Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕцыдӕр бӕрӕгбӕттӕ цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕцыдӕр бӕрӕгбӕттӕ цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕнынц, цавӕрдӕр бӕрӕгбон бӕрӕг кӕндзысты ӕви нӕ?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, цавӕрдӕр бӕрӕгбон бӕрӕг кӕндзысты ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕныны размӕ раиртасынц, Библийы уый фӕдыл цы фыст ис. Иуӕй-иу бӕрӕгбӕттӕ Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ кӕй сты, уый бӕлвырд вӕййы, ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц. Иннӕ бӕрӕгбӕтты фӕдыл та алы Ӕвдисӕн дӕр йӕхӕдӕг рахӕссы уынаффӕ, ӕмӕ фӕархайы, «цӕмӕй Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ адӕмы раз дӕр йӕ цӕсгом сыгъдӕг уа» (Хъуыддӕгтӕ 24:16).

 Дӕлдӕр ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, цавӕрдӕр бӕрӕгбон бӕрӕг кӕндзысты ӕви нӕ, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ кӕуыл ахъуыды кӕнынц, цалдӕр ахӕм фарстайы a.

  •   Мыййаг, бӕрӕгбон, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм ахуырадимӕ баст у?

     Библийы уагӕвӕрд: «Се ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ сӕ уӕхи фӕхицӕн кӕнут,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ, чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕуал ӕвналут» (2 Коринфӕгтӕм 6:15–17).

     Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи хизынц, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг чи нӕу, ома, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм ахуырӕдтӕй. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц, дӕлдӕр кӕй кой ис, уыцы хъуыддӕгтимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ.

     Ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувыны ӕгъдӕуттӕй чи равзӕрд, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ. Чырысти загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн» (Матфейы 4:10). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайынц ӕмӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц Рождество, Куадзӕн ӕмӕ Фыццӕгӕм май b, уымӕн ӕмӕ ацы бӕрӕгбӕттӕ баст сты ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувынимӕ, Йегъовӕйӕн кувынимӕ нӕ, фӕлӕ. Уыдонӕй уӕлдай ма нӕ бӕрӕг кӕнынц, дӕлдӕр цы бӕрӕгбӕтты кой ис, уыдон.

    •  Кванза. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «дзырд „кванза“ равзӕрд ӕвзаг суахилийӕ, дзырдтӕй матунда я кванза, ома „фыццаг тыллӕг“, ӕмӕ [уымӕй] бӕрӕг у, ацы бӕрӕгбон кӕй равзӕрд, Африкӕйы фыццаг тыллӕджы номыл кӕй кодтой, уыцы бӕрӕгбӕттӕй» (Encyclopedia of Black Studies). Ӕмӕ кӕд иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ Кванза динимӕ баст бӕрӕгбон нӕу, уӕддӕр ӕй африкаг динты энциклопеди бары иу африкаг бӕрӕгбонимӕ. Уыцы бӕрӕгбоны-иу адӕм «фыццаг тыллӕгӕй хуыцӕутты ӕмӕ мард фыдӕлты ном ссардтой, бузныг сӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй». Уыцы энциклопедийы ма фыст ис: «Афроамерикаг бӕрӕгбон Кванзайы дӕр адӕм сӕ мард фыдӕлтӕн цыдӕртӕ ныххӕлар кӕнынц, сӕ царды хорздзинӕдты тыххӕй сӕ бузныг кӕй сты, уый равдисыны тыххӕй» (Encyclopedia of African Religion).

      Кванза

    •  Фӕззӕджы ӕмбисы бӕрӕгбон. Иу дзырдуаты куыд фыст ис, афтӕмӕй «ацы бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнынц мӕйы ус-хуыцауы кады номыл» (Holidays, Festivals, and Celebrations of the World Dictionary). Иу энциклопедийы фыст ис, уыцы бӕрӕгбоны ахӕм ӕгъдау кӕй ис, ӕмӕ «хӕдзары сылгоймӕгтӕ сӕ уӕрджытыл лӕугӕйӕ ус-хуыцауӕн бакувынц» (Religions of the World​—A Comprehensive Encyclopedia of Beliefs and Practices).

