Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тагъд хъизӕмӕрттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн!

Тагъд хъизӕмӕрттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн!

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: цӕрыс, хъизӕмӕрттӕ кӕм нӕй, ахӕм дунейы, ӕмӕ дзы нӕй нӕдӕр фыдракӕндтӕ, нӕдӕр хӕстытӕ, нӕдӕр низтӕ, нӕдӕр ӕрдзон бӕллӕхтӕ. Алы райсом дӕр куы райхъал вӕййыс, уӕд ницӕуыл фӕтыхсыс, уымӕн ӕмӕ дӕм ӕвзӕр цӕстӕй ничи кӕсы, ничи дӕ ӕфхӕры ӕмӕ дын алцыдӕр ис парахатӕй. Мыййаг дӕм уый аргъауы хуызӕн кӕсы? Ӕцӕгдӕр, иунӕг адӕймагӕн дӕр ӕмӕ иунӕг организацийӕн дӕр йӕ бон нӕу адӕмӕн ахӕм цард раттын. Фӕлӕ Хуыцау зӕгъы, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, ӕппӕт уыцы аххосӕгтӕн тагъд кӕрон кӕй скӕндзӕн. Ӕркӕсӕм-ма, Библи зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры.

ХОРЗ ХИЦАУАД

«Уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Данел 2:44).

Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад. Йӕ Паддзах Йесо Чырысти фесафдзӕн зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕндзӕн ӕрмӕст уӕлӕрвты нӕ, фӕлӕ зӕххыл дӕр (Матфейы 6:9, 10). Уыцы хицауад зӕххон хицауӕдты къухмӕ лӕвӕрд никуы ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ уый у «нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы ӕнусон паддзахад». Уӕд зӕххыл ӕнустӕм уыдзӕн фарн (2 Петры 1:11).

МӔНГ ДИНТӔ НАЛ УЫДЗӔН

«Сайтан йӕхӕдӕг дӕр йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма рухсы зӕд у. Гъемӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕхи афтӕ куы ’вдисой, цыма рӕстдзинады куыст кӕнынц, уӕд уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ сӕ кӕрон уыдзӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ» (2 Коринфӕгтӕм 11:14, 15).

Хуыцау раргом кӕндзӕн, мӕнг динтӕ Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕм кӕй хауынц, ӕмӕ сӕ фесафдзӕн. Дины аххосӕй адӕм кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй нал кӕсдзысты ӕмӕ кӕрӕдзи нал мардзысты. Уӕд, «удӕгас, ӕцӕг Хуыцауы» чи уарзы, уыдонӕн уыдзӕн «иу уырнындзинад» ӕмӕ Хуыцауӕн кувдзысты «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ». Адӕмы ’хсӕн уыдзӕн иудзинад ӕмӕ фарн (1 Фессалоникӕгтӕм 1:9; Ефесӕгтӕм 4:5; Иоанны 4:23).

АДӔМ ӔНӔХХӔСТ НАЛ УЫДЗЫСТЫ

«Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4).

Йегъовӕ Хуыцау уый сараздзӕн йӕ Фырт Йесо Чырыстийы уылты – йӕ цард адӕмы тыххӕй чи радта, уый уылты (Иоанны 3:16). Чырысти уӕларвӕй разамынд куы дӕтта, уӕд адӕм суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ нал хъизӕмар кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ» ӕмӕ сын «ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ». Тагъд адӕм се ’нӕххӕстдзинадӕй ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕздзысты, «рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).

ФЫДГӔНӔГ ТЫХТӔ НАЛ УЫДЗӔН

«Уыцы зӕд [Чырысти] ӕрцахста залиаг калмы, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи у, уыцы рагон калмы, ӕмӕ йӕ мин азмӕ сбаста. Дӕлдзӕхмӕ йӕ ныппӕрста, сӕхгӕдта йӕ ӕмӕ йыл мыхуыр сӕвӕрдта, цӕмӕй адӕмты мауал сайа» (Раргомад 20:2, 3).

Чырысти Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты куы сбӕтта ӕмӕ сӕ «дӕлдзӕхмӕ» куы ныппара, уӕд сӕ бон ницыуал уыдзӕн. Адӕмыл сӕ бар нал цӕудзӕн. Куыд ӕхсызгон уыдзӕн цӕрын, фыдгӕнӕг тыхтӕ кӕм нал уыдзӕн, уыцы дунейы!

«ФӔСТАГ БОНТӔ» ТАГЪД ФӔУЫДЗЫСТЫ

«Фӕстаг бонтӕ» фӕуыдзысты, «стыр бӕллӕх» куы фӕуа, уӕд. Чырысти загъта: «Уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыди, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн» (Матфейы 24:21).

Уыцы бӕллӕх стыр уый тыххӕй хуыйны, ӕмӕ цӕудзӕн ӕнахуыр ӕвирхъау бӕллӕхтӕ. Уыдон уӕлдай диссаг фӕуыдзысты, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕсты», арӕхдӕр ӕй фӕхонынц Армагеддон (Раргомад 16:14, 16).

Рӕстдзинад чи уарзы, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр бӕллынц, ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Ӕркӕсӕм-ма, Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, уымӕ.

ХУЫЦАУ САРАЗДЗӔН НОДЖЫ СТЫРДӔР ДИССӔГТӔ!

«Тынг бирӕ адӕм» цӕрдзысты, фарн кӕм уыдзӕн, уыцы ног дунейы. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, нымӕц дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы «тынг бирӕ адӕм» «стыр бӕллӕхы сӕрты ахиздзысты» ӕмӕ, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дунейы цӕрдзысты (Раргомад 7:9, 10, 14; 2 Петры 3:13). Кӕй фервӕздзысты, уый тыххӕй бузныг уыдзысты Йесо Чырыстийӕ, «Хуыцауы Уӕрыккӕй... дунейы тӕригъӕдтӕ [чи] ахӕсдзӕн», уымӕй (Иоанны 1:29).

Хуыцау адӕмы кӕй ахуыр кӕндзӕн, уый сын стыр пайда хӕсдзӕн. Ног дунейы «зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй» (Исай 11:9). Уыцы зонындзинӕдты фӕрцы адӕм кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрдзысты ӕмӕ зӕххӕн ницы зиан хӕсдзысты. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (Исай 48:17).

Мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд йе ’мбал Лазӕры райгас кодта (Иоанны 11:1, 5, 38–44). Уымӕй равдыста, Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд фылдӕр адӕмы кӕй райгас кӕндзӕн (Иоанны 5:28, 29).

Фарн ӕмӕ рӕстдзинад уыдзысты ӕнустӕм. Чырысти хицау куы уа, уӕд ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Уымӕй, ӕмӕ Чырысти уыны адӕймаджы зӕрдӕ, ӕмӕ рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр раст тӕрхон кӕндзӕн. Йӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи нӕ ныууадза, уыдонӕн ног дунейы цӕрыны бар нӕ уыдзӕн (Псалом 37:9, 10; Исай 11:3, 4; 65:20; Матфейы 9:4).

Цы диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй мах ӕркастыстӕм ӕрмӕстдӕр цалдӕрмӕ. Хуыцауы Паддзахад ӕнӕхъӕн зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд фарн уыдзӕн ӕнустӕм (Псалом 37:11, 29). Абон адӕм зӕрдӕрыст цӕй тыххӕй ӕвзарынц ӕмӕ цӕй тыххӕй хъизӕмар кӕнынц, уыдӕттӕй ӕппындӕр ницыуал уыдзӕн. Мах ууыл фидарӕй ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцау загъта: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног! ...Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг» (Раргомад 21:5).