Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | КУВЫН ИСТЫ ПАЙДА У?

Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм?

Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм?

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм.

Ӕмбӕлттӕ цас арӕхдӕр фӕныхас кӕнынц, уыйас ӕнгомдӕр вӕййынц. Афтӕ Хуыцауы дӕр фӕнды, цӕмӕй йемӕ ныхас кӕнӕм ӕмӕ йӕ хорз хӕлӕрттӕ суӕм. Уый нын зӕгъы: «Дзурдзыстут мӕм, ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ мӕм кувдзыстут, ӕмӕ уӕ ӕз фехъусдзынӕн» (Йереми 29:12). Хуыцауимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд ӕм «баввахс уыдзынӕ... ӕмӕ дӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8). Библийы фыст ис: «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ» (Псалом 145:18). Уӕдӕ йӕм цас арӕхдӕр кувӕм, уыйас хуыздӕр хӕлӕрттӕ уыдзыстӕм.

«Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ» (Псалом 145:18)

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна.

Йесо загъта: «Искӕмӕй уӕ йӕ сывӕллон дзул куы ракура, уӕд ын дур ратдзӕн? Кӕнӕ дзы кӕсаг куы ракура, уӕд ын калм ратдзӕн? Ӕмӕ кӕд сымах... уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ракӕндзӕн хорздзинӕдтӕ, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Матфейы 7:9–11). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм кувай, уымӕн ӕмӕ «уый тыхсы дӕуыл» ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна (1 Петры 5:7). Фӕнды ма йӕ, цӕмӕй йын дӕ зындзинӕдты тыххӕй дӕр дзурай. Библийы фыст ис: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый» (Филиппӕгтӕм 4:6).

Адӕмӕн сӕ бон ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын нӕу.

Психологтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сӕдӕгай милуан адӕмы фӕфӕнды Хуыцаумӕ кувын. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты суанг атеисттӕ ӕмӕ агностиктӕ дӕр *. Уыдӕттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ бон ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын нӕу. Йесо загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3). Уый тыххӕй та ӕдзухдӕр хъӕуы Хуыцауимӕ ныхас кӕнын.

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм. Уый нын цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

^ 8 абз. 2012 азы иу иртасӕн центр куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй Америкӕйы Иугонд Штатты атеисттӕн/агностиктӕн сӕ 11 проценты Хуыцаумӕ скувынц, ӕппынкъаддӕр, мӕй иу хатт.