Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайынц?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайынц, уымӕн ӕмӕ сӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразынц. Хицауад нын цыфӕндыйӕ дӕр нӕ ныхасыл сразы уа, ууыл нӕ архайӕм, кӕцыдӕр партитыл кӕнӕ хицӕн адӕймӕгтыл нӕ хъӕлӕс кӕнӕм, хицауады исты бынат бацахсӕм, уымӕ нӕ тырнӕм ӕмӕ хицауад фӕивыныл дӕр нӕ архайӕм. Уыцы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый Библимӕ гӕсгӕ раст у.

  •   Мах фӕзмӕм Йесо Чырыстийы – хицауӕй сӕвӕрынмӕ йӕ куы хъавыдысты, уӕд не сразы (Иоанны 6:15). Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, «ацы дунейӕ» ма ут, зӕгъгӕ, стӕй сын бамбарын кодта, политикӕйӕ дард кӕй хъуамӕ лӕууой, ома политикӕимӕ баст фарстаты макӕй фарс уой (Иоанны 17:14, 16; 18:36; Марчы 12:13–17).

  •   Мах Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион стӕм. Уыцы Паддзахады тыххӕй Чырысти загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матфейы 24:14). Мах Хуыцауы Паддзахады минӕвӕрттӕ стӕм, ӕмӕ нӕ хӕс у, цӕмӕй адӕмӕн йе ’рцыды тыххӕй дзурӕм. Уымӕ гӕсгӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайӕм, цыфӕнды бӕстӕмӕ, суанг нӕхи бӕстӕмӕ дӕр, куы хауой, уӕддӕр (2 Коринфӕгтӕм 5:20; Ефесӕгтӕм 6:20).

  •   Политикӕимӕ нын иумӕйагӕй ницы ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар адӕмӕн сӕрибарӕй дзурын, политикӕимӕ баст фарстаты цыфӕнды хъуыдыйыл хӕст ма уой, уӕддӕр. Мах архайӕм, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, фидар ныфс нӕ кӕй ис, ӕгас дунейы дӕр адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн (Псалом 56:11).

  •   Политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый фӕрцы нын ӕнӕхъӕн зӕххыл цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонимӕ стӕм иу бинонтау ӕнгом (Колоссӕгтӕм 3:14; 1 Петры 2:17). Махӕй уӕлдай бирӕ динтӕ политикӕйы хъуыддӕгты архайынц, ӕмӕ уый тыххӕй уыцы динтыл хӕст адӕм кӕрӕдзи ныхмӕ свӕййынц (1 Коринфӕгтӕм 1:10).

 Хицӕутты нымайӕм. Кӕд политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайӕм, уӕддӕр нӕ хицӕутты нымайӕм. Афтӕ нӕ фӕдзӕхсы Библи дӕр: «Алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд» (Ромӕгтӕм 13:1). Мах закъӕттӕ нӕ халӕм, хъалон фидӕм ӕмӕ, хицауад адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй исты куы фӕаразы, уӕд сын феххуыс кӕнӕм. Адӕм хицауад фӕивыны тыххӕй куы сызмӕнтынц, уӕд мах сӕ фарс не слӕууӕм, фӕлӕ фӕкувӕм «паддзӕхты ӕмӕ, стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй», уӕлдайдӕр та, Хуыцауӕн нӕ бон сӕрибарӕй лӕггад кӕнын кӕй тыххӕй нал уыдзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ куы фӕхӕссынц, уӕд (1 Тимофеймӕ 2:1, 2).

 Мах ӕмбарӕм, политикӕимӕ баст фарстаты фӕдыл чи цавӕр уынаффӕ рахӕсдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр йӕхи бар кӕй у. Зӕгъӕм, ӕвзӕрстытӕ ныкъкъуылымпы кӕныныл ӕмӕ, чи фӕхъӕлӕс кӕны, уыдонӕн сӕ хъуыды фӕивыныл нӕ фӕархайӕм.

 Политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый ног исты у? Нӕ. Апостолтӕ ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ хицӕуттӕм раст ахӕм цӕстӕй кастысты. Иу чиныджы фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: «Кӕд фыццаг чырыстӕттӕ хицауадмӕ хъусын сӕ хӕсыл нымадтой, уӕддӕр сӕм политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайын раст нӕ касти» (Beyond Good Intentions). Ӕндӕр чиныджы та фыст ис, зӕгъгӕ, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй йӕ куыст политикӕимӕ баст никӕмӕн уыд (On the Road to Civilization).

 Политикӕимӕ нын иумӕйагӕй кӕй ницы ис, уый бӕстӕйы ӕдасдзинадӕн тӕссаг у? Нӕ. Мах стӕм сабыр, фарнуарзаг адӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бӕстӕйы ӕдасдзинадӕн тӕссаг ницӕмӕй стӕм. Политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый тыххӕй иу хыгъды фыст уыди: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст кӕй сты, уый, чи зоны, абон кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы; нацистты ӕмӕ коммунистты рӕстӕг дӕр сӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ӕфхӕрдтой» (Украинӕйы Наукӕты националон академийы хыгъд, 2001 аз). Фӕлӕ Советон Цӕдисы сӕ фӕдыл куы зылдысты ӕмӕ сӕ карзӕй куы ’фхӕрдтой, уӕд дӕр «бӕстӕйы закъӕттӕ нӕ хӕлдтой. Колхозты, заводты ӕмӕ фабрикӕты ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ куыстой, ӕмӕ Советон Цӕдисӕн тӕссаг ӕппындӕр ницӕмӕй уыдысты». Уыцы хыгъды кӕрон куыд фыст уыд, афтӕмӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ цы аразынц, уый «иу бӕстӕйы ӕдасдзинад ӕмӕ иудзинадӕн дӕр тӕссаг нӕу».