    •  Навруз (Новруз). «Ацы бӕрӕгбон равзӕрд зороастризмӕй, ӕмӕ у зороастризмы рагон къӕлиндары ӕппӕты кадджындӕр бӕрӕгбӕттӕй сӕ иу. [...] Бӕрӕг ӕй кӕнынц, сихорафоны бардуаг, хонынц ӕй [Рапитвин], кӕй ссӕрибар, уый номыл. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй йӕ зымӕджы бардуаг уазал мӕйты дӕргъы зӕххы бын фӕдардта, ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ кӕй ссыд, уый номыл ын зороастризмы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Наврузы сихорафон бӕрӕгбон скодтой» (ЮНЕСКО).

    •  Шаб-е Ялда. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй ацы бӕрӕгбон у зымӕгон хурхӕтӕны бӕрӕгбон ӕмӕ баст у рухсы хуыцау Митрӕйӕн кувынимӕ (Sufism in the Secret History of Persia). Стӕй ма иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы бӕрӕгбон баст у, ромӕгты ӕмӕ грекъӕгты хуры хуыцӕуттӕн кувынимӕ c.

    •  Бузныджы бон. Кванзайау ацы бӕрӕгбон дӕр равзӕрд тыллӕджы бӕрӕгбӕттӕй, кодтой сӕ алыхуызон хуыцӕутты номыл. Фӕстӕдӕр «уыцы рагон адӕмон ӕгъдӕуттӕ райдыдта кӕнын чырыстон аргъуан дӕр» (A Great and Godly Adventure​—The Pilgrims and the Myth of the First Thanksgiving).

     Мӕнгуырнындзинӕдтимӕ ӕмӕ, алцыдӕр амондӕй кӕнгӕ кӕй у, уыцы уырнынадимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Амонды хуыцауы номыл фынгтӕ [чи] ӕвӕры», уыдон «Йегъовӕйы ныууагътой» (Исай 65:11). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц, дӕлдӕр цы бӕрӕгбӕтты кой ис, уыдон:

    •  Иван Купала. Иу чиныджы фыст ис: «Адӕм куыд дзурынц, афтӕмӕй [Иван Купалайы] рӕстӕг ӕрдзӕй фӕцӕуы цавӕрдӕр ӕнахуыр тых, ӕмӕ хъӕбатыр куы уай ӕмӕ дӕ амонд куы уа, уӕд уыцы тыхӕй схайджын уыдзынӕ» (The A to Z of Belarus). Райдианы уый уыд муртатты бӕрӕгбон, ӕмӕ йӕ бӕрӕг кодтой сӕрдыгон хурхӕтӕны. Фӕлӕ иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «муртаттӕ чырыстон дин куы райстой, уӕд уыцы бӕрӕгбоны ӕгъдӕуттӕ схӕццӕ сты, аргъуан кӕй бӕрӕг кодта, уыцы бӕрӕгбоны [Аргъауӕг Иоанны «сыгъдӕг боны»] ӕгъдӕуттимӕ» (Encyclopedia of Contemporary Russian Culture).

    •  Китайаг Ног аз кӕнӕ корейаг Ног аз. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, дам, уыцы рӕстӕг адӕмӕн «сӕ сӕйраг мӕт вӕййы, алцыдӕр афтӕ саразын, цӕмӕй афӕдзы дӕргъы амондджын уой, сӕ хуыцӕутты ӕмӕ мӕрдты ном ссарой ӕмӕ иннӕтӕн ног азы фӕдыл раарфӕ кӕной» (Mooncakes and Hungry Ghosts​—Festivals of China). Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй корейаг Ног азы дӕр адӕм, «сӕ рагфыдӕлтӕн фӕкувынц, цыдӕртӕ фӕаразынц, цӕмӕй фыдгӕнӕг тыхты фӕсурой ӕмӕ ног азы амондджын уой, стӕй сын ног аз цы ’рхӕсдзӕн, уый базоныны тыххӕй дӕсны фӕфӕрсынц» (Encyclopedia of New Year’s Holidays Worldwide).

      Китайаг Ног аз

     Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, уыцы ахуырадимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ. Библийы комкоммӕ фыст ис, уд кӕй мӕлы (Йезекил 18:4). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц, уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у, уыцы ахуырадимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ.

    •  Мӕрдты бон. Иу энциклопедийы фыст ис: «[Уый у] мӕрдты мысӕн бон. Астӕуккаг ӕнусты бирӕты уырныдта, удсыгъдӕггӕнӕны чи ис, уыцы удтӕ ӕнӕуынгӕ тыхты, кӕлӕнгӕнджыты, хӕфсыты ӕмӕ ӕндӕр исты хуызы уыцы бон кӕй фӕзынынц, сӕ удӕгасӕй сын ӕвзӕрдзинад чи ракодта, уыдонмӕ» (New Catholic Encyclopedia).

    •  Цинмин ӕмӕ Ӕххормаг удты бӕрӕгбон. Ацы дыууӕ бӕрӕгбоны фӕкӕнынц мард фыдӕлты номыл. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Цинмины рӕстӕг «фӕсудзынц хӕринаг, нуӕзт ӕмӕ гӕххӕттын ӕхцатӕ, цӕмӕй мӕрдтӕн ӕххормаг кӕнӕ дойны ма уа, стӕй ӕхцахъуаг ма уой» (Celebrating Life Customs Around the World​—From Baby Showers to Funerals). Уыцы чиныджы ма фыст ис, зӕгъгӕ, ацы бӕрӕгбон чи бӕрӕг кӕны, уыдоны уырны, «Ӕххормаг тыхты мӕйы, уӕлдайдӕр та, мӕй цалхыдзаг куы вӕййы, уӕд, удӕгӕстӕ ӕмӕ мӕрдтӕ уӕлдай ӕнгом вӕййынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг вӕййы мӕрдты хорзӕх ссарын, стӕй рагфыдӕлтӕн скад кӕнын».

    •  Чхусок. Ацы бӕрӕгбоны «мӕрдтӕн ныххӕлар кӕнынц хӕринаг ӕмӕ сӕн». Уыцы ӕгъдау баст у, «адӕймаг куы амӕлы, уый фӕстӕ дӕр ма йӕ уд цӕргӕйӕ кӕй баззайы, уыцы ахуырадимӕ» (The Korean Tradition of Religion, Society, and Ethics).

     Хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ. Библийы фыст ис: «Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг, йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты чи басыгъта, дӕсны чи фӕрсы, кӕлӕнтӕ чи кӕны, нысӕнттӕ чи халы, хинтӕ чи кӕны ӕмӕ, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ чи цӕуы, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ чи дзуры кӕнӕ мӕрдты чи фӕрсы. Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, уый ӕлгъаг у Йегъовӕйы цӕсты» (Дыккаг закъон 18:10–12). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи хизынц хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕй, уыдонмӕ хауы астрологи дӕр (уый дӕр нымад у дӕсны фӕрсыныл), ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц Хеллоуин кӕнӕ, дӕлдӕр кӕй кой цӕуы, уыцы бӕрӕгбӕттӕ.

    •  Сингайлаг ӕмӕ тамилаг Ног аз. Иу энциклопедийы фыст ис: «Ацы бӕрӕгбонимӕ баст ӕгъдӕуттӕм... хауы, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын, астрологты нымадмӕ гӕсгӕ уыдӕттӕ аразынӕн хуыздӕр цы рӕстӕг уыдзӕн, уӕд» (Encyclopedia of Sri Lanka).

    •  Сонгкран. Ацы азиаг бӕрӕгбоны ном «равзӕрд ӕвзаг санскритӕй ӕмӕ нысан кӕны „ахызт“ кӕнӕ „аивд“. Ӕмӕ йӕ фӕбӕрӕг кӕнынц, хур Фыры стъалыгуппармӕ кӕй ахизы, уый номыл» (Food, Feasts, and Faith​—An Encyclopedia of Food Culture in World Religions).

