Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Мӕлын мӕ нӕ фӕндыд!

Мӕлын мӕ нӕ фӕндыд!
  • РАЙГУЫРД: 1964 АЗ

  • БӔСТӔ: АНГЛИ

  • РАЗДӔР: УЫД ХИВӔНД, РӔЗГӔ КАРЫ ЙЫН СЫВӔЛЛОН РАЙГУЫРД

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 

Ӕз райгуырдтӕн Паддингтоны, тынг бирӕ адӕм кӕм цӕры, ахӕм районы Лондоны. Цардтӕн мӕ мад ӕмӕ ме ’ртӕ хистӕр хоимӕ. Мӕ фыд нуазгӕ кодта, ӕмӕ-иу немӕ куы царди, куы та – нӕ.

Мӕ мад мӕ гыццылӕй сахуыр кодта алы ӕхсӕв дӕр Хуыцаумӕ кувын. Уыдис мӕм иу гыццыл Библи ӕмӕ дзы уыди ӕрмӕстдӕр псаломтӕ. Ӕз-иу музыкӕ ӕрымысыдтӕн ӕмӕ-иу сӕ зарыдтӕн. Иухатт цыдӕр чиныджы бакастӕн, «иу бон уыдзӕн фӕстаг бон», зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕ мӕ зонды ныффидар сты, ӕмӕ-иу ӕхсӕв-бонмӕ фидӕныл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕгъуыссӕг фӕдӕн. Хъуыды-иу кодтон: «Адӕймаг дзӕгъӕлы нӕ райгуыры. Ӕз цӕмӕн райгуырдтӕн?» Мӕлын мӕ нӕ фӕндыд!

Мӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдтой ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ баст хъуыддӕгтӕ. Мӕрдтимӕ ныхас кӕнын-иу фӕлвӕрдтон. Скъолайы мын цы ӕмбӕлттӕ уыд, уыдонимӕ-иу уӕлмӕрдтӕм ацыдыстӕм. Стӕй-иу ахӕм кинотӕм кастыстӕм, ӕмӕ-иу нӕ хъуын арц слӕууыд. Уыдӕттӕй, иуӕй, тӕрсгӕ кодтам, иннӕмӕй та нӕ зӕрдӕмӕ цыдысты.

Мӕхи куыд фӕндыд, афтӕ цӕрын райдыдтон, дӕс азы йеддӕмӕ мыл куы нӕма цыди, уӕд. Тамако дымын райдыдтон, ӕмӕ йыл уайтагъд фӕцахуыр дӕн. Фӕстӕдӕр та ӕнӕ марихуанӕйӕ нал фӕрӕзтон. Иуӕндӕс азы бӕрц мыл куы цыд, уӕд нуазын дӕр райдыдтон. Нозтӕн йӕ ад мӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, фӕлӕ-иу мӕ сӕры кӕй бацыд, уый цыди мӕ зӕрдӕмӕ. Уарзтон ма музыкӕмӕ хъусын ӕмӕ кафын. Фадат-иу мын куы уыд, уӕд-иу ацыдтӕн исты бадтмӕ кӕнӕ ӕхсӕвыгон клубмӕ. Ӕхсӕвы-иу хӕдзарӕй ахъуызыдтӕн ӕмӕ-иу боныцъӕхты фӕстӕмӕ сусӕгӕй ӕрбацыдтӕн. Райсомӕй-иу ахӕм фӕллад уыдтӕн, ӕмӕ-иу скъоламӕ нӕ ацыдтӕн. Куы-иу ацыдтӕн, уӕд та-иу арӕх переменӕты нуазгӕ бакодтон.

Скъола фӕдӕн тынг ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕнтимӕ. Цы цард кодтон, уый тыххӕй мӕ мад ӕрмӕстдӕр уӕд базыдта ӕмӕ тынг смӕсты. Йемӕ фӕхыл стӕм, ӕмӕ хӕдзарӕй ацыдтӕн. Иуцасдӕр рӕстӕг ацардтӕн, кӕй уарзтон, уыцы лӕппу Тониимӕ. Тони давта, стӕй наркотиктӕ уӕй кодта. Иууылдӕр ӕй зыдтой тынг ӕгъатыр адӕймагӕй. Бирӕ нӕ ацардыстӕм, афтӕ басывӕрджын дӕн. 16 азы мыл куы цыд, уӕд мын лӕппу райгуырд.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 

Фыццаг хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фембӕлдтӕн, йӕ сывӕллӕтты ӕнӕ лӕгӕй чи хъомыл кодта, уыцы мадӕлтӕн цы ӕмдзӕрӕн уыди, уым куы цардтӕн, уӕд. Хицауад мын дзы иу къомнӕт радта. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дыууӕ сылгоймаджы ӕрыгон мадӕлтӕй кӕмӕдӕрты цыдысты, ӕмӕ иу бон ӕз дӕр семӕ аныхас кодтон. Хъуамӕ сын бамбарын кодтаин, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы дзурынц, уый раст кӕй нӕу. Дуне фарстатӕ сӕм фӕлӕвӕрдтон. Фӕлӕ мын мӕ алы фарстайӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдтой Библийӕ. Сӕ дзуаппытӕ уыдысты бӕлвырд, сӕ ныхасыхъӕд та – фӕлмӕн. Куыд хӕларзӕрдӕ ӕмӕ куыд уӕздан уыдысты, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Гъемӕ сразы дӕн, цӕмӕй мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккой.

