1 Петры 4:1—19

4  Уӕдӕ Чырысти, адӕймаг уӕвгӕйӕ+, хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр уӕхи сифтонг кӕнут йӕ зондахастӕй+, уымӕн ӕмӕ, хъизӕмӕрттӕ чи бавзары, уый тӕригъӕдтӕ нал фӕаразы+,  цӕмӕй, цалынмӕ цӕры+, уӕдмӕ цӕра адӕймаджы фӕндтӕ ӕххӕст кӕнынӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн+.  Фаг уын у, раздӕр+ ацы дунейы адӕмы+ зондмӕ гӕсгӕ кӕй цардыстут, уый: хӕлд митӕ*+ кодтат, уе ’нӕфсарм монцты фӕдыл цыдыстут, нозтӕй бӕрц нӕ зыдтат+, ӕнӕуаг цӕл-минас кодтат, фыднозт кодтат ӕмӕ кодтат нӕфӕтчиаг хъуыддаг – мӕнгхуыцӕуттӕн куывтат+.  Ӕмӕ семӕ ӕнӕгъдау миты цъымарайы уӕхи кӕй нал тъыссут+, уый тыххӕй уыл дис кӕнынц ӕмӕ уӕ алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дзурынц+.  Фӕлӕ уыдон дзуапп ратдзысты+, удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уымӕн+.  Мӕрдтӕн*+ дӕр хорз хабар уымӕн хъусын кодтой, цӕмӕй, кӕд сын адӕм ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнынц+, уӕддӕр Хуыцауы цӕсты цӕрой сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ+.  Фӕлӕ тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон+. Уымӕ гӕсгӕ ут ӕмбаргӕ+ ӕмӕ уӕ ма рох кӕнӕд кувын*+.  Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза+, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны*+.  Уӕ кӕрӕдзийы-иу ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй суазӕг кӕнут+. 10  Хуыцау уын уӕ бар бакодта, алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы, уыцы стыр хорзӕх, ӕмӕ сымахӕй курдиӕттӕй* чи куыд схайджын, афтӕ сӕ пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн+. 11  Чи дзуры, уый дзурӕд Хуыцауы ныхӕстӕ+. Чи лӕггад кӕны+, уый йӕ ныфс дарӕд, Хуыцау цы хъаруйӕ хайджын кӕны+, ууыл, цӕмӕй Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау алы хъуыддаджы дӕр скадджын уа+. Уый у стыр тыхы хицау, ӕмӕ йын кад+ уӕд ӕнусӕй-ӕнусмӕ! Аммен. 12  Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, фӕлварӕнты+ арты кӕй бахаудыстут, ууыл дис ма кӕнут, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хабар ӕрцыд, уыйау. 13  Фӕлӕ цин кӕнут+, сымах дӕр Чырыстийау кӕй хъизӕмар кӕнут+, ууыл, цӕмӕй, Чырыстийы кад куы раргом уа+, уӕд дӕр цин кӕнат ӕмӕ уӕ цинӕн кӕрон ма уа. 14  Кӕд уын Чырыстийы номы тыххӕй фидистӕ кӕнынц+, уӕд амондджын стут+, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сымах хайджын стут Хуыцауы кадджын сыгъдӕг тыхӕй+. 15  Ӕрмӕст уӕ ӕфхӕрд мачи баййафӕд+ марын ӕмӕ давыны тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр фыдракӕнды тыххӕй, йе та, йӕхи иннӕты хъуыддӕгты кӕй тъыссы+, уый тыххӕй. 16  Фӕлӕ уӕ кӕд исчи, чырыстон кӕй у, уый тыххӕй ӕййафы ӕфхӕрд+, уӕд ӕм уый худинаг ма кӕсӕд+, фӕлӕ уыцы номмӕ гӕсгӕ цӕрӕд ӕмӕ уымӕй Хуыцауы кадджын кӕнӕд. 17  Ралӕууыд тӕрхоны сахат, ӕмӕ райдайдзӕн Хуыцауы хӕдзарӕй+. Уӕдӕ кӕд уыцы тӕрхон махӕй райдайдзӕн+, уӕд, Хуыцауы хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕн та сӕ кӕрон цы уыдзӕн?+ 18  «Ӕмӕ кӕд рӕстгӕнӕджы ӕппӕт тыхтӕй архайын хъӕуы+, цӕмӕй йӕ Хуыцау фервӕзын кӕна, уӕд ӕнӕхуыцау адӕймагӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынӕн та сӕ хабар куыд уыдзӕн?»+ 19  Уӕдӕ, Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдон-иу сӕ удтӕ иузӕрдион Сфӕлдисӕджы бар бакӕнӕнт ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хъуыддӕгтӕ аразӕнт+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Га 5:19, фип.
Ӕвӕц., амоны, йӕ тӕригъӕдты тыххӕй мардӕй уӕлдай чи нӕ уыд, уыдонмӕ. Кӕс Еф 2:1.
Кӕнӕ «кувынмӕ ут къӕрцхъус».
Комк. «ӕмбӕрзы».
Комк. «лӕварӕй».