2 Коринфӕгтӕм 6:1—18

6  Мах кусӕм Хуыцауимӕ+, ӕмӕ уын ноджыдӕр лӕгъстӕ кӕнӕм: цы стыр хорзӕхӕй уын бахай кодта, уымӕй цӕй тыххӕй стут хайджын, уый уӕ ма ферох уӕд+.  Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Мӕ хорзӕхы рӕстӕг дӕ фехъуыстон ӕмӕ дын ирвӕзындзинады бон баххуыс кодтон»+. Ӕмӕ уӕлдайдӕр ныр у йӕ хорзӕхы рӕстӕг+. Ныр у ирвӕзындзинады бон+.  Мах къуылымпыйы хос никӕмӕн ницӕмӕй стӕм+, цӕмӕй нӕ лӕггадмӕ фау ӕрхӕссӕн ма уа+.  Фӕлӕ алы ӕгъдауӕй дӕр ӕвдисӕм+, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый: фидар лӕууӕм бирӕ зындзинӕдты, бӕллӕхты, хъуаг ӕййафгӕйӕ, тыхст уавӕрты+;  фӕнӕмынц нӕ, ахӕстоны нӕ бакӕнынц+, змӕстыты бахауӕм, ӕрвитӕм ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ, ницы нын вӕййы бахӕринаг+.  Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый ӕвдисӕм нӕ сыгъдӕгдзинадӕй, зонындзинӕдтӕй, бирӕфӕразондзинадӕй+, хӕларзӕрдӕдзинадӕй+, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй стӕм, уымӕй, нӕ ӕнӕхин уарзтӕй+;  ӕцӕг цы у, уый дзурӕм, архайӕм Хуыцауы тыхӕй+, нӕ рахиз къухы дӕр ӕмӕ нӕ галиу къухы дӕр ис рӕстдзинады хӕцӕнгӕрзтӕ+;  кадджынӕй дӕр ӕмӕ ӕгадӕй дӕр; нӕ фыдкой куы фӕкӕнынц, уӕд дӕр ӕмӕ, нӕ хорзы кой куы фӕкӕнынц, уӕд дӕр; нымайынц нӕ фӕлитойтыл+, фӕлӕ мах никӕй сайӕм;  стӕм ӕнӕзонгӕ, фӕлӕ нӕ зонынц+; мӕлӕты къахыл лӕуд вӕййӕм, фӕлӕ стӕм удӕгас+; ӕфхӕрд баййафӕм+, фӕлӕ мӕлӕты къухмӕ лӕвӕрд не стӕм+; 10  нӕ зӕрдӕ цӕуылдӕр фӕриссы, фӕлӕ уӕддӕр ӕдзухдӕр цин кӕнӕм; мӕгуыр стӕм, фӕлӕ бирӕты схъӕздыг кодтам; ницы нӕм ис, фӕлӕ махӕй хъӕздыгдӕр нӕй+. 11  Коринфӕгтӕ, мах уемӕ дзургӕ дӕр ӕргомӕй кӕнӕм, ӕмӕ уын нӕ зӕрдӕтӕ+ дӕр уӕрӕх байгом кодтам. 12  Нӕ зӕрдӕты уын ис бирӕ бынат+, фӕлӕ уӕ зӕрдӕты фаг бынат нӕй фӕлмӕн уарзтӕн+. 13  Уӕдӕ уын хи хъӕбултау+ зӕгъын: сымах дӕр нын ӕй уымӕй бафидут, ӕмӕ нын уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнут. 14  Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут+, уый уӕззау* ӕфсондз у. Цы иу кӕны рӕстдзинад фыддзинадимӕ?+ Науӕд рухсӕн талынгимӕ иумӕйагӕй цы ис?+ 15  Уӕвгӕ, Чырыстийӕн Сайтанимӕ* иумӕйагӕй цы хъуамӕ уа?+ Кӕнӕ уырнӕг адӕймагӕн – ӕнӕуырнӕгимӕ?+ 16  Ӕмӕ Хуыцауы кувӕндонӕн дӕр мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы хъуамӕ уа?+ Мах та стӕм удӕгас Хуыцауы кувӕндон+, Хуыцау йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Ӕз цӕрдзынӕн се ’хсӕн+ ӕмӕ уыдзынӕн се ’хсӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты мӕ адӕм»+. 17  «„Уӕдӕ се ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ сӕ уӕхи фӕхицӕн кӕнут,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ, чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕуал ӕвналут“»+, «„ӕмӕ уӕ ӕз ме уазӕг бакӕндзынӕн“»+. 18  «„Ӕмӕ ӕз уыдзынӕн уӕ фыд+, сымах та уыдзыстут мӕ фырттӕ ӕмӕ мӕ чызджытӕ“+,– зӕгъы Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕндӕрхуызон».
Кӕнӕ «Велиаримӕ» – нысан кӕны «ницӕйаг».