     Моисейы закъонимӕ, Чырыстийы нывонд кӕрон кӕмӕн скодта, уыцы Закъонимӕ, баст бӕрӕгбӕттӕ. Библийы фыст ис: «Закъонӕн... Чырысти кӕрон скодта» (Ромӕгтӕм 10:4). Чырыстӕттӕн абон дӕр пайда сты, Хуыцау рагон Израилӕн Моисейы уылты кӕй радта, уыцы Закъоны уагӕвӕрдтӕ. Фӕлӕ чырыстӕттӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц, Закъонмӕ гӕсгӕ бӕрӕг кӕнын кӕй хъуыд, уӕлдайдӕр та Мессийӕимӕ баст чи уыд, уыцы бӕрӕгбӕттӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ фидарӕй уырны, Мессийӕ фыццаг ӕнусы кӕй ӕрцыд. Библи зӕгъы: «Уыдӕттӕ иууылдӕр сты фидӕны хорздзинӕдтӕн сӕ аууон, хорздзинӕдтӕ сӕхӕдӕг та Чырыстиимӕ баст сты» (Колоссӕгтӕм 2:17). Уӕдӕ, уӕлдӕр цӕй кой кодтам, уымӕ гӕсгӕ, стӕй, иуӕй-иу бӕрӕгбӕтты цы ’гъдӕуттӕ фӕкӕнынц, уыдон Библийы ныхмӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц, дӕлдӕр цы бӕрӕгбӕтты кой цӕуы, уыдон.

    •  Ханука. Ацы бӕрӕгбон фӕбӕрӕг кӕнынц, дзуттӕгты кувӕндон Иерусалимы Хуыцауӕн ногӕй кӕй снывонд кодтой, уый номыл. Фӕлӕ Библийы фыст ис, Чырысти кӕй сси Хистӕр сауджын «кадджындӕр ӕмӕ ӕххӕстдӕр цатыры [кӕнӕ кувӕндоны], адӕймаджы къухӕй конд чи нӕу, ахӕм, ома ӕндӕр хуызы конд цатыры» (Дзуттӕгтӕм 9:11). Чырыстӕттӕн уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндон, баивта, Иерусалимы цы кувӕндон уыд, уый.

    •  Рош ха-Шана. Ай у дзуттаг Ног азы фыццаг бон. Ацы бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу рагон израилӕгтӕ Хуыцауӕн сӕрмагонд нывӕндтӕ хастой (Нымӕцтӕ 29:1–6). Фӕлӕ Йесо Чырысти – Мессийӕ, «нывӕндтӕ ӕмӕ кувинӕгтӕн кӕрон скодта», ӕмӕ ныр Хуыцауы цӕсты уыдӕттӕ ницыуал пайда сты (Данел 9:26, 27).

  •   Мыййаг, динтӕ баиу кӕнынмӕ чи разӕнгард кӕны, ахӕм бӕрӕгбон у?

     Библийы уагӕвӕрд: «Иумӕйагӕй цы хъуамӕ уа... уырнӕг адӕймагӕн... ӕнӕуырнӕгимӕ? Ӕмӕ Хуыцауы кувӕндонӕн дӕр мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы хъуамӕ уа?» (2 Коринфӕгтӕм 6:15–17).

     Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц адӕмимӕ фӕрнӕй цӕрыныл ӕмӕ алкӕмӕн дӕр, цӕуыл ӕууӕнда, уый равзарыны бар кӕй ис, уымӕн аргъ кӕнынц. Фӕлӕ, динтӕ баиу кӕнынмӕ чи разӕнгард кӕны, ахӕм бӕрӕгбӕтты нӕ архайынц.

     Алыхуызон динтыл хӕст адӕмы иухуызон кувынмӕ чи разӕнгард кӕны, ахӕм дингӕнӕджы кӕнӕ динимӕ баст хабӕртты номыл бӕрӕгбӕттӕ. Раджы заманты Хуыцау йӕ адӕмы, ӕндӕр динтыл хӕст адӕм кӕм цардысты, уыцы зӕхмӕ куы кодта, уӕд сын загъта: «Ма-иу скӕн бадзырд нӕдӕр семӕ, нӕдӕр сӕ хуыцӕуттимӕ. [...] Сӕ хуыцӕуттӕн сын куы кувай, уӕд дын уый суыдзӕн къӕппӕг» (Рацыд 23:32, 33). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, дӕлдӕр кӕй кой цӕуы, уыцы бӕрӕгбӕттӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц.

    •  Лойкратхонг. Ацы тайаг бӕрӕгбоны рӕстӕг «адӕм сыфтӕй къустӕ саразынц, нывӕрынц дзы цырӕгътӕ кӕнӕ хӕрздӕфгӕнӕг къӕцӕлтӕ ӕмӕ сӕ доны ауадзынц. Зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, уыцы къустӕ адӕймаджы фыдбылызтӕ ахӕссынц. Ацы бӕрӕгбоны рӕстӕг адӕм фӕтабу кӕнынц Буддӕйы къахы фӕдӕн» (Encyclopedia of Buddhism).

    •  Тӕригъӕдтыл фӕсмон кӕныны бон. Папуӕ – Ног Гвинейы газеты фыст уыдысты хицауады кусджытӕй иуы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дам, ацы бӕрӕгбон чи бӕрӕг кӕны, уый «разы у чырыстон дины сӕйраг ахуырӕдтимӕ» ӕмӕ, дам, ацы бӕрӕгбон ахъаз кӕны нӕ бӕстӕйы «чырыстон дины ахуырӕдтӕ парахат кӕнынӕн» (The National).

    •  Весак. «Буддизмы ацы бӕрӕгбон у ӕппӕты кадджындӕр, фӕбӕрӕг кӕнынц Буддӕйы райгуырд, йӕ зонд куыд срухс, уый ӕмӕ йӕ мӕлӕт, ома йӕ ацыд нирванӕмӕ» (Holidays, Festivals, and Celebrations of the World Dictionary).

      Весак

     Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи сты, ахӕм дины ӕгъдӕуттӕй чи равзӕрд, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ. Йесо дины разамонджытӕн загъта: «Сымах Хуыцауы ныхас уе ’гъдӕуттӕй баивтат». Стӕй ма загъта, сӕ лӕггад дзӕгъӕлы кӕй у, уымӕн ӕмӕ амыдтой «адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ» (Матфейы 15:6, 9). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Йесойы ныхӕстӕм уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц, ӕмӕ дины бӕрӕгбӕттӕй бирӕтӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц.

    •  Хуыцауы фӕзынд (Ӕртӕ паддзахы бон, Тимкат, Паддзӕхты-​стъалыдӕсныты цыд). Ацы бӕрӕгбон равзӕрд, «уалдзӕджы-иу мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм цӕугӕдӕтты ӕмӕ суадӕтты хуыцӕутты номыл кӕй бӕрӕг кодтой, ахӕм бӕрӕгбӕттӕй» (The Christmas Encyclopedia). Тимкат дӕр цӕмӕйдӕрты уыцы бӕрӕгбоны хуызӕн у. Уый дӕр «равзӕрд адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕй» (Encyclopedia of Society and Culture in the Ancient World).

    •  Мадымайрӕмы ацыд уӕлӕрвтӕм. Ацы бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнынц, афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ Чырыстийы мад уӕлӕрвтӕм адӕймаджы буары ацыд, уыдон. Иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, «фыццаг чырыстӕттӕ ууыл хъуыды дӕр никуы акодтаиккой ӕмӕ Фыстады дӕр уый кой нӕй» (Encyclopedia of Fundamentalism).

    •  Мадымайрӕмы ӕнӕтӕригъӕдӕй райгуырды бӕрӕгбон. Иу энциклопедийы фыст ис: «Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ [Марийӕ] ӕнӕтӕригъӕдӕй райгуырд... Уыцы ахуырад аргъуан йӕхӕдӕг ӕрхъуыды кодта» (New Catholic Encyclopedia).

    •  Стыр комдарӕн. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй уый у тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны ӕмӕ ком дарыны рӕстӕг. Ацы ӕгъдау сфидар кодтой «цыппӕрӕм ӕнусы», Библи фыст куы фӕци, уымӕй 200 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд. Уыцы энциклопедийы Стыр комдарӕны фыццаг боны тыххӕй фыст ис: «Фӕнычы ӕртыццӕджы сауджынтӕ аргъуанмӕ ӕрбацӕуӕг адӕмӕн сӕ ныхтыл фӕныкӕй сныв кӕнынц крест. Ацы ӕгъдау сфидар кодта Беневентойы Синод 1091 азы» (New Catholic Encyclopedia).

    •  Мескель (кӕнӕ Маскаль). Ацы бӕрӕгбон куыд фӕбӕрӕг кӕнынц, уый тыххӕй иу энциклопедийы фыст ис: «Адӕм ӕртытӕ фӕсудзынц ӕмӕ сӕ алыварс фӕкафынц, Ӕцӕг крест (Чырыстийы кӕуыл байтыгътой, уыцы крест) кӕй ссардтой, уый номыл» (Encyclopedia of Society and Culture in the Medieval World). Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ крестӕн нӕ табу кӕнынц.

