Ныхас Библийы фӕрцы. Уый уылты нын ратты ныфс ӕмӕ нӕ бафидар кӕны.

Ӕгас дунейы дӕр милуангай адӕмӕн сӕ цард фӕхуыздӕр, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй райдыдтой, уый фӕрцы. Дӕу дӕр фӕндид фылдӕр базонын, Библийы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдоны тыххӕй? Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзӕн Библийыл арӕзт брошюрӕ – «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!». Лӕварӕй йӕ ис рафыссӕн сайтӕй jw.org. Ис дзы ӕртӕ урокы:

  • Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн?

  • Библи нын ныфс ӕвӕры амондджын фидӕнӕй

  • Библийыл ӕууӕндӕн ис?

Хуыцауы Ныхас Библи хуыздӕр куы базонай, уӕд ӕй фендзынӕ, йӕ уынаффӕтӕ абон дӕр пайда кӕй сты. Хуыцауы «бардзырдтыл се ’ппӕтыл дӕр ис ӕууӕндӕн, уыдон фидаргонд сты ӕнустӕм, мыггагмӕ» (Псалом 111:7, 8). Адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕра. Фӕлӕ уыцы хъуыддаджы Хуыцау тыххӕй никӕуыл у (Дыккаг закъон 30:19, 20; Йесо Навин 24:15). Алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг ӕвзары, куыд цӕрдзӕн, уый.