Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хеллоуин куыд равзӕрд?

Хеллоуин куыд равзӕрд?

Дзуапп Библийӕ

 Алы аз дӕр 31 октябры бирӕтӕ фӕбӕрӕг кӕнынц Хеллоуин. Фӕлӕ Библийы йӕ кой нӕй. Стӕй, куыд равзӕрд ӕмӕ йӕ куыд бӕрӕг кӕнынц, уый дӕр Библийы ахуырӕдты ныхмӕ у.

Ацы статьяйы

 Хеллоуин куыд равзӕрд ӕмӕ йӕ куыд фӕбӕрӕг кӕнынц?

  •   Самайн. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хеллоуин равзӕрд, «2 000 азы размӕ, бирӕ хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм – кельттӕ, кӕй бӕрӕг кодтой, уыцы бӕрӕгбонӕй. [...] Кельтты уырныдта, уыцы рӕстӕг-иу мӕрдтӕ удӕгӕсты ’хсӕн кӕй рацу-бацу кодтой. Самайны рӕстӕг-иу удӕгӕстӕн сӕ бон уыд мӕрдтимӕ ныхас кӕнын» (The World Book Encyclopedia). (Кӕс рамкӕ  «Хеллоуин цӕмӕн хуыйны?».)

  •   Бӕрӕгбоны дзаумӕттӕ ӕмӕ адджинӕгтӕ курыны ӕгъдау. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй-иу кельттӕй иуӕй-иутӕ ахӕм дзаумӕттӕ скодтой, ӕмӕ-иу сӕ фӕтӕрсӕн уыд. Афтӕ уый тыххӕй кодтой, цӕмӕй-иу сӕ ӕнӕуынгӕ тыхтӕ сӕхиуӕттыл банымадтаиккой ӕмӕ сын мацы знаггад ракодтаиккой. Иннӕтӕ та-иу сын нывондӕн адджинӕгтӕ хастой, цӕмӕй-иу сын сӕ зӕрдӕ балхӕдтаиккой a.

     Европӕйы астӕуккаг ӕнусты католикон аргъуан райдыдта, бирӕ хуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы адӕмы ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ-иу сауджынтӕ адӕмӕн дзырдтой, цӕмӕй хӕдзӕрттыл зылдаиккой ӕмӕ-иу исты гыццыл лӕвӕрттӕ куырдтаиккой.

  •   Ӕндӕргтӕ, вампиртӕ, ус-бирӕгътӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ ӕмӕ зомбитӕ. Адон рагӕй фӕстӕмӕ дӕр нымад уыдысты сау тыхтыл. Иу чиныг сӕ хоны «ӕнӕуынгӕ фыдгӕнӕг тыхтӕ». Ӕмӕ дзы куыд фыст ис, афтӕмӕй, «уыдон кӕм вӕййынц, уым вӕййы мӕлӕт, мӕрдтӕ ӕмӕ адӕймаг амӕлынӕй фӕтӕрсы» (Halloween Trivia).

  •   Настӕ. Великобританийы астӕуккаг ӕнусты адӕм «хӕдзӕрттыл зылдысты ӕмӕ хӕринӕгтӕ куырдтой, цӕмӕй-иу сын сӕ мӕрдты тыххӕй скуывтаиккой». Семӕ-иу хастой, «сӕ хуылфытӕ-иу кӕмӕн ныссыгъдӕг кодтой ӕмӕ-иу сӕ мидӕг цырӕгътӕ кӕмӕн сӕвӕрдтой, ахӕм булчъытӕ. Цырӕгътӕ амыдтой, удсыгъдӕггӕнӕны цы мӕрдты удтӕ уыд, уыдонмӕ» (Halloween—From Pagan Ritual to Party Night). Иуӕй-иу историкты хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕм цырӕгътӕ сыгътой, цӕмӕй-иу сӕм сау тыхтӕ хӕстӕг ма цыдаиккой. 19-ӕм ӕнусы райдианы Цӕгат Америкӕйы булчъытӕ баивтой настӕй, уымӕн ӕмӕ дзы нас арӕхдӕр уыд, стӕй йӕ хуылф сыгъдӕг кӕнын ӕмӕ дзы цӕстытӕ, фындз ӕмӕ дзых слыг кӕнын ӕнцондӕр уыд.

 Мӕнг динтӕй кӕй равзӕрд, уый исты уӕлдай у?

 О. Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хеллоуин ӕнӕуи хъӕлдзӕг бӕрӕгбон у ӕмӕ дзы ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ бӕрӕгбоны рӕстӕг цытӕ фӕаразынц, уый Библийы ахуырӕдты ныхмӕ у. Хеллоуины ӕгъдӕуттӕ баст сты, адӕм мӕрдты ӕмӕ ӕнӕуынгӕ тыхты, ома хӕйрӕджыты тыххӕй цы мӕнг хъуыдытыл хӕст сты, уыдонимӕ.

 Дӕлдӕр цы стихтӕ ис, уыдонӕй базондзынӕ, Хуыцау Хеллоуинимӕ баст ӕгъдӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый.

  •   «Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг... мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны... кӕнӕ мӕрдты чи фӕрсы» (Дыккаг закъон 18:10–12).

     Йӕ хъуыды. Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, адӕймаг, чи амард, уыдонимӕ куы фӕныхас кӕны кӕнӕ йӕхи афтӕ куы фӕдары, цыма семӕ ныхас кӕны, суанг уый дӕр.

  •   «Мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5).

     Йӕ хъуыды. Мӕрдтӕ кӕй ницы зонынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон удӕгӕстимӕ ныхас кӕнын нӕу.

  •   «Мӕн... нӕ фӕнды, цӕмӕй уын хӕйрӕджытимӕ иумӕйагӕй исты уа. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы нуазӕнӕй дӕр нуазат ӕмӕ хӕйрӕджыты нуазӕнӕй дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 10:20, 21).

     Йӕ хъуыды. Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн хъуамӕ иумӕйагӕй мацы уа, хӕйрӕджытимӕ баст цы у, уыдӕттимӕ.

  •   «Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕуут, уымӕн ӕмӕ нӕ тох [у]... фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:11, 12).

     Йӕ хъуыды. Чырыстӕттӕн хъуамӕ фыдгӕнӕг тыхтимӕ иумӕйагӕй мацы уа ӕмӕ сӕхи хъуамӕ афтӕ ма дарой, цымӕ семӕ бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕнынц.

a Кӕс чиныг «Halloween: An American Holiday, an American History», 4 фарс.