Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Ныр мӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын

Ныр мӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын
  • РАЙГУЫРД: 1981 АЗ

  • БӔСТӔ: ГВАТЕМАЛӔ

  • РАЗДӔР: ГЫЦЦЫЛӔЙ ЙЫЛ БИРӔ БӔЛЛӔХТӔ ӔРЦЫД

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз райгуырдтӕн гыццыл горӕт Акулы, Гватемалӕйы ныгуылӕн хайы хӕхбӕсты. Нӕ бинонтӕ сты ишилы адӕмыхаттӕй, майӕйы байзӕддӕгтӕ. Испайнаг ӕвзагӕй уӕлдай ма мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ дзырдтон мӕ мадӕлон ӕвзагыл дӕр. Куы райгуырдтӕн, уӕд дӕр ма Гватемалӕйы цыди, 36 азы чи ахаста, уыцы ӕвирхъау мидхӕст. Уыцы рӕстӕг нӕ адӕмӕй бирӕтӕ фӕцагъды сты.

Цыппар азы мыл куы цыд, уӕд мӕ 7-аздзыд ӕфсымӕр гранатӕй хъазыди, ӕмӕ йын ӕнӕнхъӕлӕджы срӕмыгъта. Ӕз бакуырм дӕн, ме ’фсымӕр та мӕлгӕ акодта. Уымӕ гӕсгӕ мӕ сабибонтӕ арвыстон, горӕт Гватемалӕйы куырм сывӕллӕттӕн цы интернат ис, уым. Интернаты мын бацамыдтой Брайлы шрифт. Ахуыргӕнджытӕ мӕ иннӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнын нӕ уагътой, фӕлӕ цӕмӕн, уый нӕ зонын. Ӕмӕ мӕм сывӕллӕттӕ дӕр хӕстӕг нӕ цыдысты. Ӕдзух уыдтӕн иунӕгӕй ӕмӕ-иу тынг ӕнхъӕлмӕ кастӕн, афӕдзы мидӕг-иу мӕ мадимӕ цы дыууӕ мӕйы фӕдӕн, уыдонмӕ. Мӕ мад уыди зӕрдӕхӕлар ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг адӕймаг. Дӕс азы мыл куы цыди, уӕд, хъыгагӕн, мӕ мад амарди. Мӕ зӕрдӕ бынтондӕр асаст, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕххыл уый йеддӕмӕ ничи уарзта, ӕмӕ ныр уый дӕр нал уыд.

11 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ райгуырӕн горӕтмӕ ӕрыздӕхтӕн ӕмӕ цӕрын райдыдтон ме ’фсымӕримӕ ӕмӕ йӕ бинонтимӕ, йемӕ фыдӕй иу уыдыстӕм, мадӕй та хицӕн. Хӕрд ӕмӕ дзаума цух нӕ уыдтӕн, фӕлӕ уыдтӕн рӕвдыдцух. Хатт-иу Хуыцаумӕ кӕугӕйӕ куывтон: «Мӕ мад цӕмӕн амард? Цӕмӕн бакуырм дӕн?» Адӕм мын дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, Хуыцауы афтӕ фӕндыд. Ӕмӕ ӕз дӕр хъуыды кӕнын райдыдтон, Хуыцау дурзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ йӕм рӕстдзинад кӕй нӕй. Мӕхи ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй нӕ амардтон, ӕмӕ мын ахӕм гӕнӕнтӕ нӕ уыд.

Куырм кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ мыл алкӕй бон дӕр цыди ӕмӕ мӕ чифӕнды дӕр фӕхъыг кодтаид. Гыццылӕй мын цалдӕр хатты тыхми бакодтой. Фӕлӕ уыцы фыдмиты тыххӕй никуы никӕмӕн радзырдтон, уымӕн ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мын уӕддӕр ничи баххуыс кодтаид. Адӕм мемӕ стӕм хатт ныхас кодтой ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр никӕимӕ ныхас кодтон. Адӕмимӕ нӕ хӕццӕ кодтон, мӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕй калд ӕмӕ никӕуыл ӕууӕндыдтӕн.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

13 азы мыл куы цыд, уӕд мӕм скъолайы переменӕйы рӕстӕг дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны (лӕг ӕмӕ ус) бацыдысты. Скъолайы ахуыргӕнджытӕй мын иу тынг тӕригъӕд кодта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй мӕ абӕрӕг кодтаиккой. Уыдон мын радзырдтой, Библи ныфс кӕй ӕвӕры, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ куырмытӕ цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты, уымӕй (Исай 35:5; Иоанны 5:28, 29). Цы мын радзырдтой, уыдӕттӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты. Кӕд мадзура уыдтӕн, уӕддӕр мӕм ӕдзух цыдысты, цӕмӕй мемӕ Библи ахуыр кодтаиккой. Алы хатт дӕр-иу мыл бацин кодтой ӕмӕ-иу мемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодтой. Фӕлӕ мӕнӕн семӕ ныхас кӕнын зын уыди, уымӕн ӕмӕ дзурын ахуыр нал уыдтӕн. Уыцы лӕг ӕмӕ ус кӕм цардысты, уырдыгӕй нӕ горӕтмӕ уыди 10 километрӕй фылдӕр, хъуыди-иу сӕ хӕхты сӕрты дӕр ахизын.