  •   Мыййаг, кӕцыдӕр адӕймаджы, цавӕрдӕр организаци кӕнӕ бӕстӕйы символ чи кадджын кӕны, ахӕм бӕрӕгбон у?

     Библийы уагӕвӕрд: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕлгъыст у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ зӕххон адӕймагыл чи дары, йӕ ныфс адӕймаджы цонджы хъару кӕмӕн у ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйӕ кӕмӕн аздӕхт“» (Йереми 17:5).

     Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн аргъ кӕнынц ӕмӕ иннӕты тыххӕй суанг кувгӕ дӕр фӕкӕнынц. Фӕлӕ дӕлдӕр цы бӕрӕгбӕтты кой цӕуы, уыдон нӕ бӕрӕг кӕнынц.

     Бӕрӕгбӕттӕ цавӕрдӕр хицауы кӕнӕ адӕймаджы номы кадӕн. Библийы фыст ис: «Дӕхи уды тыххӕй дӕхи хиз зӕххон адӕймагӕй, йӕ улӕфт йӕ фындзыхуынчъыты кӕмӕн ис, уымӕй,– нымады дӕр дӕм цӕмӕн хъуамӕ уа?» (Исай 2:22). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ фӕбӕрӕг кӕнынц, зӕгъӕм, паддзахы гуырӕнбон.

     Бӕрӕгбон тырысайы номыл. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц тырысайы номыл бӕрӕгбон. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис: «Уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй» (1 Иоанны 5:21). Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, тырысайӕн табу кӕнын ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувын иу не сты. Фӕлӕ историк Карлтон Хейсы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «национализм динӕй уӕлдай нӕу, кувгӕ та дзы сӕйраджыдӕр кӕнынц тырысайӕн».

     Сыгъдӕджытӕн табу кӕнынимӕ баст чи у, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ. Хуыцауӕй чи тарст, иу ахӕм нӕлгоймаг апостол Петрӕн бакувынмӕ куы хъавыд, уӕд Петр куыд бакодта? Библийы фыст ис: «Петр [ыл] схӕцыд ӕмӕ йын загъта: „Уӕлӕмӕ сыст, ӕз дӕр адӕймаг дӕн“» (Хъуыддӕгтӕ 10:25, 26). Нӕдӕр Петр, нӕдӕр иннӕ апостолтӕ нӕ уагътой, цӕмӕй сын иннӕтӕ уӕлдай кад кодтаиккой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц, сыгъдӕджытӕ кӕй хонынц, уыдоны номыл бӕрӕгбӕттӕ.

    •  Ӕппӕт сыгъдӕджыты бон. «Бӕрӕгбон ӕппӕт сыгъдӕджыты номыл... Кӕцӕй равзӕрд, уый бӕрӕг нӕу» (New Catholic Encyclopedia).

    •  Гваделупаг Мадымайрӕмы бӕрӕгбон. Ацы бӕрӕгбоны рӕстӕг фӕтабу кӕнынц «Мексикӕйы сыгъдӕг бардуагӕн», иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ уый у Марийӕ, Чырыстийы мад. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй 1531 азы диссаджы хуызы фӕзынд хуымӕтӕг зӕхкусӕгмӕ (The Greenwood Encyclopedia of Latino Literature).

      Гваделупаг Мадымайрӕмы бӕрӕгбон

    •  Номыбон. Иу чиныджы фыст ис: «Номыбон у, адӕймагӕн гыццылӕй донаргъуыд дӕтгӕйӕ кӕнӕ йын фӕстӕдӕр аргъуаны цы сыгъдӕджы ном раттынц, уыцы сыгъдӕджы номыл бӕрӕгбон» (Celebrating Life Customs Around the World​—From Baby Showers to Funerals). Фыст ма дзы ис: «Уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕг адӕм фӕаразынц динимӕ баст хабӕрттӕ».

