Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цы у донаргъуыд?

Цы у донаргъуыд?

Дзуапп Библийӕ

 Донаргъуыд у, адӕймаджы ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын фӕкӕнын a. Библийы ис, адӕм-иу донаргъуыд куыд райстой, ахӕм цӕвиттонтӕ (Хъуыддӕгтӕ 2:41). Зӕгъӕм, Йесо Чырыстийӕн донаргъуыд радтой Иорданы цӕугӕдоны (Матфейы 3:13, 16). Бирӕ азты фӕстӕ та ефиопаг хицау донаргъуыд райста, фӕндагыл цӕугӕйӕ донмӕ куы бахӕццӕ, уӕд (Хъуыддӕгтӕ 8:36–40).

 Йесо Чырысти загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр кӕй хъуамӕ райсой донаргъуыд (Матфейы 28:19, 20). Уый тыххӕй фыста апостол Петр дӕр (1 Петры 3:21).

Ацы статьяйы

 Донаргъуыд райсын цы нысан кӕны?

 Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд равдисы, йӕ тӕригъӕдтыл кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзӕн. Стӕй равдисы, кӕй йӕ фӕнды Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы коммӕ кӕсын. Донаргъуыд чи райсы, уыцы адӕймаг ӕрлӕууы, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл.

 Донаргъуыдӕй адӕймаг равдисы, йӕ цард кӕй ивы. Библи донаргъуыд бары, адӕймаджы куыд баныгӕнай, уыимӕ (Ромӕгтӕм 6:4; Колоссӕгтӕм 2:12). Адӕймаг доны бын куы фӕвӕййы, уӕд цыма йӕ раздӕры цардӕн амӕлы. Донӕй куы схизы, уӕд та цыма ног цард кӕнын райдайы, ома Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг свӕййы.

 Библимӕ гӕсгӕ, ноггуырд сывӕллӕттӕн донаргъуыд дӕттын хъӕуы?

 Ноггуырд сывӕллӕттӕн донаргъуыд дӕттын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст b.

 Ноггуырд сывӕллӕттӕн донаргъуыд дӕттын у Библийы ныхмӕ. Библийы фыст ис, донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыцы адӕймаг цавӕрдӕр бӕлвырд хъуыддӕгтӕ кӕй хъуамӕ сараза. Зӕгъӕм, хъуамӕ Хуыцауы Ныхасы сӕйраг ахуырӕдтӕ ’мбара ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕра. Хъуамӕ йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕна. Стӕй ма хъуамӕ Хуыцаумӕ скува ӕмӕ йын йӕ цард снывонд кӕна (Хъуыддӕгтӕ 2:38, 41; 8:12). Ноггуырд сывӕллонӕн та уыдӕттӕ аразын йӕ бон нӕу.

 Цы нысан кӕны донаргъуыд райсын Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл?

 Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матфейы 28:19, 20). Дзырд «номыл» амоны, донаргъуыд чи исы, уыцы адӕймаг кӕй ӕмбары, Фыдмӕ ӕмӕ Фыртмӕ цы стыр бартӕ ис, уый, стӕй Хуыцау алцыдӕр йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй аразы. Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Къуылыхӕй чи райгуырд, иу ахӕм нӕлгоймагӕн апостол Петр загъта: «Назаретаг Йесо Чырыстийы номӕй дын зӕгъын, сыст ӕмӕ цу!» (Хъуыддӕгтӕ 3:6). Петры ныхӕстӕй бӕрӕг у, кӕй ӕмбӕрста, Йесо Чырысти йын цы хъару радта, уый фӕрцы кӕй сдзӕбӕх кодта уыцы нӕлгоймаджы, ӕмӕ уый иннӕтӕн дӕр бамбарын кодта.

  •   «Фыд» у Йегъовӕ c Хуыцау. Йегъовӕ у Сфӕлдисӕг, Царддӕттӕг, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕмӕ ӕппӕт бартӕ дӕр уымӕ сты (Райдиан 17:1; Раргомад 4:11).

  •   «Фырт» у Йесо Чырысти. Уый йӕ цард мах тыххӕй радта (Ромӕгтӕм 6:23). Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕйраджыдӕр Йесо Чырысти кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый куы ӕмбарӕм ӕмӕ йын куы кад кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд фервӕздзыстӕм (Иоанны 14:6; 20:31; Хъуыддӕгтӕ 4:8–12).

  •   «Сыгъдӕг тых» у Хуыцауы архайгӕ тых, ома алцыдӕр кӕй фӕрцы аразы, уыцы тых d. Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы алцыдӕр сфӕлдыста, алцӕмӕндӕр цард радта, пехуымпартӕн ӕмӕ йӕ иннӕ лӕггадгӕнджытӕн алыхуызон хабӕрттӕ хъусын кодта ӕмӕ сын хъарутӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кодтаиккой (Райдиан 1:2; Иов 33:4; Ромӕгтӕм 15:18, 19). Хуыцау ма йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ хъуыдытӕ ӕргом кодта, Библи чи фыста, уыдонӕн (2 Петры 1:21).