Ме ’фсымӕр мын загъта, сӕ уӕлӕдарӕс аив кӕй уыд, фӕлӕ хъӕздыг кӕй нӕ уыдысты. Фӕлӕ-иу мын уӕддӕр цыдӕр гыццыл лӕвӕрттӕ ӕрбахастой. Ӕз ӕмбӕрстон, ӕцӕг чырыстӕттӕ куы нӕ уыдаиккой, уӕд афтӕ нӕ кодтаиккой.

Библи ахуыр кодтон Брайлы шрифтыл фыст публикациты фӕрцы. Цы ахуыр кодтон, уый кӕд зондӕй ӕмбӕрстон, уӕддӕр дзы цыдӕртӕ мӕ зӕрдӕмӕ нӕ хъардта. Зӕгъӕм, нӕ мӕ уырныдта, Хуыцау мыл кӕй тыхсы, ӕмӕ мыл иннӕты бон дӕр кӕй у уыйау тыхсын. Хуыцау фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, уый бамбӕрстон, фӕлӕ йӕ уарзӕгой Фыдыл нымайын уайтагъд нӕ райдыдтон.

Библийӕ цы базыдтон, уыдӕтты фӕрцы сабыргай мӕ зондахаст аивтон. Зӕгъӕм, базыдтон, хъизӕмар чи кӕны, уыдонӕн Хуыцау тынг кӕй тӕригъӕд кӕны. Йӕ лӕггадгӕнджытӕй ӕфхӕрд чи ӕййӕфта, уыдоны тыххӕй Хуыцау загъта: «Ӕз федтон, мӕ адӕм... куыд хъизӕмар кӕнынц, уый... Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц» (Рацыд 3:7). Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у, уый куы бамбӕрстон, уӕд мӕ бафӕндыд, цӕмӕй йын мӕ цард снывонд кодтаин. 1998 азы донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн.

Цы ӕфсымӕрмӕ цӕрын, уыимӕ

Аргъуыд куы райстон, уымӕй иу азы фӕстӕ ахуыр кодтон горӕт Эскуинтлӕмӕ ’ввахс куырмытӕн цы курсытӕ уыди, уым. Бынӕттон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иу базыдта, мӕ горӕтӕй мын ӕмбырдтӕм цӕуын тынг зын кӕй у. Хӕстӕгдӕр ӕмбырдмӕ мӕ цӕуын хъуыди, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕм Библи ахуыр кӕнынмӕ цы хӕхты сӕрты цыдысты, уыцы хӕхты сӕрты. Ӕмӕ уый та ӕнцон нӕ уыд. Гъемӕ мын Эскуинтлӕйы ссардта, кӕмӕ цардаин ӕмӕ мын ӕмбырдтӕм цӕуынӕн чи ӕххуыс кодтаид, ахӕм бинонтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй. Уыдон мыл абоны онг дӕр тыхсынц, раст цыма сӕхи бинонтӕй дӕн, уыйау.

Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ мӕм ӕфсымӕртӕ сӕ уарзондзинад ноджыдӕр цы хъуыддӕгтӕй равдыстой, уыдон мӕ бон банымайын дӕр нӕу. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы мӕ фидарӕй уырны, ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн кӕй дӕн (Иоанны 13:34, 35).

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Мӕхимӕ ӕгуыдзӕг нал кӕсын ӕмӕ мын фидӕнӕй ныфс фӕзынд. Ныр зонын, цӕмӕн цӕрын, уый. Мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн ӕххуыс кӕнын Библийы рӕстдзинад базонынӕн. Ӕмӕ мӕ мӕ уавӕрыл хъуыды кӕнынмӕ ӕвдӕлгӕ дӕр нӕ кӕны. Стӕй ма мӕм ӕрхауд стыр кад – ӕмбырды хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ мын бынӕттон ӕмбырдты раныхӕстӕ вӕййы. Библийыл арӕзт раныхӕстимӕ-иу рацыдтӕн регионалон конгрессты дӕр мингай адӕмы размӕ.

Раныхас дзурын, мӕ разы ис Библи Брайлы шрифтыл

2010 азы Сальвадоры каст фӕдӕн Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола (ныр хуыйны Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола). Ацы скъола мын баххуыс кодта, цӕмӕй мыл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдон хуыздӕр ӕххӕст кӕнон. Скъолайы фӕрцы хуыздӕр бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы ӕмӕ мын тынг кӕй аргъ кӕны. Бамбӕрстон ма, Хуыцау йӕ хъуыддаг аразынмӕ кӕйфӕнды дӕр кӕй бацӕттӕ кӕндзӕн.

Йесо афтӕ загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Ныр мӕ бон у фидарӕй зӕгъын, амондджын адӕймаг кӕй дӕн. Ӕмӕ мӕ кӕд уый раздӕр уырнгӕ дӕр нӕ бакодтаид, уӕддӕр ныр мӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын.