Данел 2:1—49

2  Навуходоносор паддзах дыккаг аз куы уыд, уӕд федта фынтӕ+, ӕмӕ йӕхицӕн* ӕнцой нал ардта+, хуыссӕг ыл нал хӕцыд.  Гъемӕ паддзах фӕдзурын кодта кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕм+, кӕлӕнгӕнджытӕм, хингӕнджытӕм ӕмӕ халдейтӕм, цӕмӕй паддзахӕн йӕ фынтӕ радзырдтаиккой+. Уыдон дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ паддзахы раз ӕрлӕууыдысты.  Паддзах сын загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нал арын, хъуамӕ базонон, цы уыди уыцы фын».  Уӕд халдейтӕ паддзахӕн арамейагау загътой+: «О паддзах, ӕнустӕм цӕр!+ Радзур дӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕ фын, ӕмӕ дын ӕй райхалдзыстӕм»+.  Паддзах халдейтӕн загъта: «Мӕнӕ мӕ ныхас: уыцы фын мын куы нӕ радзурат ӕмӕ мын ӕй куы нӕ райхалат, уӕд уӕ ныкъкъуыхтӕ кӕнын кӕндзынӕн+, ӕмӕ уын уӕ хӕдзӕрттӕй та уазӕгдӕттӕ* саразын кӕндзынӕн+.  Куы мын радзурат уыцы фын ӕмӕ мын ӕй куы райхалат, уӕд та уын ракӕндзынӕн лӕвӕрттӕ, схорзӕхджын уӕ кӕндзынӕн ӕмӕ уын стыр кад скӕндзынӕн+. Уӕдӕ мын радзурут уыцы фын ӕмӕ мын ӕй райхалут».  Уыдон та паддзахӕн ногӕй загътой: «Паддзах йӕ фын йӕ лӕггадгӕнджытӕн радзурӕд, ӕмӕ йӕ уӕд мах райхалдзыстӕм».  Паддзах сын загъта: «Куыд уӕм кӕсын, афтӕмӕй сымах рӕстӕг рамбулынмӕ хъавут, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарут, цы уынаффӕ рахастон, уый нӕ аивдзынӕн.  Уыцы фын мын куы нӕ радзурат, уӕд уе ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы иу тӕрхон+. Сымах баныхас кодтат, цӕмӕй мын ам гӕдыныхӕстӕ кӕнат ӕмӕ, ӕцӕг цы нӕу, уыдӕттӕ дзурат+, кӕд рӕстӕг рацӕуид ӕмӕ исты фӕивид, зӕгъгӕ. Радзурут мын уыцы фын, ӕмӕ йӕ уӕд зондзынӕн, уӕ бон ӕй райхалын дӕр кӕй у». 10  Халдейтӕ паддзахӕн загътой: «Зӕххыл ахӕм адӕймаг нӕй, паддзахӕн уый радзурын йӕ бон кӕмӕн у. Иу номдзыд паддзах ӕмӕ иу бӕстӕйы хицау дӕр никуы домдта, цӕмӕй кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕй, кӕлӕнгӕнджытӕй кӕнӕ халдейтӕй исчи ахӕм хъуыддаг сарӕзтаид. 11  Паддзах зын хъуыддаг домы. Уый хуыцӕутты+ йеддӕмӕ никӕй бон у саразын, ӕмӕ уыдон та адӕмы ’хсӕн нӕ цӕрынц»+. 12  Уӕд паддзах мӕстӕй рафыхт+, ӕмӕ загъта, цӕмӕй, Вавилоны цыдӕриддӕр зондджын лӕгтӕ уыд, уыдоны ныццагътаиккой+. 13  Бардзырд рацыд, ӕмӕ зондджын лӕгты хъуамӕ амардтаиккой. Данел ӕмӕ йе ’мбӕлтты дӕр агуырдтой, цӕмӕй уыдоны дӕр амардтаиккой. 14  Уӕд Данел паддзахы хъахъхъӕнджыты хистӕр Ариохмӕ, Вавилоны зондджын лӕгты марынмӕ чи рацыд, уымӕ, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ ныхасимӕ+ бацыд. 15  Данел паддзахы фӕсдзӕуин Ариохы бафарста: «Паддзах ахӕм карз бардзырд цӕмӕн рахаста?» Ӕмӕ Ариох Данелӕн хабар радзырдта+. 16  Уӕд Данел паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ фын райхалынӕн рӕстӕг радтаид+. 17  Уый фӕстӕ Данел хӕдзармӕ ацыд ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн, Ананийӕ, Мисаил ӕмӕ Азарийӕн, хабар радзырдта 18  ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй уӕларвон+ Хуыцауӕй йӕ хорзӕх куырдтаиккой+, ӕмӕ сын уыцы сусӕгдзинад раргом кодтаид+, ӕмӕ Данелы ӕмӕ йе ’мбӕлтты Вавилоны иннӕ зондджын лӕгтимӕ ма фесӕфтаиккой+. 