     Политикӕимӕ ӕмӕ адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕнынимӕ баст хабӕртты номыл бӕрӕгбӕттӕ. Библийы фыст ис: «Зӕххон адӕймагыл зӕрдӕ дарыны бӕсты дӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакӕн» (Псалом 118:8, 9). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фидарӕй уырны, зындзинӕдтӕн кӕрон Хуыцау кӕй скӕндзӕн, адӕм нӕ, фӕлӕ. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц, политикӕимӕ ӕмӕ адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕнынимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ, зӕгъӕм, Ӕрыгӕтты бон ӕмӕ Сылгоймӕгты бон. Уымӕ гӕсгӕ ма нӕ бӕрӕг кӕнынц Сӕрибардзинады бон ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бӕрӕгбӕттӕ дӕр. Уыдон зонынц, Хуыцауы Паддзахад кӕрон кӕй скӕндзӕн расизмӕн ӕмӕ уыцы Паддзахады дӕлбар адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕй уыдзӕн ӕмхуызон бартӕ (Ромӕгтӕм 2:11; 8:21).

  •   Мыййаг, бӕрӕгбон иу адӕмыхатт иннӕ адӕмыхӕттытӕй уӕлдӕр нӕ кӕны?

     Библийы уагӕвӕрд: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).

     Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕ уарзынц, уӕддӕр нӕ бӕрӕг кӕнынц, цавӕрдӕр адӕмыхатт чи бӕрзонд кӕны, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ.

     Ӕфсад кадджын кӕныны номыл кӕй бӕрӕг кӕнынц, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ. Йесо хӕстытӕм цы цӕстӕй каст, уый бӕрӕг у, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы загъта, уымӕй: «Уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй» (Матфейы 5:44). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц, ӕфсӕддонты кадӕн кӕй бӕрӕг кӕнынц, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ, зӕгъӕм:

    •  АНЗАК-ы бон. «АНЗАК – афтӕ хуыйнынц Австралийы ӕмӕ Ног Зеландийы ӕфсӕдтӕ» ӕмӕ «куыд фӕстӕмӕ АНЗАК-ы бон сси, хӕсты чи фӕмард, уыдоны номарӕн бон» (Historical Dictionary of Australia).

    •  Ветеранты бон (Номарӕн бон, Номарӕн хуыцаубон кӕнӕ Зӕрдылдарӕн бон). Ацы бӕрӕгбӕттӕ кадджын кӕнынц «ӕфсады ветеранты ӕмӕ, мидхӕстыты чи фӕмард, уыдоны» (Encyclopædia Britannica).

     Бӕстӕйы историимӕ кӕнӕ хӕдбардзинадимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй загъта: «Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоанны 17:16). Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы сӕ бӕстӕйы историйы тыххӕй кӕсын, уӕддӕр, дӕлдӕр цы бӕрӕгбӕтты кой ис, уыдон нӕ бӕрӕг кӕнынц.

    •  Австралийы бон. Иу энциклопедийы фыст ис, ацы бӕрӕгбон кӕй бӕрӕг кӕнынц, «1788 азы Английы ӕфсӕддонтӕ сӕ тырыса Австралийы зӕххыл кӕй ныссагътой ӕмӕ сӕ ног колони кӕй сси, уый номыл» (Worldmark Encyclopedia of Cultures and Daily Life).

    •  Гай Фоксы бон. Ацы бон фӕбӕрӕг кӕнынц, «1605 азы Гай Фоксӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыцы католиктӕн паддзах Яков Фыццаджы ӕмӕ [Английы] парламенты уӕнгты амарын кӕй нӕ рауад, уый номыл» (A Dictionary of English Folklore).

    •  Хӕдбардзинады бон. Иуӕй-иу бӕстӕты «ацы бон адӕм фӕбӕрӕг кӕнынц сӕ бӕстӕйы хӕдбардзинад» (Merriam-​Webster’s Unabridged Dictionary).

  •   Мыййаг, бӕрӕгбоны рӕстӕг ӕнӕуаг, ӕнӕгъдау митӕ нӕ фӕкӕнынц?

     Библийы уагӕвӕрд: «Фаг уын у, раздӕр ацы дунейы адӕмы зондмӕ гӕсгӕ кӕй цардыстут, уый: хӕлд митӕ кодтат, уе ’нӕфсарм монцты фӕдыл цыдыстут, нозтӕй бӕрц нӕ зыдтат, ӕнӕуаг цӕл-минас кодтат, фыднозт кодтат ӕмӕ кодтат нӕфӕтчиаг хъуыддаг – мӕнгхуыцӕуттӕн куывтат» (1 Петры 4:3).

     Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайынц, ӕмӕ, адӕм фыднозт кӕм бакӕнынц ӕмӕ ӕнӕуаг цӕл-минас кӕм фӕкӕнынц, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц. Уыдон уарзынц сӕ рӕстӕг се ’мбӕлттимӕ ӕрвитын ӕмӕ хатт иу гыццыл нуазгӕ дӕр акӕнынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕныныл: «Хӕргӕ кӕнат, нуазгӕ кӕнат ӕви ӕндӕр исты аразат,– алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:31).

     Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ архайынц карнавалты ӕмӕ, Библи кӕй ныхмӕ у, ахӕм ӕнӕгъдау митӕ кӕм фӕкӕнынц, ӕндӕр ахӕм бӕрӕгбӕтты. Уыдонмӕ хауы дзуттаг бӕрӕгбон Пурим дӕр. Дзуттӕгтӕ йӕ бирӕ рӕстӕг бӕрӕг кодтой, нӕ эрӕйы размӕ 5 ӕнусы кӕй фервӕзтысты, уый номыл. Ныр та, иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Пурим «у дзуттаг Марди Гра кӕнӕ карнавал». Стӕй ма дзы фыст ис, зӕгъгӕ, бӕрӕгбонмӕ бирӕтӕ ӕрбацӕуынц «маскарады дарӕсы (арӕх нӕлгоймӕгтӕ скӕнынц сылгоймӕгты дзаумӕттӕ), ӕнӕгъдау митӕ фӕкӕнынц, фыднозт фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ хъӕр, сӕ хъӕлӕба нӕ фенцайы» (Essential Judaism).

 Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕрдӕр бӕрӕгбӕттӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ бинонты нӕ уарзынц?

 Нӕ. Библи зӕгъы, цӕмӕй нӕ бинонты уарзӕм ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм, цавӕрфӕнды диныл хӕст ма уой, уӕддӕр (1 Петры 3:1, 2, 7). Вӕййы афтӕ, ӕмӕ адӕймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы свӕййы, ӕмӕ цавӕрдӕр бӕрӕгбӕттӕ куы нал фӕбӕрӕг кӕны, уӕд ӕм йӕ хиуӕттӕй чидӕртӕ фӕхъыг вӕййынц, суанг ма сӕм афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ сивта. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ бацархайынц, цӕмӕй сӕ хиуӕттӕ ӕмбарой, бирӕ сӕ кӕй уарзынц, уӕзданӕй сын сӕ хъуыды бамбарын кӕнынц, ӕмӕ сӕм уазӕгуаты фӕцӕуынц бӕрӕгбонты рӕстӕг нӕ, фӕлӕ ӕндӕр рӕстӕг.

 Мыййаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕтӕн дзурынц, цӕмӕй кӕцыдӕр бӕрӕгбӕттӕ ма бӕрӕг кӕной?

 Нӕ. Уыдоны хъуыдымӕ гӕсгӕ, алы адӕймаг дӕр уынаффӕ хъуамӕ йӕхӕдӕг рахӕсса (Йесо Навин 24:15). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ «алкӕмӕн дӕр кад кӕнынц», адӕймаг цавӕрфӕнды диныл хӕст ма уа, уӕддӕр (1 Петры 2:17).

a Ацы статьяйы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй нӕ бӕрӕг кӕнынц, ӕппӕт уыцы бӕрӕгбӕтты тыххӕй фыст нӕй. Стӕй дзы дзырд нӕ цӕуы, уыцы фарста скъуыддзаг кӕнгӕйӕ кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, уыцы уагӕвӕрдтыл се ’ппӕтыл.

b Абон Фыццӕгӕм май у Фӕллойы бӕрӕгбон. Фӕлӕ ацы бӕрӕгбон фыццаг бӕрӕг кӕнын райдыдтой рагон Ромы. Ацы бӕрӕгбоны тыххӕй дӕ бон у фылдӕр бакӕсын 2005 азы 22 апрелы «Пробудитесь!»-ы, статья «Первое мая. Что этот день означает для вас?», 12–14 фӕрстӕ.

c K. E. Eduljee, «Mithra, Mithraism, Christmas Day & Yalda», 31–33 фӕрстӕ.