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Библийӕ иу хабар базыдтон, ӕмӕ мын уый мӕ цард фӕивта. Кӕд нырма ӕрыгон уыдтӕн, уӕддӕр мӕлӕтӕй тынг тарстӕн. Фӕлӕ уӕд базыдтон, Чырысти кӕй загъта, зӕгъгӕ, мӕрдтӕ райгас уыдзысты (Иоанны 5:28, 29). Уымӕй уӕлдай ма базыдтон, Хуыцау мыл кӕй тыхсы (1 Петры 5:7). Мӕ зӕрдӕ мын уӕлдай тынгдӕр бацагайдтой Йеремийы 29:11 стихы фыст ныхӕстӕ: «Ӕз ӕй хорз зонын, сымах тыххӕй мӕ зӕрды цы ис, уый,– зӕгъы Йегъовӕ.– Мӕнӕн мӕ зӕрды ис сымах бӕллӕхы хай бакӕнын нӕ, фӕлӕ фарнӕй схайджын кӕнын, цӕмӕй уын уа фидӕн ӕмӕ ныфс». Уырнын мӕ райдыдта, мӕнӕн дӕр мӕ бон кӕй у ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрын (Псалом 37:29).

Уыдтон ӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕ ӕнӕхин уарзтӕй кӕй уарзынц. Фыццаг хатт се ’мбырдмӕ куы бацыдтӕн, уӕд бафиппайдтон, иууылдӕр кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд кӕй сты ӕмӕ сын алкӕй ӕрбацыд др ӕхсызгон кӕй у (Иоанны 13:34, 35). Аргъуаны цы федтон, уый абарӕн дӕр нӕ уыд, уым цы федтон, уыимӕ. Кӕд мын мӕ цардыуаг фӕзминаг ничи схуыдтаид, уӕддӕр мӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз цӕстӕй кастысты. Сӕ рӕстӕг мын не ’вгъау кодтой, тыхстысты мыл, сӕ хъус мӕм дардтой ӕмӕ мын бирӕ цӕмӕйдӕрты баххуыс кодтой. Афтӕ мӕм каст, цыма стӕм, кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд чи сты, ахӕм бинонтӕ.

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ бамбӕрстон: цӕмӕй Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрон, уый тыххӕй хъуамӕ мӕ царды цыдӕртӕ аивон. Тынг зын мын уыди мӕ тамако ныууадзын. Уыцы рӕстӕг бамбӕрстон, кӕцыдӕр музыкӕмӕ куы фӕхъусын, уӕд мӕм марихуанӕ дымын тынгдӕр кӕй фӕцӕуы, ӕмӕ уӕд ӕндӕр музыкӕмӕ хъусын райдыдтон. Бӕдтыты ӕмӕ мын ӕхсӕвыгон клубты нозтмӕ фӕлӕууын зын уыди, ӕмӕ уый тыххӕй ахӕм рӕттӕм нал цыдтӕн. Стӕй мӕхицӕн ссардтон, хорзырдӕм мыл чи фӕзынд, ахӕм ног ӕмбӕлттӕ (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).

Уыцы рӕстӕг Тони дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кодта. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йын йӕ фарстатӕн дзуапп Библийӕ куы радтой, уӕд уый дӕр бамбӕрста, рӕстдзинад кӕй ссардта. Тони бирӕ цыдӕртӕ аивта йӕ царды: йе ’взӕр ӕмбӕлтты ныууагъта, давгӕ нал кодта ӕмӕ марихуанӕ нал дымдта. Цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ алцӕмӕй дӕр рухс кодтаиккам, уый тыххӕй нӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ ӕнӕгъдау цард мауал кодтаиккам ӕмӕ нӕ лӕппуйы, куыд ӕмбӕлы, ахӕм уавӕрты хъомыл кодтаиккам. 1982 азы Тониимӕ нӕ къухтӕ ӕрфыстам.

«Фидӕныл ӕмӕ мӕлӕтыл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ нал ӕрвитын»

Хъуыды кӕнын, куыд-иу рафӕлдах-бафӕлдах кодтон журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» *. Агуырдтон-иу дзы, мӕ удыхъӕды мӕ аивын цы фӕндыд, ахӕм ивындзинӕдтӕ скӕнын кӕмӕн бантыст, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты царды хабӕрттӕ. Куы-иу сӕ кастӕн, уӕд та-иу мӕ ныфс бацыд. Дарддӕр тох кӕнынӕн-иу мӕм хъарутӕ фӕзынд. Ӕдзух-иу Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй мӕ ма ныууагътаид. Тониимӕ донаргъуыд райстам 1982 азы июлы.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 

Йегъовӕ мӕ хӕлар кӕй сси, уый фӕрцы абон дӕр удӕгас дӕн. Зын рӕстӕджыты нын Йегъовӕ тынг ӕххуыс кодта. Зындзинӕдты нӕ ныфс Хуыцауыл дарын сахуыр стӕм ӕмӕ йӕ уыдтам, алкӕддӕр нын кӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ нӕ фарсмӕ кӕй уыд (Псалом 55:22).

Нӕ фырт ӕмӕ нӕ чызгӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кодтон, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйы бауарзтаиккой, ӕз ӕй куыд уарзын, афтӕ. Ӕмӕ мын стыр цины хос у, ныр сӕхӕдӕг дӕр сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл кӕй аразынц, уый.

Фидӕныл ӕмӕ мӕлӕтыл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ нал ӕрвитын. Тониимӕ алы къуыри дӕр иу ӕмбырдӕй иннӕмӕ цӕуӕм ӕмӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм. Уыдонимӕ иумӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй уыдон дӕр Йесойыл баууӕндой ӕмӕ ӕнусон цардӕй хайджын уой.

^ 19 абз. Мыхуыры сӕ уадзынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.