Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Чи у Йегъовӕ?

Чи у Йегъовӕ?

Дзуапп Библийӕ

 Библийӕ нӕ бон у базонын, Йегъовӕ кӕй у ӕцӕг Хуыцау, ӕппӕт дӕр чи сфӕлдыста, уый (Раргомад 4:11). Пехуымпартӕ Авраам ӕмӕ Моисей, стӕй Чырысти дӕр уымӕн куывтой (Райдиан 24:27; Рацыд 15:1, 2; Иоанны 20:17). Йегъовӕ ӕрмӕст иу адӕмыхатты Хуыцау нӕу, фӕлӕ у ӕгас зӕххыл цӕрӕг адӕмы Хуыцау (Псалом 47:2).

 Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ у Хуыцауы сӕрмагонд ном (Рацыд 3:15; Псалом 83:18). Хуыцауы ном кӕмӕй арӕзт у, уыцы дзуттаг мивдисӕгӕн йӕ хъуыды у «суын». Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ном Йегъовӕ нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Йӕ номы нысаниуӕгӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй сфӕлдыста ӕмӕ йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕны (Исай 55:10, 11). Библийӕ ма нӕ бон у базонын, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, уый цавӕр Хуыцау у ӕмӕ йӕ сӕйраг миниуӕг уарзондзинад кӕй у (Рацыд 34:5–7; Лукайы 6:35; 1 Иоанны 4:8).

 Хуыцауы ном иронау у «Йегъовӕ». Дзуттаг ӕвзагыл уыцы ном фыст вӕййы цыппар ӕмхъӕлӕсонӕй יהוה (ЙХВХ). Уыцы цыппар дамгъӕйы хонынц тетраграмматон. Рагон дзуттаг ӕвзагыл Хуыцауы ном куыд дзырдтой, уый бӕрӕг нӕу. Ивгъуыд ӕнусты Библийы чингуытӕй кӕцыдӕртӕ ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой. Уыцы чингуытӕй Хуыцауы сӕрмагонд ном кӕм ӕмбӕлы, уыдонӕй ӕппӕты рагондӕр у 1848 азы уагъд «Псалтир». Ратӕлмац ӕй кодта Г. Мчедлов ӕмӕ Хуыцауы ном фыста «Иегъова» a. Ӕндӕр тӕлмацты та Хуыцауы ном у «Йегъовӕ».

Хуыцауы ном рагон дзуттаг ӕвзагыл куыд дзырдтой, уый бӕрӕг цӕуылнӕ у?

 Рагон дзуттаг ӕвзаджы дзырдты ӕрмӕст ӕмхъӕлӕсон дамгъӕтӕ фыстой, хъӕлӕсонтӕ дзы нӕ фыстой. Дзуттаг ӕвзагыл дзурӕг адӕм зыдтой, дзырдты-иу кӕсгӕ-кӕсын цавӕр хъӕлӕсонтӕ бавӕрын хъуыд, уый. Фӕлӕ Дзуттаг Фыстытӕ (Рагон Фӕдзӕхст) фыст куы фесты, уӕд дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, ӕмӕ Хуыцауы ном дзурын не ’мбӕлы. Фыстады-иу Хуыцауы ном кӕм уыди, уым-иу ӕй кӕсгӕ-кӕсын баивтой дзырдтӕй «Хицау» кӕнӕ «Хуыцау». Уыцы хъуыды хӕцгӕ низау апарахат, ӕмӕ цалдӕр ӕнусы фӕстӕ ничиуал зыдта, Хуыцауы ном фыццаг куыд дзырдтой, уый b.

 Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, Хуыцауы ном кӕй дзырдтой Яхве, иннӕтӕ та зӕгъынц, ӕндӕрхуызон ӕй кӕй дзырдтой. Мард денджызы тыхтӕттӕй иуы ис скъуыддзаг Левиты чиныгӕй грекъаг ӕвзагыл. Уым Хуыцауы ном фыст у Иао́. Рагон грекъаг фысджытӕ Хуыцауы ном фыстой афтӕ дӕр: Иае́, Иабе́ ӕмӕ Иаоуе́. Фӕлӕ рагон дзуттаг ӕвзагыл Хуыцауы ном афтӕ дзырдтой ӕви нӕ, уымӕн ницы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис c.

Рӕдыд хъуыдытӕ Хуыцауы номы тыххӕй

 Рӕдыд хъуыды. Иуӕй-иу тӕлмацгӕнджытӕ Хуыцауы ном Йегъовӕ Библимӕ сӕхӕдӕг бафтыдтой.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хуыцауы ном дзуттаг дамгъӕтӕй фыстӕй, ома тетраграмматон, Библийы ӕмбӕлы 7 000 хатты бӕрц d. Фӕлӕ бирӕ тӕлмацты Хуыцауы ном баивтой, зӕгъӕм, дзырдӕй «Хицау».

 Рӕдыд хъуыды. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы ном нӕ хъӕуы.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хуыцау Библийы йӕ ном йӕхӕдӕг ныффыссын кодта цалдӕр мин хатты ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ ном дзурой (Исай 42:8; Иоил 2:32; Малахи 3:16; Ромӕгтӕм 10:13). Уымӕй уӕлдай Хуыцау карзӕй бауайдзӕф кодта мӕнг пехуымпартӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон архайдтой, цӕмӕй йын адӕмӕн йӕ ном ферох кӕнын кодтаиккой (Йереми 23:27).

 Рӕдыд хъуыды. Дзуттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Библийы Хуыцауы ном фыссын нӕ хъӕуы.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Дзуттаг писыртӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы ном нӕ дзырдтой. Фӕлӕ-иу Библийы къопитӕ куы кодтой, уӕд-иу ӕй уым ныффыстой. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй йын адӕмы ӕгъдӕутты тыххӕй йӕ фӕдзӕхстытӕ халӕм (Матфейы 15:1–3).

 Рӕдыд хъуыды. Хуыцауы ном Библийы фыссын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ бӕлвырд ничи зоны, дзуттагау куыд дзургӕ у, уый.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Уыцы хъуыдымӕ гӕсгӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды, цӕмӕй йын адӕм йӕ ном иухуызон дзурой, цыфӕнды ӕвзагыл ма дзурой, уӕддӕр. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ алы ӕвзӕгтыл кӕй дзырдтой, уымӕ гӕсгӕ нӕмттӕ иухуызон нӕ дзырдтой.

 Цӕвиттонӕн райсӕм Израилы тӕрхонгӕнӕг Йесо Навины ном. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй дзуттагау чи дзырдта, уыдон ын йӕ ном, ӕвӕццӕгӕн, дзырдтой Йехошу́а, грекъагау чи дзырдта, уыдон та Иесу́с. Дзуттаг ном Йесо Библийы фыст ӕрцыд, грекъӕгтӕ йӕ куыд дзырдтой, афтӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ чырыстӕттӕ нӕмттӕ дзырдтой, се ’взагыл сӕ иууылдӕр куыд дзырдтой, афтӕ (Хъуыддӕгтӕ 7:45; Дзуттӕгтӕм 4:8).

 Хуыцауы ном тӕлмац кӕнынӕн дӕр йӕ хабар афтӕ у. Хуыцауы ном Библийы фыст кӕй ӕрцыд, уый бирӕ ахсджиагдӕр у, куыд ӕй дзурынц, уымӕй.

a Зӕгъӕм, ӕмбӕлы Псалом 82:19 стихы, «Ног дунейы тӕлмацы» та у Псалом 83:18 стих.

b Иу энциклопедийы фыст ис: «Дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр ном Яхве уӕлдай табуйагыл нымайын райдыдтой ӕмӕ йӕ арӕхӕй-арӕхдӕр ивын райдыдтой дзырдтӕй АДОНАЙ кӕнӕ ЕЛОХИМ» («New Catholic Encyclopedia», дыккаг рауагъд, 14 том, 883, 884 фӕрстӕ, англ.).

c Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс брошюрӕ «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 1 хай «Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты».

d «Theological Lexicon of the Old Testament», 2 том, 523, 524 фӕрстӕ.