19  Уӕд уыцы сусӕгдзинад Данелӕн ӕхсӕвы цӕстылуайӕны раргом+. Ӕмӕ Данел уӕларвон Хуыцауӕн раарфӕ кодта+. 20  Данел загъта: «Арфӕгонд уӕд+ Хуыцауы ном ӕнусӕй-ӕнусмӕ, уымӕн ӕмӕ уый у стыр зонд ӕмӕ хъомысы хицау+. 21  Уый ивы рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонтӕ+, паддзӕхты раппары ӕмӕ ӕндӕр паддзӕхты сӕвӕры+, зондджынтӕн дӕтты зонд ӕмӕ ӕмбаргӕтӕн – зонындзинӕдтӕ+. 22  Уый раргом кӕны арф ӕмӕ ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ+ ӕмӕ зоны, талынджы цы ис, уыдӕттӕ+. Уый у рухсы+ суадон. 23  Кадджын дӕ кӕнын ӕмӕ дын арфӕ кӕнын+, о мӕ фыдӕлты Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ды мӕн схайджын кодтай зонд+ ӕмӕ хъомысӕй. Цы дӕ куырдтам, уый мын раргом кодтай – раргом нын кодтай паддзахы хъуыддаг»+. 24  Уӕд Данел бацыд Ариохмӕ+, паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ Вавилоны зондджын лӕгты чи хъуамӕ ныццагътаид, уымӕ+. Данел ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма ныццӕгъд Вавилоны зондджын лӕгты. Паддзахмӕ мӕ акӕн+, ӕмӕ йын ӕз йӕ фын райхалдзынӕн». 25  Ариох Данелы уайтагъд паддзахмӕ акодта ӕмӕ йын загъта: «Иудӕйы зӕххӕй уацары кӕй ракодтам, уыдоны ’хсӕн иу лӕджы ссардтон+, ӕмӕ уымӕн йӕ бон у паддзахӕн йӕ фын райхалын». 26  Уӕд паддзах Данелӕн, Валтасар+ кӕй схуыдтой, уымӕн, загъта: «Ӕцӕгдӕр дӕ бон у, ӕмӕ мын мӕ фын радзурай ӕмӕ йӕ райхалай?»+ 27  Данел паддзахӕн загъта: «Паддзах цы сусӕгдзинадӕй фӕрсы, уый никӕмӕн у йӕ бон раргом кӕнын: нӕдӕр зондджын лӕгтӕн, нӕдӕр кӕлӕнгӕнджытӕн, нӕдӕр кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕн ӕмӕ нӕдӕр стъалыдӕснытӕн+. 28  Фӕлӕ уӕлӕрвты ис сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау+. Ӕмӕ уый паддзах Навуходоносорӕн равдыста, фӕстаг бонты цы уыдзӕн, уый+. Мӕнӕ цы фын ӕмӕ цы цӕстылуайӕнтӕ федтай дӕ хуыссӕныл: 29  О паддзах, ды дӕ хуыссӕныл+ куы хуыссыдтӕ, уӕд хъуыдытӕ кӕнын райдыдтай, дарддӕр цы уыдзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ дын сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау равдыста, цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ+. 30  Мӕнӕн та уыцы сусӕгдзинад уый тыххӕй нӕ раргом, ӕмӕ ӕз се ’ппӕтӕй зондджындӕр дӕн+, фӕлӕ цӕмӕй паддзахӕн йӕ фын райхалон ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ базонай+. 31  О паддзах, ды федтай ӕнахуыр стыр гуымиры. Уыцы стыр гуымиры лӕууыд дӕ разы ӕмӕ диссаджы ӕрттывд кодта. Йӕ хуыз адӕймагыл тас ӕфтыдта. 32  Уыцы гуымирыйӕн йӕ сӕр уыд ӕппӕты хуыздӕр сызгъӕринӕй+, йӕ риу ӕмӕ йӕ къухтӕ уыдысты ӕвзистӕй+, йӕ гуыбын ӕмӕ йӕ синтӕ та – ӕрхуыйӕ+. 33  Йӕ къӕхтӕ уыдысты ӕфсӕйнагӕй+, фадхъултӕй дӕлӕмӕ та – кӕм ӕфсӕйнагӕй, кӕм ӕлыгӕй+. 34  Куыд ӕм кастӕ, афтӕ хохӕй дур фӕхицӕн, адӕймаджы къухтӕ йӕм нӕ бавнӕлдтой+, афтӕмӕй, ӕмӕ сӕмбӕлд уыцы гуымирыйӕн йӕ къӕхтыл – фадхъултӕй дӕлӕмӕ йын ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй цы хай уыд, ууыл,– ӕмӕ сӕ ныппырх кодта+. 