 Ногӕй донаргъуыд райсын тӕригъӕдыл нымад у?

 Абон сӕ дин бирӕтӕ аивынц. Фӕлӕ, зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ аргъуаны донаргъуыд радтой. Цымӕ ногӕй донаргъуыд куы райса, уӕд уый тӕригъӕдыл нымад уыдзӕн? Иуӕй-иутӕ «о», зӕгъгӕ, фӕзӕгъынц, ӕвӕццӕгӕн, Ефесӕгтӕм 4:5 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ: «Ис иу Хицау, иу уырнындзинад ӕмӕ иу аргъуыд». Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу ногӕй донаргъуыд райсын. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?

 Контекст. Ефесӕгтӕм 4:5 стихы контекстӕй куыд зыны, афтӕмӕй апостол Павел бамбарын кодта, ӕцӕг чырыстӕттӕ иу цӕуылдӕр кӕй хъуамӕ ӕууӕндой ӕмӕ уый фӕрцы се ’хсӕн иудзинад кӕй хъуамӕ уа (Ефесӕгтӕм 4:1–3, 16). Уыцы иудзинад се ’хсӕн уыдаид, Йесо Чырыстийы фӕдыл куы цыдаиккой, иу цӕуылдӕр куы ӕууӕндыдаиккой, ома Библийы ахуырӕдтӕ иухуызон куы ’мбӕрстаиккой ӕмӕ, донаргъуыд райсыны фӕдыл Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куы архайдтаиккой.

 Библийы фыст ис, донаргъуыд чи уыд, уыдонӕн апостол Павел кӕй загъта, цӕмӕй ногӕй донаргъуыд райстаиккой. Афтӕ сын уымӕн загъта, ӕмӕ уый размӕ донаргъуыд куы райстой, уӕд чырыстон ахуырӕдтӕ дзӕбӕх не ’мбӕрстой (Хъуыддӕгтӕ 19:1–5).

 Хуыцау растыл кӕй нымайы, ахӕм донаргъуыд. Цӕмӕй Хуыцау адӕймагӕн йӕ донаргъуыд растыл банымайа, уый тыххӕй хъуамӕ Библийы рӕстдзинад бӕлвырдӕй зона (1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Кӕд адӕймаг, Библийы ныхмӕ чи у, уыцы ахуырӕдтыл баууӕндыд ӕмӕ донаргъуыд райста, уӕд уый Хуыцауы цӕсты раст нӕу (Иоанны 4:23, 24). Чи зоны, адӕймаджы уырны, раст кӕй бакодта, фӕлӕ ӕцӕгӕй та не ’мбӕрста, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый (Ромӕгтӕм 10:2). Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссара, уый тыххӕй хъуамӕ Библийы рӕстдзинад базона, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕра, йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ та ногӕй донаргъуыд райса. Ахӕм уавӕры ногӕй донаргъуыд куы райса, уӕд уый тӕригъӕдыл нымад нӕ уыдзӕн.

 Аргъуыд ма куыд лӕвӕрдтой, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

 Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ-иу аргъуыд райстой доны. Фӕлӕ ма Библийы фыст ис, раздӕр-иу ӕндӕрхуызон аргъуыд дӕр кӕй райстон. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

 Аргъауӕг Иоанн кӕй лӕвӕрдта, уыцы аргъуыд e. Аргъауӕг Иоанн-иу дзуттӕгтӕн ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕн донаргъуыд радта. Афтӕмӕй-иу уыдон равдыстой, Моисейы закъоны (Хуыцау израилӕгтӕн Моисейы уылты цы закъон радта, уый) ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ сарӕзтой, уыдоныл кӕй ӕрфӕсмон кодтой. Иоанн сын донаргъуыд кӕй лӕвӕрдта, уый сӕ цӕттӕ кодта Мессийӕйы, назаретаг Йесойы, ӕрцыдмӕ (Лукайы 1:13–17; 3:2, 3; Хъуыддӕгтӕ 19:4).

 Йесо Чырысти донаргъуыд райста. Йесо Чырыстийӕн донаргъуыд радта Аргъауӕг Иоанн. Уый хицӕн кодта, иннӕтӕн кӕй лӕвӕрдта, уыцы донаргъуыдӕй. Йесо Чырысти уыди ӕххӕст адӕймаг, иу тӕригъӕд дӕр нӕ сарӕзта (1 Петры 2:21, 22). Донаргъуыд кӕй райста, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл фӕсмон кодта кӕнӕ йын цӕмӕй Хуыцауы раз сыгъдӕг цӕсгом уыдаид (1 Петры 3:21). Донаргъуыд кӕй райста, уымӕй равдыста, Мессийӕ, ома Йесо Чырысти, кӕй у, ӕмӕ йӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕндыд. Стӕй ма уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕ цард мах тыххӕй ратдзӕн (Дзуттӕгтӕм 10:7–10).

 Сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд райсын. Аргъауӕг Иоанн дӕр ӕмӕ Йесо Чырысти дӕр дзырдтой сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд райсыны тыххӕй (Матфейы 3:11; Лукайы 3:16; Хъуыддӕгтӕ 1:1–5). Уыцы аргъуыд хицӕн кодта, сыгъдӕг тыхы номыл кӕй истой, уыцы аргъуыдӕй (Матфейы 28:19). Цӕмӕй?

 Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд чи райсы, уыдон бирӕ не сты. Уыцы чырыстӕттӕ сты сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ уӕлӕрвтӕй зӕххӕн разамынд дӕтдзысты (1 Петры 1:3, 4; Раргомад 5:9, 10) f. Уыдон разамынд дӕтдзысты, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн ӕмӕ уыцы адӕм уыдзысты милуантӕ (Матфейы 5:5; Лукайы 23:43).

 Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдон аргъуыд райсынц, цӕмӕй уыйау амӕлой. Сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд чи райсы, уыдон Йесо Чырыстиимӕ иудзинады сты (Ромӕгтӕм 6:3). Уыцы аргъуыд райсынц Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ. Уыдон йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты. Аргъуыд куы райсынц, уӕд свӕййынц Чырыстийы ’мбырдӕй. Уый та у буары сӕр, ома ӕмбырды сӕр, уыдон та сты «буары уӕнгӕ» (1 Коринфӕгтӕм 12:12, 13, 27; Колоссӕгтӕм 1:18).

 Сӕрст чырыстӕттӕ ма «райсынц аргъуыд, цӕмӕй уыйау амӕлой» (Ромӕгтӕм 6:3, 4). Уыдон дӕр Чырыстийау сӕ уды дзӕбӕхӕн нӕ цӕрынц, фӕлӕ сын сӕйрагдӕр у Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕмӕ уыдон дӕр зонынц, зӕххыл ӕнустӕм кӕй нӕ цӕрдзысты. Уыцы аргъуыдӕн тых нал вӕййы, куы амӕлынц ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн куы райгас вӕййынц, уӕд (Ромӕгтӕм 6:5; 1 Коринфӕгтӕм 15:42–44).

 Артӕй аргъуыд райсын. Аргъауӕг Иоанн загъта: «[Чырысти] уын аргъуыд дӕтдзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ артӕй. Йӕ къухы ис дымгӕмӕдарӕн фыййаг, ӕмӕ йӕ найгӕнӕн мус ныссыгъдӕг кӕндзӕн ӕмӕ йӕ мӕнӕу бафснайдзӕн хордоны, зыгуым та басудздзӕн ӕнӕахуысгӕ арты» (Матфейы 3:11, 12). Куыд уынӕм, афтӕмӕй артӕй аргъуыд ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц. Иоанны ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

 «Мӕнӕу» амоны, Чырыстимӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыцы адӕммӕ. Уыдонӕн сӕ бон у сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд райсын. «Зыгуым» та амоны, Чырыстимӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕммӕ. Уыдон аргъуыд райсдзысты артӕй, ома ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты (Матфейы 3:7–12; Лукайы 3:16, 17).

a «Донаргъуыд»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый равзӕрд мивдисӕгӕй. Уыцы мивдисӕг нысан кӕны «доны бын фӕкӕнын, фӕдӕлдон кӕнын». (Кӕс «Theological Dictionary of the New Testament», 1 том, 529 фарс ӕмӕ Дворецкий И. Х. «Древнегреческо-русский словарь». М., 1958. 1 том, 287 фарс.)

b Иуӕй-иу аргъуанты ноггуырдӕн «донаргъуыд раттынц» (дон ыл бапырх кӕнынц кӕнӕ йын йӕ сӕрыл дон рауадзынц) ӕмӕ йын ном раттынц.

c Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18). Кӕс статья «Чи у Йегъовӕ?».

d Кӕс статья «Цы у сыгъдӕг тых?».

f Кӕс статья «Уӕлӕрвтӕм чи ацӕуы?».

g Иуӕй-иу хатт Библийы дзырдбаст «аргъуыд раттын» кӕнӕ «аргъуыд» фӕамоны цыдӕр ссыгъдӕг кӕнынмӕ, зӕгъӕм, цавӕрдӕр мигӕнӕнтӕ доны атулынмӕ (Марчы 7:4; Дзуттӕгтӕм 9:10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн иумӕйагӕй ницы ис, Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ донаргъуыд куыд истой, уыимӕ.