Рацыд 3:1—22

3  Моисей сси фыййау, хызта йӕ каис+ Иофоры+ фыстӕ, Мадиамы сауджыны фыстӕ. Иу бон йӕ фысты атардта ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ныгуылӕнырдӕм, ӕмӕ бахӕццӕ Хоривмӕ+, ӕцӕг Хуыцауы хохмӕ+.  Уым ӕм сындзы къутӕры астӕу арты фӕзынд Йегъовӕйы зӕд+. Моисей кӕсы, ӕмӕ къутӕр судзы, фӕлӕ йын басудзыны амал нӕй.  Ӕмӕ уӕд Моисей йӕхицӕн загъта: «Цӕуон ӕмӕ фенон, уый цавӕр диссаг у, ӕмӕ сындзы къутӕрыл арт нӕ тых кӕны»+.  Йегъовӕ куы федта, ӕмӕ Моисей сындзы къутӕр фенынмӕ ӕрбацӕуы, уӕд ӕм къутӕрӕй радзырдта: «Моисей! Моисей!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн»+.  Уӕд ын Хуыцау загъта: «Хӕстӕг ма ’рбацу. Дӕ дзабыртӕ ралас, уымӕн ӕмӕ, кӕм лӕууыс, уый сыгъдӕг бынат у»+.  Уый фӕстӕ йын Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау»+. Уӕд Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, уымӕн ӕмӕ тарст ӕцӕг Хуыцаумӕ бакӕсын.  Стӕй йын Йегъовӕ загъта: «Ӕз федтон, мӕ адӕм Египеты куыд хъизӕмар кӕнынц, уый, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ дзыназын, уымӕн ӕмӕ сын сӕ цӕстдарджытӕ тыхкуыст кӕнын кӕнынц. Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц+.  Ӕмӕ цӕуын, цӕмӕй сӕ египетӕгты+ къухӕй фервӕзын кӕнон, уыцы зӕххӕй сӕ ракӕнон ӕмӕ сӕ бакӕнон хъӕздыг зӕхмӕ, зӕхх парахат кӕм у, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уырдӕм+ – ханаайнӕгты, хетты, аморейты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты зӕхмӕ+.  О, ӕз фехъуыстон Израилы фыртты дзыназын ӕмӕ федтон, египетӕгтӕ сӕ куыд ӕфхӕрынц, уый+. 10  Ӕмӕ дӕ ныр ӕрвитын фараонмӕ, ӕмӕ мын ды мӕ адӕмы, Израилы фыртты, Египетӕй ракӕндзынӕ»+. 11  Фӕлӕ Моисей ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Ӕз чи дӕн, цӕмӕй фараонмӕ ацӕуон ӕмӕ Израилы фыртты Египетӕй ракӕнон?»+ 12  Хуыцау та йын загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ+. Ӕмӕ дын мӕнӕ нысан дӕр, ӕз дӕ кӕй арвыстон, уымӕн+: адӕмы Египетӕй куы ракӕнай, уӕд ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕндзыстут ацы хохыл»+. 13  Фӕлӕ та Моисей ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Зӕгъӕм, ӕз ӕрцыдтӕн Израилы фырттӕм ӕмӕ сын загътон: „Уӕ фыдӕлты Хуыцау мӕ рарвыста сымахмӕ“. Ӕмӕ мӕ уыдон куы бафӕрсой, йӕ ном куыд у+, зӕгъгӕ, уӕд сын цы зӕгъдзынӕн?» 14  Уӕд Хуыцау Моисейӕн загъта: «ӔЗ СУЫДЗЫНӔН, ЧИ МӔ БАФӔНДА, УЫЙ»+. Ӕмӕ йын стӕй ноджыдӕр загъта: «Афтӕ-иу зӕгъ Израилы фырттӕн: „ӔЗ СУЫДЗЫНӔН мӕ рарвыста сымахмӕ“»+. 15  Ӕмӕ та Хуыцау Моисейӕн ногӕй загъта: «Афтӕ-иу зӕгъ Израилы фырттӕн: „Уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы+ Хуыцау, Исахъы+ Хуыцау ӕмӕ Иаковы+ Хуыцау Йегъовӕ мӕ рарвыста сымахмӕ“. Уый у мӕ ном ӕнустӕм+, уыцы номӕй мӕ зондзысты* фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. 16  Ацу, ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕр лӕгты ӕмӕ сын зӕгъ: „Уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исахъы ӕмӕ Иаковы Хуыцау Йегъовӕ мӕм фӕзынд+ ӕмӕ мын загъта: „Ӕз уӕм ме ’ргом ӕнӕмӕнг раздахдзынӕн+, ӕз ӕркӕсдзынӕн, Египеты уын цы митӕ кӕнынц, уымӕ. 17  Ӕмӕ уын зӕгъын: ӕз уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, египетӕгтӕ уын цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕнынц, уыдонӕй+, ӕмӕ уӕ бакӕндзынӕн ханаайнӕгты, хетты, аморейты+, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты зӕхмӕ+, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ“+. 18  Уыдон дӕм байхъусдзысты+, ӕмӕ Израилы адӕмы хистӕр лӕгтимӕ бацӕудзынӕ Египеты паддзахмӕ. Ӕмӕ йын зӕгъдзыстут афтӕ: „Йегъовӕ, дзуттӕгты Хуыцау+, ныхас кодта немӕ+. Ӕмӕ дӕ курӕг стӕм, ӕртӕ бонмӕ нӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ ауадз, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссӕм“+. 19  Фӕлӕ йӕ ӕз зонын, Египеты паддзах уӕ кӕй нӕ ауадздзӕн, цалынмӕ йыл мӕ къухы уӕз не ’руадзон, уӕдмӕ+. 20  Ӕмӕ ӕз мӕ къух сисдзынӕн+ ӕмӕ Египет ӕрцӕвдзынӕн – сараздзынӕн дзы алы диссӕгтӕ. Ӕмӕ уӕ уӕд ауадздзӕн+. 21  Ӕмӕ ӕз афтӕ сараздзынӕн, ӕмӕ египетӕгтӕ мӕ адӕммӕ хорз цӕстӕй ракӕсдзысты, ӕмӕ куы цӕуат, уӕд афтидкъухӕй нӕ рацӕудзыстут+. 22  Алы сылгоймаг дӕр йӕ сыхагӕй ӕмӕ йӕ хӕдзары цӕрӕг ӕцӕгӕлон сылгоймагӕй ракурдзӕн ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дзауматӕ ӕмӕ уӕлӕдарӕс, ӕмӕ сӕ уӕ фырттыл ӕмӕ уӕ чызджытыл скӕндзыстут. Ӕмӕ афтӕмӕй египетӕгты бастигъдзыстут»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уымӕй лӕудзынӕн сӕ зӕрдыл».