35  Ӕмӕ уӕд ӕфсӕйнаг, ӕлыг, ӕрхуы, ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дӕр ныппырх сты – сӕрды найгӕнӕн мусы цы зыгуым вӕййы, уый хуызӕн фестадысты+, ӕмӕ сӕ дымгӕ ахаста, фӕд дӕр сӕ нал баззад+. Гуымирыйыл цы дур сӕмбӕлд, уый та сси стыр хох ӕмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр бацахста+. 36  Ахӕм уыди фын. Ӕмӕ йӕ паддзахӕн халгӕ дӕр ракӕндзыстӕм+. 37  О паддзах, ды дӕ паддзӕхты паддзах, дӕуӕн уӕларвон Хуыцау радта паддзахад+, хъару, тых ӕмӕ кад. 38  Адӕймаджы фырттӕ кӕмфӕнды ма цӕрой – дӕ къухмӕ+ дын радта хъӕддаг сырдты ӕмӕ уӕларвон мӕргъты ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр хицауӕй дӕу сӕвӕрдта. Ды дӕ уыцы сызгъӕрин сӕр+. 39  Дӕ фӕстӕ фӕзындзӕн ӕндӕр паддзахад+, дӕ паддзахадӕй ныллӕгдӕр+, стӕй ма – ӕндӕр паддзахад дӕр, ӕртыккаг, ӕрхуыйӕ, ӕмӕ йӕ къухы уыдзӕн ӕгас зӕхх дӕр+. 40  Цыппӕрӕм паддзахад+ та уыдзӕн ӕфсӕйнагау фидар+. Ӕфсӕйнаг алцыдӕр куыд ныппырх кӕны ӕмӕ ныммур кӕны, афтӕ уый дӕр, ӕфсӕйнагау, уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕндзӕн+. 41  Федтай ма, йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ ӕмӕ йе ’нгуылдзтӕ кӕй уыдысты кӕм ӕфсӕйнагӕй+, кӕм та – дурынгӕнӕн ӕлыгӕй. Уӕдӕ паддзахад уыдзӕн дихтӕ+, фӕлӕ йӕм уӕддӕр хӕццӕ кӕндзӕн ӕфсӕйнаджы фидардзинад, уымӕн ӕмӕ ды федтай, уымӕл ӕлыг ӕфсӕйнагимӕ хӕццӕ кӕй уыд+. 42  Йӕ къӕхты ӕнгуылдзтӕ кӕм ӕфсӕйнагӕй, кӕм та ӕлыгӕй кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уыцы паддзахад уыдзӕн кӕм фидар, кӕм та – лӕмӕгъ. 43  Ӕфсӕйнаг уымӕл ӕлыгимӕ хӕццӕ кӕй федтай, уый та уымӕ амоны, ӕмӕ уыцы хӕйттӕ уыдзысты адӕймаджы байзӕддӕгтимӕ хӕццӕ, фӕлӕ кӕрӕдзийыл нӕ ныххӕцдзысты, ӕфсӕйнаг ӕлыгимӕ куыд не схӕццӕ вӕййы, афтӕ. 44  Уыцы паддзӕхты рӕстӕг+ уӕларвон Хуыцау+ сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн+, ахӕм паддзахад+. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн+. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр+, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм+, 45  уымӕн ӕмӕ ды федтай, хохӕй дур кӕй фӕхицӕн, адӕймаджы къухтӕ йӕм нӕ бавнӕлдтой+, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕфсӕйнаг, ӕрхуы, ӕлыг, ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин кӕй ныппырх кодта+. Стыр Хуыцау+ паддзахӕн раргом кодта, фидӕны цы уыдзӕн, уый+. Уыцы фын у ӕцӕг, ӕмӕ хӕлд дӕр ӕрцыд раст»+. 46  Уӕд паддзах Навуходоносор зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ Данелӕн скад кодта. Стӕй загъта, цӕмӕй йын лӕвӕрттӕ ӕрбахастаиккой ӕмӕ йӕ номыл буд ссыгътаиккой+. 47  Ӕмӕ паддзах Данелӕн загъта: «Ӕцӕгдӕр, уӕ Хуыцау у хуыцӕутты Хуыцау+, паддзӕхты Хицау+ ӕмӕ сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ сымахӕн уӕ бон баци уыцы сусӕгдзинад раргом кӕнын»+. 48  Уый фӕстӕ паддзах Данелы сбӕрзонд кодта+ ӕмӕ йын радта бирӕ стыр лӕвӕрттӕ. Паддзах ын йӕ бар бакодта Вавилоны дӕлбар бӕстӕ ӕгасӕй дӕр+ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта Вавилоны зондджын лӕгты сӕргъы. 49  Данел паддзахмӕ бахатыд, ӕмӕ паддзах Вавилоны дӕлбар бӕстӕйы хъуыддӕгтӕ бакодта Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы+ бар. Данел та уыди паддзахы галуаны+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕнӕ «къахӕвӕрӕнтӕ».